Уасæджы азы чи райгуырдысты, уыдон иннæтæй хицæн кæнынц сæ комкоммæ ныхас æмæ архайдæй æмæ уыцыиу рæстæджы искæуыл фаутæ æвæрæг не сты. Уыдон сты куыстуарзаг, хъуыддагаразæг æмæ фердæхтджын, фæлæ арæх сæхицæн сæ цард æнад кæнынц, сæхимæ æмæ сæ уарзон адæймæгтæм æгæр хъусдард кæй здахынц, уымæй. Сæ бон у исой уынаффæтæ, никæйы афæрсгæйæ, сæхимæ ныхъусой, æххуыс сæ куы хъæуа, уæд дæр. Уасæджы азы гуырдтæ се скондмæ гæсгæ сты лидертæ – рауайы сæ хорз къухдариуæггæнджытæ, ахуыргæнджытæ, амалиуæггæнджытæ. Уыимæ иумæ йæ зæрдæйы мидæг æдзух хынцы йæ алыварс уæвджыты хъуыды. Стыр хъусдард здахынц сæ æддаг бакастмæ æмæ бирæ æхцатæ хардз кæнынц дарæсыл, дзабыртыл, ак-сессуартыл, специалистты лæггæдтыл. Уарзынц абазар кæнын æлхæнгæйæ, фæлæ асламы цур равзардзысты гъæд-джын æлхæнинаг.

Кæд Уасæджы фæлгонц цæстытыл ауайын кæны ирд, хъулон цыдæртæ, уæддæр йæ азы гуырд адæймæгтæн сæ фылдæр, дарæс æвзаргæйæ, сты консерватортæ. Раст кæй сты, уыцы уырнындзинад сын у, иннæтæй сæ чи хицæн кæны, ахæм миниуæг. Уыдон арæхсынц алы ситуацийы дæр равзарын æмæ йын анализ саразын, эмоциты уацары нæ бахаугæйæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ сын нæй гæнæн æмæ дæ хъуыды хуыздæр кæй у, уый бамбарын кæнай. Уыцы аххосагмæ гæсгæ ахæм адæймæгтæн æнцондæр у, хæдбар уæвгæйæ, сæ къухты æнтыстытæ бафтын кæнын. Æрмæст сæ хъæуы рæстæг æмæ бæрæг уавæртæ, цæмæй æдыхстæй ахъуыды кæной æмæ бамбарой, æрывæргæ нысан къухты куыд бафтдзæн, уый. Иннæрдыгæй та уыдонæн сæ бон нæу сразы уой, сæ хъуыдыйы ныхмæ чи у, ахæм хъуыдыйыл, тынг зынтæй райсынц критикæ, сæхи банкъарынц æнамондæй дæлбар уавæры.

Цы бакусынц, уымæ кæсынц раст цæстæй, фæлæ уый вæййы, финансон æгъдауæй сæхи ифтонг куы фæхатынц, уæдмæ. Стæй æхцамæ хæдзардзин цæстæй нал фæкæсынц æмæ сæхи тасы баппарынц, цы бакуыстой, уый уайтагъд куы фесафой, уымæй. Уасæджы азы гуырдтæ уарзтмæ æмхиц сты. Се ‘взонгады азты гæнæн ис æппæлой сæ бирæ уарзæттæй. Уыдон уарзынц, цæмæй сæм хъусдард здахой, лæггад кæной æмæ сын сæхицæн дæр исчи лæггад кæна, искæйы дисы баппарой, аразой романтикон уавæртæ. Уыимæ Уасджыты рогзонд адæймæгтæ нæй рахонæн – уыдонæн ис арф æнкъарæнтæ æмæ цардæмбалæн кæй равзарынц, уымæй дæр домынц ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй йын йæ алы архайды дæр растыл нымайа. Афтæ куынæ рауайы, уæд сын зын вæййы, кæй фæфыдæнхъæл сты, уый сфæразын. Уасæгимæ дæргъ-вæтин ахастыты вазыгджындзинад уый мидæг ис æмæ йын æдзух йæ цымыдисдзинæдты хъæуы разæнгард кæнын, кæннод гæнæн ис æмæ сайдæй рацæуа. Кæд Уасæджы æмбал æрхъуыдыджын разына, уæд бинонты цард уыдзæн амондджын.

Уасæг куы æмбара «йæхи» адæймагыл фембæлд, уæд æй уæгъд нал суадздзæн. Иууыл хуыздæр æй æмбардзысты, Галы кæнæ Калмы азты чи райгуырдысты, уыдон. Стайы, Мысты, Тæрхъусы æмæ Бæхы азты гуырд адæймæгтимæ йын зын уыдзæн иумæйаг æвзаг ссарын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.