Фæзæгъынц, зæгъгæ, сывæллон у бинонты айдæн. Растдæр уымæ гæсгæ æнцон рахатæн вæййы сывæллон цахæм бинонты ‘хсæн хъомыл кæны, ныййарджытæ йын цахæм хъомылад дæттынц, уый.

Æмæ уæдæ кæд сывæллон бинонты айдæн у, уæд алкæцы паддзахады айдæн та сты йæ цæрджытæ. Æрцæуæггаг уазæг, æнæзонгæйы цæст стыр у æмæ уайтагъд алцыдæр фæхаты, цы бæстæмæ æрцыд, уым цахæм адæм цæры, уый. Сыгъдæгдзинады нормæтæ хъахъхъæныны бæсты не мбæстæгтæй иуæй-иутæ сæ цæсгомыл афтæ сæ къух систой æмæ нал дæр адæмæй æфсæрмы кæнынц æмæ нал дæр сæхицæй. Æмæ иуæй-иу æнæхъола адæймæгты тыххæй цæмæн хъуамæ сбада иннæтыл дæр къæм.  Брæттæ калынц куыд горæты уынгты æнæмбæлон бынæтты, афтæ суадæтты æмæ минералон дæтты алыварс территориты, æрдзы хъæбысы улæфæн бынæтты. Ахæм æнæзæрдæмæдзæугæ нывæн фенæн вæййы Ереды хъæумæ æввахс суадоны цур. Уыйбæрц брон дзы æртымбыл вæййы æмæ диссаг! Ау, цæуыл хъуыды кæнынц ахæм бынæтты æдзæсгомæй сæ брæттæ чи калынц, уыцы æнæрхъуыды адæймæгтæ. Чи хъуамæ бафснайа сæ фæстæ, чи сын у хæсджын?

Тынг æвзæр уавæры уыд суадонæй 20 метры дæрддзæгæн цы адаггонд ис, уый дæр. Уырдæм фæкалдтой алыгъуызон брæттæ, уыцы нымæцы пластикон æвгтæ, банкæтæ, æгæрыстæмæй, зæронд уæлæдарæс, къахы дзуамæттæ æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ ададжы былыл æвæрд ис табличкæ ахæм фыстимæ: «Бросая мусор, не забывайте хрюкнуть», зæгъгæ. Табличкæ ахæм ран конд у æмæ йæ æнæрахатгæ ничи фæуыдзæн. Фæлæ уæддæр æнæгъдау адæймæгтæм ницы хъары. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым æрæмбырд вæййынц дзæгъæл куыйтæ дæр æмæ хæринаг æнхъæл брæттæй йедзаг пакетты алырдæмты аскъæфынц æмæ сæ ныппырх кæнынц. Куыд ис бамбарæн ахæм адæймæгты, кæцытæ сыгъдæгдæр дон райсыны тыххæй æрбацæуынц суадонмæ æмæ йын уыцы иурæсæтджы йæ алыварс чъизи кæнынц, адагмæ сæ брæттæ калынц. Фарстæуы, Цхинвалæй сæ уырдæм цæмæн ласынц кæд æмæ горæты уынгты цалдæр бронæмбырдгæнæн егъау контейнеры лæууы, уæд. Фæлæ бирæтæ афтæ смагуса сты æмæ уæлдай хатт сæ машинæтæй рахизынмæ дæр зивæг кæнынн райдыдтой. Уыимæ ацы суадоны цурты автотрассæ цæуы Ленингоры район æмæ Цхинвалы районы хъæутæм æмæ арæх йæ цуры бауромынц сæ машинæтæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг уазджытæ дæр. Цы хъуамæ ахъуыды кæной, уыдон ахæм ныв фенгæйæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты бирæ ис ахæм адæм, кæцытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц нæ республикæйы сыгъдæгдзинадмæ. Ереды суадоны алыварс цы æнæзæрдæмæдзæугæ ныв сæвзæрд, уый æнæрахатгæ нæ фесты республикон политикон парти «Дзæллæты иудзинад»-ы уæнгтæ. Уыдон партийы сæрдар Пухаты Сергейы сæргълæудæй 21-æм марты ацыдысты уырдæм æмæ хæрзæфснайд бакодтой суадоны алыварс территори. Æфснайæн зиуæн цыдæриддæр хъуыд, уыдон сорганизаци кодта Пухайы фырт йæхæдæг.

«Немæ ахастам 50 егъау целлофан голладжы æмæ ма дзы фæстæмæ афтидæй рахастам æрмæстдæр æртæ голладжы. Иннæ 47 голладжы байдзаг кодтам брæттæй æмæ сæ машинæ аласта æмбæлон бынатмæ. Суадонмæ æввахс уыд чысыл мæнгагъуыст æмæ уый дæр уыд брæттæй йедзаг. Æфснайынмæ йæм куы æрæвнæлдтам, уæд-иу хорз уыд æмæ уайтагъд фæхатыдыстæм йæ мидæг гранаттæ кæй ис, уый. Лæппутæ уайтагъд фæдзырдтой уæлвæткон уавæрты министрадмæ. Уыдон уайтагъд схæццæ сты, аластой сæ фясвæд ранмæ æмæ сæ скуынæг кодтой. Иу дзырдæй фыдбылызæй аирвæзтыстæм», – радзырдта нын партийы уæнгтæй иу Къуылыхты Дианæ.

Æдæппæтæй æфснайæн зиуы хайад райстой 15-20 адæймаджы бæрц. Партийы уæнгтæ ма фæнд кæнынц æндæр ахсджиаг бынæттæ дæр ссыгъдæг кæнын. Ереды суадоны цур ныртæккæ у æфснайд, фæлæ афтæ цас аххæссдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Æнæмæнгæй хъæуы ахæм фæткхалджыты ныхмæ тох фæтыхджындæр кæнын, науæд цас гæнæн ис искæйы фæстæ æфснайын. Дунейы цивилизацион бæстæтæй бирæты ахæм барадхалынæдты тыххæй æркæнынц тыхбыны куыстмæ дæр æмæ сæ фæивар кæнынц …

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.