Нæ хъуыдытæ кæрæдзийæн цæй фæрцы бамбарын кæнæм, уый у æвзаг. Дунейы бирæ æвзæгтæ ис æмæ уыдоны ‘хсæн цæры æмæ йæ адæмæн лæггад кæны нæ мадæлон ирон æвзаг дæр. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй ирон æвзаг хауы рагон æвзæгтæм æмæ уымæ гæсгæ бæлвырд у, кæй у хъæздыг йæ æвæрæнтæй. Раджы йæм аздæхтой се ‘ргом, æгæрыстæмæй, фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр.

Уæдæ ахæм æвзаг цы адæмæн ис, уыдон тæхудиаг сты æмæ дзы хъуамæ буц æмæ сæрыстыр уой. Нæ интеллигенцийы бирæ минæвæрттæ аккаг хъусдард здахынц ирон æвзаг иртасынмæ æмæ уымæй сæ хайбавæрд хæссынц йæ рæзын кæнынмæ. Æвзагæй пайдагæнджытæ райгонд уыдзысты, куы йын уыной йæ дидинæфтыд, рæстæджы цыдимæ куы хъæздыгдæр кæна, чи йыл дзуры, уыдоны нымæц куы фылдæр кæна, кæмдæр дзы уыдон дæр сæхи рады сæ хайбавæрд куы хæссой йæ рæзын кæнынмæ.

Мадæлон æвзаг уарзын æмæ рæзын кæныныл, йæ сыгъдæгдзинад ын хъахъхъæныныл ныййарджыты фæстæ уæхскуæзæй чи фыдæбон кæны, уый у мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг. Уæвджыйæ дæр, цас тых æмæ хъару хардз кæны ахуыргæнæг йæ ахуырдзаутæн мадæлон æвзаджы ад банкъарын кæныныл. Иугæр сæ бафтыдта раст фæндагыл, цы зонындзинæдтæй сæ фæхайджын кодта, уыдон сæ зæрдæмæ арф айстой, пайда сæ кæнынц куыд ахуыры рæстæджы, афтæ æрвылбонон царды дæр, уæд мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг йæхи фæнымайы уæлдай амондджындæрыл. Æмæ та райхъуыстысты нæ чысыл хурты цъæхснаг хъæлæстæ, сæ аив æмæ зæрдæмæдзæугæ ныхасæй зæрдæ хуры фарсмæ абады, ныфс нæ бацæуы, нæ мадæлон æвзагæн рæсугъд сомбон кæй ис.

Кæнæ цас æхцондзинад райсæм, ирон æвзагыл зарæджы рæсугъд зæлтæ куы азæлынц, адæймаг сæм хъусынæй нал фефсæды. Ацы ран та сæ удуæлдай фыдæбон бакæнынц æмæ æмдзæвгæйы рæсугъд дзырдтæ ранывæндыныл цæстуарзонæй бакусынц поэттæ. Æмдзæвгæ алцæмæй дæр æххæст у, адæймаг æй куы фæкæсы, хъусæг æм куы фæхъусы, уæд æй нал фæфæнды уымæй фæхицæн уæвын. Цæмæй уый адæмы зæрдæмæ арфдæр бахъара, Ирыстоны хæххон æмæ дæлвæз бынæтты йын йæ аив æмæ зæлланггæнæг зæлтæ ноджы тынгдæр æнкъара хъусæг, ууыл та дысвæлдæхтæй бакусы композитор. Афтæмæй ирон ныхас, ирон фæндыры цагъдмæ райгуыры зарæг æмæ йæ æххæстгæнæджы фæрцы батавы йæ хъусджыты зæрдæтæ.

Ирон дзырд, ирон ныхас куыд тынг хъары адæймагмæ,  куыд æхцон у йæ айзæлд зæрдæйæн! Кæддæр нæ театры зынгæдæр артисттæй сæ иу – Таугазты Гаврил, ирон аив ныхасы тыххæй афтæ радзырдта: «Иурæстæджы ирон театры артисттæ фæсрепетици цалдæрæй лæууыдысты фæзуаты æмæ зæрдиаг ныхас кодтой. Дæрддзæф лæууыд иу фæсарæйнаг адæймаг, сæ ныхас йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ сæм ноджы æввахсдæр байста йæхи». Уый нын ирон дзырд, ирон аив ныхас.

Уарзæм не ‘взаг, аргъ ын кæнæм æмæ нын уый та лæггад кæндзæн кæддæриддæр. Поэты загъдау: «Цингæнгæ дын æз уырдыг лæууын».

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.