Цæуыл у сæ катай Турчы цæрæг ирæттæн?

Ивгъуыд къуырийы кæрон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журнал «Фидиуæг»-ы кусджытæ æмæ йе сфæлдыстадон къордæн Турчы цæрæг ирæттимæ фыццаг хатт организацигонд æрцыд видеохид. Ацы фембæлд видеобастдзинады фæлгæтты развæлгъау срæвдз кодтой журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли æмæ Турчы Хуссар Ирыстоны минæвар, не ‘фсымæр Хоситы Бурхан.

Турчы цæрæг ирæттæ кæддæриддæр тырнынц, цæмæй æрбангом уой Ирыстоны цæрæг ирон адæмимæ, афтæ ма бахъахъхъæной сæ мадæлон æвзаг, сæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, традицитæ æмæ культурæ. Уымæ гæсгæ фембæлды сæйраг темæ уыд ирон æвзаджы хъысмæт, йæ бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзын кæнын. Ацы хъуыддаджы сын хуссарирыстойнаг фарс ныфс бавæрдтой, кæй сын æххуыс кæндзысты, цæмæйдæриддæр бавæрой сæ фыдæлты æвзаг æмæ йæ дарддæр кæной. Фембæлдæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый дæр банысангонд æрцыд дыууæ фарсæрдыгæй, стæй сæм фæзынд бирæ хорз фæндтæ дæр æмæ кæрæдзийæн ныфс бавæрдтой, цæмæйдæриддæр арæхдæр уагъд цæуой ахæм фембæлдтытæ.

Фембæлды Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй хайад райстой: журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады сæргълæууæг, фыссæг, Джуссойты Нафийы премийы лауреат Наниты Асиат, журналы поэзийы хайады редактор Хъодалаты Мария, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, поэт Чехойты Оля, РХИ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт Хуыджеты Азæ, чиныг «Хуссар Ирыстон. Ничи ферох, ницы ферох»-ы автор Котолиты Сæлимæт, ХИПУ-йы Литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго, газет «Хурзæрин»-ы журналисттæ Уазæгты Марфæ æмæ Цхуырбаты Ларисæ, Республикæйы мидæггагон политикæйы комитеты æхсæнадон организацитимæ куысты сæргълæууæг Тедеты Залихан æмæ фыссæг-сатирик Тедеты Индирæ.

Турчы цæрæг ирæттæй та видеохиды хайад райстой Хоситы Бурхан, æхсæнады активон уæнг Бадты Моамыр, нывгæнæг Цъæхилты Кемал, горæт Стамбулы зындгонд ирон ресторан «Фыдджын»-ы хицау Æлбегты Лейлæ æмæ æндæртæ.

Мадзаламонæг Годжыцаты Нелли йæ ныхас райдыдта æргомзæрдæйæ салæмттæ æрвитын æмæ арфæйаг ныхасæй Турчы цæрæг ирæттæн æмæ нын уыдон дæр радыгай иронау дзуапп лæвæрдтой хъарм зæрдæйæ. Нелли банысан кодта, зæгъгæ, ирон æвзаг бахъахъхъæнын æгас дунейы цæрæг ирæтты хæс кæй у æмæ йыл иумæйагæй хъæуы кусын. «Мах уый куы уынæм, сымах зæрдæтæ куыд риссынц ирон æвзагыл, ардæм куы ‘рцæут æмæ ирон адæмимæ куы фæныхас кæнут, уæд уæ фенæм цæссыгкалгæ, уый мах зæрдæтæм тынг бахъары. Уæд бамбарæм, æцæгæлон бæстæйы цæргæйæ, адджындæр кæй сты фыдæлты зæхх æмæ æвзаг. Бузныг уын, абонмæ кæй бахъахъхъæдтат уæ ирон æвзаг æмæ йыл дарддæр дæр кæй тох кæнут, уый тыххæй. Мах дæр хъуамæ батыхсæм æмæ архайæм нæ иумæ-йаг хæзна ноджы тынгдæр райтынг кæныныл, афтæ ма балæууæм уæ фарс-мæ дæр æмæ уын æххуыс кæнæм. Кæрæдзийы æххуысæй кæд бавæриккам Нарты кадджыты, Къостайы æвзаг æмæ нæ хъæздыг культурæ», – загъта уый.  Дарддæр ма Годжыцаты чызг цыбыртæй Турчы цæрæг ирæтты базонгæ код-та журнал «Фидиуæг»-ы историимæ, абоны дугмæ лæгъз фæндæгтыл кæй не ‘рхæццæ, не ‘взаг, нæ дамгъуат ивд цы-дис куы гуырдзиаг графикæмæ, куы латинагмæ, фæстагмæ йæ раивтой кириллицæмæ. Редактор ма сын радзырдта, журналы кæй куыстой Ирыстоны разагъды лæгтæ æмæ йæ фæрстыл цытæ мыхуыр кодтой, уыдæттыл.

