Цалдæр сахаты фæстæ йæ бартæ райсгæйæ йæ тыхы бацæудзæн Ног, 2017 аз. Ацы иумæйаг бæрæгбонмæ алчи дæр йæхи фæцæттæ кæны йæхирдыгонау, цæмæй хорз зæрдæйыуаг æмæ æнкъарæнтимæ сæмбæлой ног азыл.  Бæрæгбон цæмæй хорз ацæуа, æхсæнады ма чи нæ фидауы æмæ  æмбæлы, ахæм цаутæ, уый тыххæй алы хатт дæр сæ разы стыр хæстæ сæвзæры милицийы кусджытæн.  Нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг, милицийы инæлар майор Пухаты Мерабимæ æмæ йемæ ныхас кодта, ногазон бæрæгбон æмæ улæфты бонты сæ разы цахæм хæстæ лæууы, куыд сæ æххæст кæндзысты, уый тыххæй. Дæлдæр мыхуыр кæнæм сæ ныхас.

– Мераб, нæ ныхасы райдианы мæ куыд мæхи, афтæ газет «Хурзæрин»-ы кусджыты номæй дæр фæнды дæуæн æмæ æппæт милицийы кусджытæн дæр Ног, 2017 азы бæрæгбоны цытæн раарфæ кæнын. Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниз, амондджын æмæ хъæрмуд бинонты цард. Куысты бæрзонд æмæ ахадгæ æнтыстытæ.

– Стыр бузныг. Æз дæр стыр æмæ хъæздыг æнкъарæнтимæ Ног, 2017 азы цытæн арфæ кæнын редакцийы æппæт кусджытæн, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм æмæ Ирыстоны, ирон адæмимæ хæларæй чи цæры, уыцы адæмтæн. Уæнт æнæниз æмæ царды сæ разы цы хæстæ æвæрынц, уыдон сын æнтысæд æххæст кæнын, æппæтæй дæр рухс кæнæд сæ зæрдæтæ æмæ сæ Ног азы хорзæх уæд!

– Цахæм бæрæггæнæнтимæ æрвитут зæронд аз æмæ цы зæрдæйы уагимæ æмбæлут Ног, 2017 азыл?

– Ацæугæ азы фæстиуджытыл абон дзурон, уый мæм раст нæ кæсы. Уымæн æмæ сыл цæ-уы куыст æмæ сæ рæхджы раргом кæндзыстæм. Иумæйагæй зæгъдзынæн уый, æмæ нæ куыстуаты æппæт хайадты, стæй хицæн адæймæгтæ дæр сæ хæстæ æххæсткæнынл бакуыстой хорз.

– Хуымæтæг бон дæр милицийы кусджытæн ис бирæ куыст. Бæрæгбон æмæ улæфты бонты уæ куыстытæ фæдывæр, æртывæр вæййы. Развæлгъау цахæм мадзæлттæ ауагътат, куыд кусдзыстут улæфты бонты? 

– Раст банысан кодтай, алы чысыл бæрæгбоны дæр нæ куыст фæвазыгджындæр вæй-йы. Ног аз та бæрæгбонтæй у се ‘ппæтæй хъæлдзæг æмæ дæргъвæтиндæр. Фылдæр бакусын кæй хъæуы, уый махæн у зындгонд æмæ развæлгъау ауагътам цалдæр мадзалы. Алы хайадæн дæр арæзт æрцыд бæрæгбонты æмæ улæфты бонты цы хъуамæ аразой, уыцы нывæстытæ. Зонынц сæ хæстæ æмæ сæ æмбæлонæй æххæст дæр кæндзысты. Цæмæй бæрæгбон æнæфыдбылызтæй ацæуа, уый тыххæй нæ Министрады кусджытæй 536 кусæджы архайдзысты, цæмæй фæтк ма цæуа хæлд. Уымæй дарддæр ма нын дзæвгар ис резервы, куы бахъæуой уæд уыдон дæр цæттæ сты æппæт хæстæ сæххæст кæнынмæ. Районты та нæ кусджытæй æхсæнадон фæткмæ сæ хъус дардзысты 169 æмкусæджы.

– Цæмæй ногазон æмæ улæфты бонты уæ хæстæ æнтысгæйæ сæххæст кæнат, уый тыххæй уын æппæт фадæттæ дæр ис?

