Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлты царды æгъдау.

Дунейы ирæттæй бирæ хъуыстгонд адæм ис: Гергиты Валери, Таймæзты Артур, Фадзайты Арсен, Джиоты Вероникæ æмæ æндæртæ. Ныртæккæ та Уæрæсейы спорты къабазы стыр сгуыхтдзинад равдыста тренер Черчесты Станислав. Уыдон, æрмæст сæхи нæмттæ айхъуысой, ууыл нæ архайдтой, фæлæ удуæлдай фыдæбон кодтой æмæ кæнынц, цæмæй ирон адæймаджы ном дунейыл айхъуыса. Æрфæны фæдау, бæрæг дары Гасситы Мураты лæгдзинад. Стыр нæртон лæгдзинад равдисын кæм хъæуы, уыцы уæззау спорты (боксы) Муратæн Ироны ном у табуйаг æмæ йæ сæрыстырæй хæссы, у йын царды цырагъдар, йæ ныфсыл ын ныфс æфтауы, йæ хъаруйыл хъару æмæ  иу уæлахиз иннæйæ ивгæйæ, уымæн бырсы размæ. Йæ архайдæй ма разæнгард кæны Иры фæсивæды дæр æмæ сæм сиды, «ирæттæ размæ», зæгъгæ. Махæй алкæй дæр фæнды, цæмæй йæ кæстæр раст фæндагыл лæуд уа, фæлæ, хъыгагæн, алчи уый тыххæй бирæ ницы аразы.

Абон арæх фенæн ис, ахуыры рæстæджы скъоладзаутæй бирæтæ уынгты куыд хъеллау кæнынц. Уыдоны ничи фæбæрæг кæны – нæдæр ныййарджыты, нæдæр скъолайы ‘рдыгæй. Ахæм сывæллæттæ арæх фæиппæрд вæййынц раст фæндагæй, ныххæцынц æнæгъдау хъуыддæгтыл.

Ахæм сывæллæтты арæх фенæн вæййы Ногдзауты парчы дæр. Уыцы парк канд сывæллæттæн нæ хæссы æхцондзинад, фæлæ ма кардзыд адæмæн дæр. Уым сæхи фæирхæфсынц æрвылбон дæр.

Æркæсæм-ма  бандæттыл цы фыстытæ вæййы, уыдонмæ. Ныхъулæттæ сæ кодтой æмæ ныр зæрдæйæн зын у уыдонмæ кæсын. Бирæ æрыгон адæймæгтæ та фæхсбандонæн йæхиуыл не ′рбадынц, фæлæ æнцойгæнæныл, къæхтæ та бадæныл сæвæрынц. Æппæт уыдæттæ хъомылады ныллæг æмвæзадыл дзурæг сты æмæ афтæ ма хъуамæ уаид. Раздæр æндæр дуг уыдис, фæлæ уый æфсон нæу. Цард куыд размæ цæуы, афтæ рæзгæ фæлтæр дæр хуыздæрæрдæм хъуамæ ивой. Афтæ куынæ уа, уæд размæ нæ, фæлæ фæстæмæ алæудзыстæм.

Æгъдау бæласы бын дæр хъæуы, фæзæгъынц ирон адæм. Хъæдрæбын нæ, фæлæ ма акæсæм нæ алыварс: горæты уынгты уа, хъæуты – чи куыд дары йæхи. Ирыстоны хорз фæсивæд рæзы, зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Фæлæ дзы фæзыны, æмбыд картофау, иннæтæн дæр тæссаг кæмæй у, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Уæлдайдæр, нозт æмæ хъылмайыл чи фæхæст, уыдон. Алчидæр сæ бинонты, сыхы ‘хсæн хъомыл кодта, фæлæ сын фаг хъæддыхæй нæ дзырдтой: макæн, уый дæ хорзмæ не ‘ркæндзæн, зæгъгæ. Ныр систы нæ дзуринаг, нæ кæуинаджы сæр. Цыфæнды  хъуыддаг дæр – хорз уа, æвзæр – райдайы цадæггай. Уæлдайдæр та æнæгъдаудзинад. Уый, низау, сусæгæй бахъуызы адæймаджы удыхъæдмæ æмæ йæ здахы зыгъуымæрдæм. Адæймаг нал фембары, хорз æмæ æвзæры ‘хсæн цы хъауджыдзинад ис, уый. Хорзæй та æвзæр æнцондæр аразæн у, хæйрæджы хойраг ыл конд ис.

Алыхуызон рæсугъд æгъдæуттæ сты æхсæнадон царды бындуртæ. Уыдон фидарæй æххæст куы цæуой, уæд цард æхсидгæ кæны, размæ цæуы.

Мах арæх фæазымджын кæнæм кæцыдæр сабийы йе ‘нæуаг миты тыххæй. Афтæмæй та аххосджын, сæйраджыдæр, мах, хистæр фæлтæр вæййæм.

Æгъдау у царды мидис, æхсæны царды мидис, æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарæм, куыд рæсугъддæр, мидисджындæрæй йæ æххæст кæнæм, афтæ нæ намыс кæндзæн тыхджындæр.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.