Цæуыл дзырдтой фæсивæдон форумы

Уыдонæн хъæуы æппæт тыхтæ радтын, сæ фарсмæ фæлæууын, цæмæй размæ цæуой. Лæмбынæг байхъусын хъæуы сæ хъуыдытæм, бæллицтæм. Кæд нырма æвзонг стæм мах, уæддæр нæ фæнды райгуырæн бæстæйæн балæггад кæнын.

Раст зæгъгæйæ, вазыгджын паддзахадон хъуыддагыл ныртæккæ дæр стыр куыст цæуы. Уыцы куысты раздзог у Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитет. Йæ хъæппæрисæй æхсæз азы дæргъы сæдæ фæндзай æвзонг æмбæстагæй фылдæр æрвыст æрцыдысты Уæрæсейаг æмæ æхсæндунеон форумтæм, семинартæм, тымбыл фынгтæм. Нæ фæсивæды минæвæрттæ цыбыр æмгъуыдмæ конкурсты рамбылдтой 12 гранты авд милуан сомы аргъ. Уый иттæг хорз нысаниуæг у нæ бæстæйæн. Лæугæ дон хъуына кæны, цæугæ дон та цард дæтты. Уыцы грантты фæрцы æрæджы Хуссар Иры уыдис дыккаг «Уырыссаг-Ирон форум», кæцыйы хайад райстой Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстон æмæ Цæцæны, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон. Ацы форум саразыныл зæрдиаг æмæ разæнгардæй бакуыста РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты сæргълæууæджы хæдивæг Гатыккоты Валентина. Уый нын радзырдта форумы актуалондзинад, йæ пайда æмæ иудзинаддæттæг фæндаджы тыххæй: «Дыууæ боны уагъд цыдысты тымбыл фынгтæ ахсджиаг фарстатыл. Фыццаг боны темæ уыдис «Фæсивæды æхсæнадæмон диалог. Фæсивæды национ хъæппæрис». Хайад дзы райстой: Вадим Горло — йæ доклады «Фæсивæдон æмгуыстад æмæ политикæйы приоритетон актуалон фарстатæ Луганскы Адæмон республикæйы» радзырдта, сæ нырыккон зын уавæры республикæйы фæсивæд сæ тыхтæ куыд радтой волонтеры куыстæн. Æххуыс кæнынц хæстонтæн, æвæгæсæгæй цæрæг адæмæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæн. Ацы фарста уыд Вадимы доклады сæйраг хъуыды. Донецкы фæсивæды минæвæрттæ Новоженова Илона æмæ Каретная Сабина та сарæзтой цымыдисон доклад «Аивадон-эстетикон æмæ спортивон фадгуытæ Донецкы Адæмон республикæйы æмæ се ‘мгуыстад Хуссар Ирыстонимæ».

Алиас Акаба форумы уыдис республикæ Абхазы делегацийы сæргълæууæг, кусы географийы ахуыргæнæг æмæ сывæллæтты хъомылгæнæгæй интернаты. Йæ раныхасы сæргонд — «Абхазы фæсивæды националон хъæппæрис».

Алиас радзырдта газет «Хурзæрин»-æн: «Фæзындис нын фадат Хуссар Ирыстоны форумы хайад райсынæн. Æрцыдыстæм, цæмæй базонгæ уæм, нæ зонындзинæттæ кæрæдзийæн райхалæм. Куыд ахуыргæнæг, афтæ фыццаджыдæр цымыдис кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырад. Тымбыл фынгты рæстæджы нæм фæзындис бирæ ног хъуыдытæ, æмæ уыдон хъуамæ ныр реализаци кæнын райдайæм Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы. Фыццаг хатт дæн Ирыстоны. Уый размæ барæй ницы нывтæ æмæ видеотæм кастæн, цæмæй мын спойлер ма уа, кæд ис афтæ зæгъæн, уæд. Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ, мæхи фæхатыдтæн хæдзары. Ноджы ам сæмбæлдтæн æндæр форумты кæимæ базонгæ дæн, уыдонæй бирæтимæ. Уый дæр тынг æхсызгон хъуыддаг у мæнæн. Стыр бузныг уын!».

Цæгат Ирыстонæй хайадисæг Тауаситы Марат йæ раныхасы фæстæ радта мастер-класс: фæсивæды адих кодта дыууæ къордыл æмæ сын бахæс кодта проекттæ ныффыссын — иутæн бæстæйы размæцыдыл, иннæтæн — æппæтдунеон фестиваль ауадзыны фæдыл. Иннæ форуммæ хъуамæ уыцы къордтæ бацæттæ кæной бæстон докладтæ.

Дыккаг бон тымбыл фынджы темæ уыдис «Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмгуыстады историон нысан æмæ перспективæтæ. Фæсивæды бынат ацы размæцыды».

Тымбыл фынгмæ фæуазæг ис Сергей Скворцов — РХИ-йы «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг. Уый радзырдта йæ хайады цы куыст цæуы Уæрæсеимæ иудзинад рæзынады фæдыл, уый тыххæй. Докладтæ ма бакастысты Хуссар Ирыстоны шахмæтты Федерацийы президент Саулохты Георги, ХИПУ-йы ахуыргæнæг Гæджиты Аннæ æмæ ХИПУ-йы студент Багаты Элинæ. Сæ докладты темæтæ хаудысты РХИ-йы æмæ Уæрæсейы æмгуыстады фарстатæм.

Форумы фыццаг бон спортивон комплекс «Олимп»-ы уыдис бæрæгбонон баконд. Нæ уазджытæ æмæ мах, фысымтæ, хъуыстам ирон зарджытæм, цин кодтам ирон кæфтытыл, комплексы агъуысты ма хъуыстысты уазджыты ’взæгтыл зарджытæ дæр.

Æхсызгон зæрдæйæ уын хъусын кæнын — форум, æмткæй, рацыдис иттæг цымыдисон — ног проекттæ дзы равзæрдис, ног хъуыдытæ, ног компетенцитæ нæм фæзындис.

Багаты Элинæ, ХИПУ-йы «Æппæтдунеон журналистикæйы» студенткæ