– Ацы фарстмæ сæйраджыдæр хауынц техникæ æмæ уымæн æртаг. Уыдонæй цух нæ вæййæм, фæлæ ма ахæм бæрæгбонты агъоммæ æрцæттæ кæнæм уæлæмхас æртаг. Мæнмæ гæсгæ дзы зындзинæдтæ нæ уыдзæн. Цы хауы æндæр дзаумæттæ æмæ мигæнæн-тæм, уыдонæй дæр цух не стæм. Сты цæттæ æмæ куыд хъæуой, афтæ сæ пайда кæн-дзыстæм.

– 2016 азы куысты фæстиуджытæм гæсгæ уæ хайадтæй кæмæн ис раппæлинаг æнтыстытæ, кусджытæй раззагдæрты рæнхъытæм кæй ис бахæссæн?

– Уæлдæр куыд банысан кодтон афтæмæй мæ нæма фæнды æмæ уыдæттыл дзурын. Фæуд кæны 2016 аз, аразæм фæстиуджытæ æмæ цы бæрæггæнæнтæ райсæм уыдонмæ гæсгæ раргом кæндзыстæм æппæт дæр. Иумæйагæй сисгæйæ, ивгъуыд азы фæстиуджытæм гæсгæ мæгуырау нæ бакуыстой фадыгон инспектортæ. Сæ куыстыты алы хатт дæр принципиалондзинад æвдыстой горæты мидхъуыддæгты хайад.

– Фæцис 2016 аз, куыстуатæн ног кадртæ райсыны   хъуыддаджы цахæм æнтыстытæ ис, ивындзинæдтæ уæм ис?

– Ацы хъуыддаджы нын стыр æххуыс бакодта Уæрæсе. Фондз азы размæ ахуырмæ кæй арвыстам, уыдон кæд иууыл нæ, уæддæр фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ райгуырæн бæстæм æмæ кусынмæ æрбацыдысты махмæ. Раст куы зæгъон, уæд уыдонимæ кусын у бирæ æнцондæр. Уымæн æмæ се ‘ппæт дæр цæттæ сты куыд практикæ, афтæ теорийæ дæр. Амо-нын сын уыйбæрц ницыуал фæхъæуы æмæ сын куысты дæр вæййы къаддæр цухдзинæдтæ. Дарддæр дæр хъуыддаг афтæ куы ацæуа, уæд цалдæр азмæ нæ министрады кусджыты профессионалондзинад бæрæг фæбæрзонддæр уыдзæн. Фæ-къаддæр уыдзысты, нæхи æмæ адæмы зæрдæмæ чи нæ фæцæуы, ахæм цаутæ.

– Бæрæгбоны æмæ дæ улæфты бонты адæмы цæмæй фæнды бафæдзæхсын?

– Алы хъуыддаджы дæр уæзбын æмæ уæздандзинадæн ис æмæ уыдзæн стыр нысаниуæг. Æрмæст уымæн нæ æмæ нæхи равдисæм хорзæрдæм, фæлæ ма æппæтмæ дæр ахæм ахасты фæстæ алчи дæр баззайы райгонд æмæ сæрыстырæй. Ногазон бæрæгбоны æмæ стæй улæфтыты бонты дæр нæ домæнтæ уыдзысты фылдæр. Тынгдæр фæдзæхсын, шофыртæй карз нуазинæгтæ ануазын чи уарзы æмæ стæй машинæйы рулы фарсмæ чи бабады, уыдоны. Уымæн æмæ ахæмтæн нæ уыдзæн хатыртæ, дзуапп дæтдзысты æппæт нормæтæ æмæ домæнтæм гæсгæ.

– Бæрæгбон сæйраджыдæр фидауы хъæлдзæгдзинад æмæ рæсугъддзинæдтæй, æмбаргæ ахаст æмæ хиуылхæцындзинадæй, уымæ гæсгæ алкæй дæр фæдзæхсын, цæмæй ацы хорз миниуджытæ цæуой æххæст.

– Цахæм фæндиæгтæ дæ бафæнддзæн зæгъын Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн?

Сæйраджы дæр уæнт æнæ-низ æмæ æнæмаст, сæ зæр-дæтæ рухс кæнæнт кæстæртæ æмæ сæ алыварс адæмты цар-дæй, уæнт амондджын æмæ фæрæзджын. Ног, 2017 азы хорзæх алы æмбæстаджы дæр уæд!

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.