Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, 2008 азы августы тæссаг хæст йæ уæззау фæд кæуыл нæ ныууагъта. Абон дæр нæ республикæйы цæрджытæй фондзбонон хæсты рæстæджы ам чи уыд, уыдон цæссыгимæ æрæмысынц уыцы трагикон бонты цаутæ. Фондзбонон хæст фæивта бирæ адæймæгты хъысмæт. Хæст йæ иувæрсты нæ ахызт нæ горæты Мамсырайы фырты уынджы 9-æм корпусы цæрæг Кокойты Мальвинæйæн дæр. Хатт ацы сылгоймагмæ йæ царды уыцы рæстæг  фæкæсы тæссаг фыны хуызæн…

Гаглойты Фронтик æмæ Кокойты Мальвинæйы фырт Хох уыцы уæззау рæстæджы куыста Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады уголовон фæдагуырды хистæр лейтенантæй  æмæ æппынæдзух лæууыд постыты, хæдзармæ-иу æрбауад стæм хатт.

«6-æм августæй 7-æм августмæ мæ лæппу лæууыд посты ТЭК-ы. Æнхъæлмæ йæм кастæн æмæ æнæхъæн æхсæв нæ бафынæй дæн. Фыртыхстæй мæхицæн бынат нæ ардтон. Хох хæдзармæ æрбацыд 7-æм августы райсомæй тынг раджы, цæмæй иу чысыл аулæфыдаид. Уайтагъд ын райдыдтон  аходæн аразын, уымæн æмæ хъуамæ фæстæмæ аздæхтаид. Фæлæ уалынмæ нæ хъустыл ауад тæссаг гуыбар-гыбур æмæ егъаукалиброн хæцæнгæрзты æхстытæ. Гуыппытæ æмæ æхстытæ æввахсæй-æввахсдæр хъуысын райдыдтой. Цалдæр минуты фæстæ нæ корпусы цур æрхаудысты  æртæ снаряды. Иу дзы сæмбæлд нæ сыхæгты фатерыл. Иннæ снаряд та фехæлд корпусы кæрты 1-æм уæладзыджы нæ фатеры рудзгуыты цур æмæ йе схъистæ æрбатахтысты мидæмæ. Рудзгуыты æвгтæ иууылдæр æрызгъæлдысты. Æз уыцы рæстæджы уыдтæн лоджийы æмæ мын, цыма чидæр мæ сæр дзæккорæй фæцæф кодта, уыйау фæдæн. Уайтагъд æй нæ бамбæрстон цы æрцыд, уый. Тыхджын срæмыгъд æмæ æвгты дзыгъал-мыгъулмæ куыддæр фæдæн. Тынг фæтарстæн мæ лæппуйы æртæкъуыридзыд сабийæн, кæцы уыцы рæстæджы уыд мидæггаг хатæны мæ чындз Заринæимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырдæм сæм фæцæуæг дæн æмæ сæ дзæбæхæй куы ауыдтон, уæд иу чысыл æрсабыр дæн. Фæлæ фæстæмæ куы фæкастæн æмæ астæрдыл туджы фæдтæ куы ауыдтон, уæд æй бамбæрстон, мæ рахис уæхск кæй фæцæф, уый. Мæ зæрдæ хъарм кæнын райдыдта, мæ къух  æндзыг кодта. Уайтагъд фæдзырдтам тагъд æххуысы станцмæ æмæ кæд горæт тыхджын æхстыты бын уыд, уæддæр цалдæр минутмæ æрбацыдысты. Уæдмæ куыд иннæ сыхæгтæ, афтæ мах дæр ныххызтыстæм ныккæндмæ. Уым мын тагъд æххуысы кусджытæ бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ мæ уый фæстæ аластой республикон рынчындонмæ. Кæд уыцы бон нырма уæрæхмасштабон хæст нæ райдыдта, уæддæр 7-æм августы рынчындонмæ бирæ цæфтæ баластой. Æз уыдтæн 17-æм адæймаг æмæ мæ фæстæ дæр æрбаластой ноджы цалдæры. Æнхъæл дæн æмæ цæфты нымæц уыцы бон ахызт 25 адæймагæй. Рынчындоны дæр мын са-рæзтой рыстуромæн судзин æмæ афтæмæй уырыссаг дохтыр (йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын) архайдта нæмыджы схъистæ  мæ уæхскæй сисыныл, фæлæ мын туджы æппæрццаг резус фактор кæй ис, уымæ гæсгæ фесæфтон бирæ туг. Иннæмæй та тас уыд цонджы нуар бахъыгдарынæй æмæ уæд   дохтыр хуыздæрыл банымадта нæмыджы схъистæй иуы мæ буары ныууадзын. Цынæ мын кодтой, фæлæ  хъæдгомы туг йæ цæуынæй куынæ лæууыд, уæд мын дох-тыртæ загътой, цæмæй ацæуон Дзæуджыхъæумæ. Бæргæ мæ нæ фæндыд цæуын, фæ-лæ мæ уавæр кодта æвзæрæй-æвзæрдæр. Уымæ гæсгæ мæ изæрырдæм мæ фырт аласта Цæгат Ирыстонмæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы, немæ рацыд мæ чындз Заринæ  йæ æртæкъуыридзыд сабиимæ», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы уæззау боны цаутæ Мальвинæйæн.

