РХИ-йы Президент æрцыд Луганскмæ, цыран хайад райста Луганскы Адæмон Республикæйы сырæзтыл 7 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, РХИ-йы Парламенты депутаттæ Габадты Алан æмæ Тъехты Алан.

Делегациты сæргълæуджытыл сæмбæлд Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечник.

Бæрæгбонмæ ма делегацитæ æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийæ, Республикæ Абхазæй, Донецкы Адæмон Республикæйæ.

Луганскы колоннæты залы уыдис цытджын æмбырд. Йæ хайадисджытæн бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кодта Леонид Пасечник.

«Абон мах нысан кæнæм нæ иууыл сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбон – Луганскы Адæмон Республикæйы Бон. Цас нæ рæстæг дарддæр кæны Хæд­бардзинад расидыны бонæй, уыйас махмæ ирддæрæй æмæ æхсарджындæрæй зыны Луганщинæйы цæрджыты сгуыхтдзинад, кæцытæ нæ фæтарстысты 7 азы размæ референдуммæ æрцæуынæй æмæ сæрыстырæй фехъусын кодтой, кæй сæ фæнды цæрын сæрибар демократон паддзахады, цыран иууыл сæйрагдæр сты алы æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ», – загъта Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 7 азы дæргъы республикæ рацыдис вазыгджын фæндагыл.

«Æппæт уыцы азты мах цæрæм украинаг артиллерийы кононадæйы бын, фæлæ мах уæддæр æууæндæм сабырадыл æмæ стæм конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæныны фарсхæцджытæ. Киев, абон уа æви сом, уæддæр хъуамæ бамбара, æмбæстагон хæстæн æруромæн кæй ис æр­мæстдæр махимæ, республикæйы цæрджытимæ сабыр диалоджы руаджы», – банысан кодта Леонид Пасечник æмæ бузныг  загъта, 7 азы размæ  Луганскы Адæмон Республикæйы æвварс чи рахæцыдысты æмæ ныр дæр йе ‘вварс чи хæцыд, уыдонæн.

Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы Барамындæй Бибылты Анатоли хорзæхджын æрцыд «Хæсыл æнувыддзинады тыххæй» майданæй экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæ рæзын кæныны активон архайды, æхсæнадон æмæ хæрзаудæн архайды, Луганскы Адæмон Республи-кæимæ сабырад, хæлардзинад, кæрæдзийæн æххуыс æмæ æмгуыстад фидардæр кæнынмæ йæ уæзгæ бавæрды тыххæй.

РХИ-йы Президент йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, «7 азы у чысыл æмæ уыцыиу рæстæджы егъау æмгъуыд дæр, уымæн æмæ æмгъуыд барст цæуы æрмæст бонтæ, сахаттæ æмæ азтæй нæ. Дзырд Донбассыл куы цæуа, уæд уый барст цæуы адæймæгты цардæй».

«Мæн хатт бафæрсынц, цы бæтты Хуссар Ирыстоны, Донецк, Луганск, Уæрæсейы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты ирæттæ мардысты хæсты æппæт фронтты, мардысты Луганскы, Донецкы, Хъырымы. Хуссар Ирыстоны та – уæрæсейаг салдæттæ, мах хъахъ­хъæнгæйæ, мардысты 2008 азы. Зæгъут ма, табуафси, цы ис тугæй бастдзинадæй уæлдæр æмæ фидардæр? Махæн ис иугъуызон идеалтæ, иугъуызон принциптæ æмæ уыцы бастдзинад фескъуынын никæмæн бантысдзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.