Ивгъуыд дуджы адæймаг цæрæнбынат агургæйæ, æвзæрста, суадон æм хæстæг кæм уыдаид, ахæм бынат æмæ-иу хъæу дæр сырæзт йæ алыварс. Абон горæтты æмæ стыр хъæуты цæрджытæ пайда кæнынц рауадзгæ дæттæй, фæлæ нæ республикæйы бирæ рæтты, уæлдайдæр та  хæххон бынæтты цæрджытæ, пайда кæнынц суадæтты донæй, хицæн цæрджытæ та – цъайтæй. Уыдонæн се сконд иугъуызон нæ вæййы, зæгъæн ис, алы суадоны донæн дæр ис йæхи хиæдтæ. Фыдæлтæ хуыздæрыл нымадтой, æнцонтайæн, фæлмæн кæй хуыдтой, ахæмты æмæ хъæуты цы бирæ суадæттæ уыд, уыдонæй сын равзарыны фадат уыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд нуазыны доны гъæд сбæрæг кæныны тыххæй лабораторон иртасæнтæ нæ арæзтой, фæлæ сæ фæлтæрæй фæлтæрмæ пайда кæнгæйæ, зыдтой, хуыздæр  суадон  кæцы у.

Ныры рæстæджы нæ республикæйы кæд алы цæрæн бынаты нæ, уæддæр фылдæр адæм кæм цæрынц æмæ фылдæр кæцы суадæттæй пайда кæнынц, уыдонæн сæ санитарон – гигиенон æмæ бактериалон бæрæггæнæнты фæдыл Хуссар Ирыстоны фæлхасадон хъусдарды комитет рæстæгæй рæстæгмæ ауадзы лабораторон иртасæнтæ. Æрæджы дæр басгæрст æрцыдысты æдæппæт 29 суадоны республикæйы алы районы дæр.

Хуссар Ирыстоны фæлхасадон комитеты сæрдар Коцты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй иртасæнтæ ауагътой Знауыры районы Уахтъана, Аунеу æмæ Терегуаны хъæуты цы суадæттæ ис, уыдоны дæтты гъæды фæдыл æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй Уахтъана æмæ Аунеуы хъæуты суадæтты дæттæ дзуапп дæттынц санитарон-гигиенон æмæ бактериалон домæнтæн, Терегуаны суадоны дон та – нæ.

Дзауы районы райцентры Карсаны фырты, Чкаловы уынгты, Сачъре æмæ Итраписы хъæуты суадæттæй æрмæстдæр Карсаны фырты уынджы суадоны дон дæтты дзуапп санитарон-гигиенон æмæ бактериалон домæнтæн.

Цхинвалы районы банысангонд домæнтæн дзуапп нæ дæттынц Зары, Къостайыхъæуы, Тъбеты, Тъбеты горайы, Ногхъæу, Ирыхъæу, Сатихъар, Прис, Хелцуа, Арцеу æмæ Громы хъæуты суадæтты дæттæ. Æмбæлон разынд се сконд æрмæстдæр Дменисы æмæ Дампъалеты хъæуты суадæтты дæттæн.

Ленингоры районы цы цыппар суадоны дæтты фæдыл ауагътой лабораторон иртасæнтæ, уыдонмæ гæсгæ иууылдæр æмбæлон сты санитарон-гигиенон æмæ бактериологон домæнтæн. Уыцы суадæттæ та сты, Захъхъоры хъæуы, ацы хъæуы астæуккаг скъолайы, “Еред” кæй хонынц, уый æмæ Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 40-æм километры цы суадон ис, уыдон.

Коцты Маринæ нын куыд радзырдта, афтæмæй цы суадæтты дæттæ не сты æмбæлон санитарон-гигенон æмæ бактериологон домæнтæн, уый нæ нысан кæны æмæ сæ нуазæн, пайдагæнæн нæй. Бирæтæй дзы цæрæнбонты пайда кæнынц сæ алыварс цæрджытæ, стæй суадоны дон йе сконд бæрæгбæрцæй фæивын дæр зоны.

Бестауты валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.