Уый уыд, æнусты дæргъы гуырдзиаг адæм сæ фæсрон сагъдæй цы згæхæрд кард дардтой, уый ироны зæрдæйы кæронмæ ныссадзыны фæстаг бафæлвæрд. Ироны, ома, Ирыстоны зæрдæйы. Кæронмæ, ома, ныссадзын æй куыд никуыуал бахъæуа, ахæм сагъд… Уый уыд геноциды иууыл карздæр, иууыл мæнгарддæр æмæ иууыл æгъатырдæр бафæлвæрд – æнусты дæргъы зонгуытыл æрлæууыныл чи нæ разы кæны, уыцы ирон адæмы фынæйæ ныццæгъдын… Афтæ сæ ныццæгъдын – сæ фыдæлты тугæй æлхæд зæххыл хъырттызмæлæг куыд нал баззайа, сыгъдæг быдыр куыд феста…

МАКУЫУАЛ БАВЗАРÆМ ÆМÆ ФЕРОХ КÆНÆМ АХÆМ ДУДГÆБОН

Ацы хатт цæмæн, цы уæлдай, цæмæн сæ бацыд Ирыстонæй сыгъдæг быдыр саразыны ныфс? Уымæн æмæ Хуыцауы бын, Хуыцауы фæндæй сæхицæн равзæрстой, ирон адæмы æнамонд æмæ амондæн чи райгуырд, ахæм сæлхæр сæрбос. Не ‘намондæн уымæн, æмæ йе ‘нæсæрфат политикæйы азарæй æгæр бирæ ирон туг ныккалд. Нæ амондæн уымæн, æмæ уый фæрцы нымад æрцыд нæ паддзахадон хæдбардзинад, кæрон æрцыд ирон адæмы тугкалдæн. Æнæсæр истæмæй æнæсæр вæййы. Уыцы бынатмæ йæ чи рарвыста, уыдоны ныфсæвæрæнтæ йын йæ сæр разилын кодтой, бауырныдта йæ, уыдоны тасæй йæм ирон адæмы стратегион хæлар стыр Уæрæсе зулмæ кæсын дæр кæй нæ бауæнддзæн æмæ йæм куы бауæнда, уæд та йын иу уысммæ йæ пакъуы ацæгъддзысты. Æмæ йæ комы дæттæ æруадысты агургæ-æнæаргæ уæлахизмæ. Быцæутæ бавæрæн дæр ын кæмæ нал уыд, уыцы карьерæйыл схæцыны ныфсæй йæ сæр разылд æмæ… Æмæ мицъауарзаг гуырдзы дæр куыд нæ ныххæррæтт кодтаиккой йæ фæдыл!..

Фæлæ, дам, сурæг дæр Хуыцаумæ куывта æмæ лидзæг дæр…

Æмæ та сæ фæнд сæ хъуыры  фæбадт. Ирон адæмы уæддæр æмæ уæддæр нæ бафæндыд сæ зонгуытыл æрлæууын, стæй стыр Уæрæсе дæр равдыста, знонау къухылтухгæ æмæ коммæгæс кæй нал у. Саакашвили стыр ныфс кæмæй æвæрдта, уыдон та? Уыдон та йæхицæй зондджындæр разындысты. Æмæ уæд бавнæлдта йæ галстук æууилынмæ…

Фæлæ ныртæккæ уыдæттыл нæма стæм. Уый афтæ – ацы хабæрттæ историмæ кæй бацæудзысты, уый охыл нæм æрхауы сæ кой. Хуыцауы фæндæй алцы дæр бацæудзæнис историмæ, ныр æртындæсæм хатт цы фыдохы бонтæ нысан кæнæм, уыдон æм куыд бацæуой, афтæ.

Августы хæсты хæдфæстæ нæ номдзыд æмзæххон Гергиты Валери йæ номдзыд оркестримæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сыгъд агъуысты раз сыгъдæтты уæлæ концерт-реквием кæй равдыста, уый нын æрмæст нæ зæрдæтæ нæ нынкъуысын кодта, фæлæ нæ бауагъта æнæуынгæ сусæг ныфс. Уый æнæхъуаджы нæ уыдаид. Уымæн хъуамæ йæ фæстиуæг уыдаид Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын. Æмæ фыдæнхъæл нæ фестæм!

Æмæ уæдæй фæстæмæ августы æвдæм бонæй æстæм боны ‘хсæн æхсæв уыцы агъуысты раз æрæмбырд вæййынц Хуссар Ирыстоны цагъдуæлдай адæм, цæмæй æрымысой Ирыстоны судзгæ мæрдты, уæлахиз нын чи æрхаста, уыдоны рухс нæмтты. Афтæ уыд ацы хатт дæр. Сыгъдæтты бынæй чи сæндидзыдта, уыцы уæрæх асинтыл равæрдтой геноциды амæттæгты къамтæ. Уыцы тугуарæн æхсæвтæ æмæ бонтæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон æрхæндæгæй цыдысты фыдохы мадзалмæ. Алкæй цæстæнгасыл дæр зынд, нырма дæр рæстæджы арфы æмбæхсын чи нæ комы, уыцы тасдзинад. Ардæм æрбацæуæг адæм кæм кæрæдзийæн æргомæй, кæм –  æгомыгæй, миднымæры дзырдтой: мауал, макуыуал бавзарæм ахæм дудгæбон…Адæм ардæм цыдысты уыцы бонты тасæфтауæг рыст æрымысынмæ нæ, фæлæ сæ мæлæтæй чи фервæзын кодта, сæрибардзинад сын чи æрхаста, уыцы мысинаг нæмттæн скад кæнынмæ. Фыдохы митингы раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли:

