Абон, фыццæгæм июны куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы дæр официалонæй банысан кæндзыстæм Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Уый тынг хорз хъуыддаг у, æмæ кæй æрæмысыдысты ахæм бæрæгбон, уый. Уымæн æмæ адæймагæн йæ цард, фыццаджыдæр, баст у йæ сывæллæттимæ, йæ сывæллæтты сомбоны цард саразынимæ.

Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон бон æрвылаз дæр банысан кæнынц нæ республикæйы. Бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцæуынц нæ республикæйы æппæт сабитæн дæр. Ацы бонмæ сæхи бацæттæ кæнынц рæвдауæндæтты æмæ нæ горæты. Театралон фæзуат кæнæ Пионерты парчы организацигонд æрцæуынц, сывæллæттæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн кæм ахъазынц, ахæм хиирхæфсæн мадзæлттæ. Нæ республикæйы æмбæлон уагдæтты хъæппæрисæй развæлгъау бацæттæгонд æрцæуынц сæрмагонд хиирхæфсæн программæтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ уагъд æрцæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ дæр. Ацы бæрæгбоны сæраппонд нæ республикæйы Ахуырады министрад сывæллæтты хæрзиуæгæн æппæт дæр аразынц, сæ къух сæ куыд амоны, уымæ гæсгæ, кæд ныййарджыты домæнтæ фылдæр вæййынц, уæддæр. Нæ царды иууыл ахсджиагдæр у сывæллæтты хъахъхъæнын, æмæ уыдон æппынæдзух хъуамæ уой хъусдарды бын. Уымæн æмæ рæзгæ фæлтæры хъахъхъæнгæйæ, мах бындур æвæрæм райгуырæн Ирыстоны фидæнæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, сывæллæттæ сты царды дидинджытæ, уыдон сты нæ сæйраг цин æмæ мæт. Афтæ зæгъæн ис, æмæ кæцыфæнды адæймагæн, кæцыфæнды бинонтæн дæр, сæ царды ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæр нысан кæй у сывæллæтты раст, æнæниз æмæ хъæлдзæгæй схъомыл кæнын.

Советон Цæдисы рæстæджы уыд сывæллæтты хъахъхъæнынæн тынг хорз системæ. Сывæллоны хъомыладæн уыд йæхи арæнтæ æмæ уыдонæй нæ хызтысты. Абон махмæ кæд бирæ арæзт цæуы рæзгæ фæлтæры сæраппонд, уæддæр дзы нырма ис проблемæтæ. Ис дзы иуæй-иу ныййарджыты ʻрдыгæй куыдфæндыйы ахаст æмæ хъомыл кæныны æппæрццаг фарстатæ дæр. Хорз уаид, æмæ ныййарджытæ стырдæр хъусдард куы здахиккой сæ сывæл-лæтты хъомыладмæ. Хъомыладæн ис стыр нысаниуæг æмæ дæ сывæллонæн цавæр хъомылад радтай, уый дын уыдзæнис.

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон у рагондæр бæрæгбонтæй сæ иу. Нысан цæуы сæрды райдианы, уымæн æмæ уæд сывæллæттæн райдайынц сæ сæрдыгон улæфты бонтæ. Истори куыд амоны, уымæ гæсгæ 1925-æм азы Женевæйы райстой ахæм уынаффæ, ацы бæрæгбон ауадзыны тыххæй. Уыцы рæстæджы уым уагъд цыдис конференци сывæллæттæн æппæт уавæртæ саразыны фарстыты фæдыл. Ис ма ахæм верси дæр æмæ уыцы аз æмæ боны Китайы Генералон консул горæт Сан-Францискойы æртымбыл кодта ацы бæстæйы сидзæр сывæллæтты æмæ сын сорганизаци кодта бæрæгбон – «Фестиваль лодок-драконов». Дыууæ мадзал дæр рауадысты цымыдисон. Уымæ гæсгæ 1-æм июны райдыдтой нысан кæнын Сывæллæтты хъахъ-хъæныны бон.

Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ 1949 азы Парижы ауагъд æрцыдис сылгоймæгты конгресс, цыран ардбахæрд æрцыдис æдзухон сабырдзинады сæраппонд, кæцы у сабыр царды гарант. Уый фæстæ 1950 азы 1-æм июны фыццаг хатт нысан æрцыд сывæллæтты бæрæгбон – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Ацы бæрæгбон райстой æндæр бæстæтæ дæр, уыдон æмрæнхъ Советон Цæдис дæр æмæ йæ традицимæ  гæсгæ  нысан кæнынц абоны онг дæр.

Бæрæгбоны цытæн уагъд фæцæуынц дискусситæ, сывæллæттæ куыд хъахъ-хъæд цæуынц æмæ сын цы уавæртæ арæзт цæуы, æппæт уыдæттыл, организацигонд æмæ арæзт æрцæуынц концерттæ, хиирхæфсæн мадзæлттæ конкурсты хуызы.

Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон бæрæгбонæн ма ис йæхи сæрмагонд тырыса дæр, йæ хуыз у цъæх æмæ нысан кæны гармони, ногдзинад æмæ рæзт. Уыцы фоныл тырысайæн йæ астæу æвæрд ис Зæххы нысан, æмæ уый та нысан кæны, куыд иумиаг хæдзар, афтæ. Зæххы нысаны алыварс та лæууынц адæймаджы фигурæтæ: сырх, бур, урс, тарæрвгъуыз æмæ сау хуызты.

Уæдæ, нæ ацы бæрæгбоны нæ чысыл хуртæн фæнды иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Нæ зæрдæтæ сын зæгъынц хъæлдзæг æмæ æнæниз цард, рæсугъд фидæнмæ сыгъдæг æмæ хорз фæндæгтæ.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.