 Кокойты чызг Дзæуджыхъæуы рынчындоны баззад иу къуырийы бæрц, фæлæ  ацы медицинон уагдоны дæр сæ ныфс нæ бахастой сылгоймаджы  уæхскæй нæмыджы схъис сисынмæ æмæ абоны онг дæр ис йæ буары. Цæрæнбонтæм йæ рахис уæхск баззад нысанæй. «Бæргæ ацыдтæн Дзæу-джыхъæумæ, фæлæ 8-æм августы райсомæй раджы гуырдзиаг тыхæйисджытæ горæтмæ кæй æрбацыдысты, уыцы хабар фехъусгæйæ, адæймаг зæрдæхъæрмттæ кодта. Мобилон бастдзинад дæр кæй нал уыд Хуссар Ирыстонимæ, уымæ гæсгæ мæ бон нæ уыд мæ цардæмбал æмæ  мæ хиуæттæм фæдзурын. Ницы хабар сæ зыдтон æмæ ахæм рæстæджыты та адæймаджы сæрмæ æрмæстдæр æвзæр хъуыдытæ фæцæуы…

Рынчындоны хуысгæйæ, базыдтон уæрæсейаг æфсæдтæ Цхинвалмæ кæй æрбацыдысты, уыцы æхсызгон хабар æмæ мæ зæрдæ иу чысыл æрсабыр. Æмæ куыддæр рынчындонæй рацыдтæн, афтæ 17-æм августы æрыздæхтæн фæстæмæ мæ уарзон Цхинвалмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæ тынг фæрыст фæмардуæвджытыл, се ‘хсæн мын бирæ зонгæтæ уыд, иннæ ахæм та гуырдзиаг æнæадæймæгтæ горæт кæй ныппырх кодтой, ууыл. Горæты мæгуыр уындæй зæрдæ уынгæг кодта, фæлæ ныр Стыр Уæрæсейы фæрцы нæ уарзон Цхинвал бонæй-бон рæсугъддæр кæны», – радзырдта Кокойты чызг.

Дзæуджыхъæуæй æрыздæхгæйæ, сыл-гоймаг йæхицæн хос кодта Цхинвалы соматикон рынчындоны. Нæмыджы схъис æгæр арф кæй ацыд йæ уæхскы, уымæ гæсгæ йæ хъæдгом æрæгмæ байгас.  Мальвинæ арæх фæдзуры, зæгъгæ, иуæй хорз уыд кæй фæцæф дæн, уый, науæд, зæгъ, нæ бинонтæй ничи фæнд кодта Цæгат Ирыстонмæ ацæуын æмæ, дам, уæд фондз боны дæргъы æртæкъуыридзыд сабийæн цы хъуамæ кодтаиккам ныккæнды бадгæйæ. Уый фæстæ фæндæгтыл ацæуæнтæ дæр нал уыд.  Ничи, дам, уыд уый æнхъæл æмæ нæ гуырдзиаг тугдзыхтæ афтæ рауæлдай кæндзысты æмæ нæ алыгъуызон хæцæн-гæрзтæй æхсдзысты, кассетон бомбæтæ ныл калдзысты.

Сылгоймаг стыр бузныг у Уæрæсейæ. Ацы стыр паддзахады фæрцы, зæгъ, абон цæрæм сабыр арвы бын, стæм куыстхъом æмæ цæрдхъом. Кокойты чызг ныртæккæ кусы Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-йы. Уый размæ, ома, цалынмæ зæронд хуыйæн фабрикæ уæвынад кодта, уæдмæ дæр 10 азмæ æввахс бакуыста ацы куыстуаты. Хæсты фæстæ Мальвинæйы хъустыл куы æрцыд, зæгъгæ, хуыйæн фабрикæ фæстæ-мæ хъуамæ скуса, уæд йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. «Хуыйæн фабрикæйы цурты-иу куы фæцæйцыдтæн, уæд-иу мын тынг зын уыд, кæддæры стыр куыстуаты къултæ æрдæг-пырхытæй уынын. Мæ зæрдыл-иу æрлæууыдысты раздæры сабыр рæстæджытæ. Æмæ  куы  базыдтон, хуыйæн фабрикæ 25 азы фæстæ æндидзыд кæй æрцыд, уыцы хорз хабар, уæд уайтагъддæр ныффыстон куырдиат куыстмæ мæ райсыны тыххæй. Мæ уарзон куыстуаты фæстæмæ кусын кæй райдыдтон, уый мын æрхаста стыр цины æнкъарæнтæ, кæцытæн дзыхы ныхæстæй равдисæн нæй. Ам кусынц мæ раздæры æмкусджыты 40 проценты. Фаб-рикæ фæивта хуыздæрырдæм алыварсо-нæй. Цехтæ ифтонг æрцыдысты нырыккон ног хуыйæн машинæтæй, кæцытæн абарæн дæр нæй раздæры зæронд, æрдæгхæлд тех-никæимæ. Иудзырдæй, райгонд стæм нæ куыстæй. Ныртæккæ кусын кæрдæн цехы мастерæй», – загъта Кокойты чызг.

2013 азы ноябры мæйы Мальвинæ хуыйæн фабрикæйы фондз кусæгимæ стажировкæйы уыд Санкт-Петербургы сæ профессионалон дæсныдзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Уыдон фæстæмæ æрыздæхтысты райгондæй, сæ дард балц сын фæахъаз сæ куысты гъæд бæрæг фæхуыздæр кæнынæн æмæ ныр цалдæр азы дæргъы афтæмæй фæллой кæнынц адæмы хæрзиуæгæн. Сæ продукци æрвыст цæуы Уæрæсейы алы къуымтæм.

Мæ уацы кæрон мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ кæд 12 азы рацыд Мальвинæ куы фæцæф уыцы тæссаг бонæй, уæддæр абоны онг дæр хъизæмар кæны  йæ  уæхскы знæгты нæмыджы схъис кæй баззад, уымæй. Хуыцау зæгъæд æмæ Ирыстоны адæм хæст макуыуал фенæт.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.