«Зынаргъ ирон адæм! Ныр æртындæс азы фæд-фæдыл нысан кæнæм, нæ адæмы нырыккон историйы чи æрцыд, уыцы æвирхъау трагеди. Æмæ алы аз дæр ацы бынатмæ æрæмбырд вæййæм уый тыххæй, цæмæй æрымысæм,  нæ сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыдоны, æрымысæм, знаджы судзгæ нæмгуытæ кæй цард аскъуыдтой, уыдоны рухс нæмттæ. Æмæ æрмæст æстæм августы амæттæгты нæ, фæлæ æрымысæм Зары трагедийы, Ереды, Цъинагары трагедийы амæттæгты. Æрымысæм, фæндæгтыл фыдмардæй кæй мардтой, уыдоны рухс нæмтты. Æрымысæм уæрæсейаг фидауынгæнджыты, кæцытæ систы Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгады æнæсæрфат провокацийы фыццаг амæттæгтæ. Æрхъуыды кæнæм, ныккæндты чи æмбæхст, уыцы сывæллæтты. Æрхъуыды кæнæм нæ сылгоймæгты, нæ мадæлты судзгæ цæссыгтæ. Хъуыды сæ кæнæм! Уымæн æмæ уый у, зæрдæйæ стонæн кæмæн нæй, ирон адæмы уыцы трагеди», – загъта Бибылты Анатоли

Президент æрсидт фыдохы митингмæ æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй, иу уысм æдзæмæй алæугæйæ, ссарой уыцы æвирхъау хæсты амæттæгты рухс нæмттæ. Уый фæстæ адарддæр кодта йæ ныхас:

«Гуырдзыстоны къухдариуæгад ныфс кæй бавæрдта, ома, Хуссар Ирыстоны конфликт тыхы фæрцы не ‘рцæудзæн скъуыддзаг, афтæмæй фынæй Цхинвалыл æппæт хæстон хъомысадæй кæй рафсæрста, уый у адæймаджы иууыл мæнгарддæр барæн. Зæрдæ ныккæрзы, Гуырдзыстон фашизмы амæттаг цал уды хъуамæ бакодтаид, ууыл хъуыды дæр акæнынæй. Мах бирæ æвирхъау  фæндæгтыл рацыдыстæм, бирæ трагедитæ бавзæрстам.

Æмæ абон нæ разы цы сæйраг хæс ис, уый у нæ фидæны хæрзиуæгæн кусын, æнгом уæвын æмæ размæ цæуын. Махæн нæ хæс у, цæмæй афтæ бакæнæм уыцы адæмы тыххæй, кæцытæ сæ сæртæ æрхастой Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинады сæрвæлтау»,-  банысан кодта йæ раныхасы республикæйы сæргълæууæг.

Нæ уæззау трагедийы амæттæгты æрымысыны тыххæй фыдохы мадзæлтты хайад райстой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания дæр.

Æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг йæ раныхасы стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстоны хъæбатыр хъахъхъæнджытæн, фидауынгæнджытæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы хъомысджын æфсадæн:

МАКУЫУАЛ БАВЗАРÆМ ÆМÆ ФЕРОХ КÆНÆМ АХÆМ ДУДГÆБОН

«Абон Хуссар Ирыстон сæрибар æмæ нымад паддзахад у. Августы хæст историйы æрмæст трагикон нæу, фæлæ ма историон хъайтардзинад дæр, уымæн æмæ æвдисæн у, 2008 азы республикæмæ гуырдзиаг арессоры ныббырсты рæстæджы сæ бинонты, сæ хæдзæрттæ бахъахъхъæныны тыххæй чи растад, уыдоны хъайтардзинадæн».

Йæ раныхасы кæрон Сергей Меняйло сыгъдæг æмæ рæсугъд ирон æвзагыл загъта:

«Удæгæстæн кад æмæ цыт, чи нал ис, уыдон та рухсаг уæд!»

Фыдохы митингы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйæн дæр. Абхазаг адæмы лидер, сæйраджыдæр, банысан кодта, августы хæсты рæстæджы Стыр Уæрæсе ноджыдæр кæй фенын кодта, йæ хæлæртты хъысмæты æвджид кæй нæ ныууадздзæн, уый. Бжания загъта, зæгъгæ, абон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз сты рæзты фæндагыл лæуд, цæрынц сæрибар арвы бын.

«Фæлæ иугæр абоны онг дæр Гуырдзыстон йæ къух не рфыста тыхæй кæй не спайда кæндзæн, ахæм бадзырдыл, уæд нæхи æнцад-æнцойæ ма хъуамæ дарæм».

Абхазы Президент уæлдай арфæйы ныхастæ загъта Уæрæсейы Федераци æмæ йæ къухдариуæгады адресыл:

«Мах цæрæнбонты бузныг уыдзыстæм стыр Уæрæсейæ, ахæм тыхджын æндæвдады бын кæй уыд, уымæ æнæкæсгæйæ дæр кæй райста уæндон уынаффæ, нæ адæмты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ  тырнындзинады сæрыл кæй рахæцыд, уый тыххæй. Мах абон нæ сæртæй ныллæг кувæм, йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы хъайтартæн», – банысан кодта йæ раныхасы Аслан Бжания.

Августы тугуарæн хæсты амæттæгты номарæн мадзалы ма уыд æндæр  раныхæстæ дæр, фыдохы музыкæйы зæлтимæ кастысты зæрдæагайгæ æмдзæвгæтæ дæр, фæлæ æртындæс азы размæ ирон адæмыл цы дудгæбон æрцыд, уый иууыл ирддæрæй зынд адæмы æрхæндæгдзинады.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.