Не ‘мтуг адæм, зæрдæйæ хæстæг, фæлæ тыгъдадæй та кæрæдзийæ дард ирæттæ, ныхас кæнынæй нал æфсæстысты æмæ нын ацайдагъ дыууæ сахатмæ æввахс. Уыдон цымыдис кодтой нæ абоны цардмæ, мадæлон æвзаджы уавæр æмæ йæ райрæзты тыххæй цы мадзæлттæ ист цæуынц, æппæт уыдæттæ базонынмæ. Сæхæдæг та нын радзырдтой, æцæгæлон бæстæйы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй цы аразынц æмæ абон Турчы цæрæг ирæтты ахаст ирон æвзагмæ куыд у, æппæт уыдæттæ. Æцæгæлон бæстæйы æвæндонæй чи æрцардысты, уыцы ирæттæ се ‘взаг бахъахъхъæдтой ныры онг, фæлæ ныр стыр катай кæнынц, царды фæ-зилæнты аххосагæн, абон сæ фæсивæдæй бирæтæ иронау кæй нал зонынц, уый тыххæй æмæ хистæр кары адæм сæ фадæттæ сæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ архайынц, амæлттæ кæнынц, цæмæйдæриддæр æнгомдæр уой дыууæ Ирыстоны адæмимæ æмæ бахъахъхъæной хæзнаты хæзна – мадæлон æвзаг.

Ирон æвзаг куы ферох кæнæм, уæд нæ ном цы уыдзæн?

Хоситы Бурхан нын нæ зæрдыл æрлæууын кодта, Турчы ирон адæм раздæр кæй цардысты хъæуты æмæ сын уæд афтæмæй ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ культурæ бахъахъхъæнын æнцондæр кæй уыд. Ныр, зæгъгæ, адæм ивылын райдыдтой стыр сахартæм хуыздæр цардагур æмæ рох кæнын райдыдтой национ æргъадтæ. «Горæтты ирæттæ пырхытæй кæм сты, уым тынг зын у æвзаг бахъахъхъæнын, уымæн æмæ дæ алыварс адæм иууылдæр дзурынц æндæр æвзагыл, æндæр цардимæ æмдзу кæныс æмæ рох кæны алцыдæр. Стæй нæ лæппутæ бинонтæ æрхæссынц æндæр æвзæгтыл чи дзурынц, ахæмтæй æмæ уый дæр æндавы æвзагыл. Хъæуты чи райгуырд æмæ схъомыл, уыдон иууылдæр дзурæм иронау, фæлæ нæ сагъæс у нæ фæсивæдыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фылдæр кæсын хъæуы ирон чингуытæ, газеттæ æмæ журналтæ, цæмæй ма рох кæнæм не ‘взаг», – банысан кодта Хоситы Бурхан.

Ацы хъуыддаг бахынцгæйæ, Турчы цæрæг ирæттæ иу æртын азы размæ æрхъуыды кодтой æхсæнад саразын æмæ йæ рахуыдтой «Алан». Ацы æхсæнады фæрцы организацигонд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, цæмæй ирæттæ кæрæдзиимæ зонгæ кæной, æнгомдæр уой æмæ ма рох кæной сæ мадæлон æвзаг æмæ культурæ. Зæгъæм, фыццæгæм октябры Турчы цæрæг æппæт ирæттæ фæнысан кæнынц ирон культурон бон Стамбулы. Бурхан нын куыд радзырдта, афтæмæй коронавирусон инфекци апарахаты рæстæджы ацы бæрæгбон банысан кæнын сæ бон нæ уыд æмæ ныр стыр зæрдиагæй интернеты руаджы кæрæдзимæ фыссынц, зæгъгæ, йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, ома, радон хатт кæрæдзи фендзысты ирæттæ æмæ та сын хъазт дæр бацайдагъ уыдзæнис. Цæмæй ирон æвзаг хъахъхъæд цæуа, уый тыххæй æхсæнад «Алан» Цæгат Ирыстонæй æрхоны ирон æвзаджы ахуыргæнджыты цалдæр мæйы æмгъуыдмæ æмæ сывæллæттæн фæамонынц сæ мадæлон æвзаг. Ахæм æххуыс бакæнынмæ хуссарирыстойнаг специалисттæ дæр цæттæ кæй сты, уый сын ныр фехъусын кодта Годжыцаты чызг æмæ ма сын ныфс бавæрдта, ирон аив дзырд хæццæ кæнынмæ алы амæлттæй дæр кæй нæ зивæг кæнынц, уый. Нелли фергомдæр кодта журналы коллективы хъуыды æмæ йе ‘мныхасгæнджытæн баныфсæвæрдта, «Фидиуæг»-ы номыртæ латинаг шрифтмæ ракæнгæйæ, электрон хуызы кæй æрвитдзысты, уымæй. Ацы хъуыддагыл тынг бацин кодтой æмæ уæд Хоситы Бурхан та журналы редакторæн баныфсæвæрдта, иу ссæдз адæймагæн кæй рафыссын кæндзæн ирон журналы æмæ йæ стыр æхсызгонæй кæй кæсдзысты сæ бинонтимæ, уый. Уымæй дарддæр ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Турчы цæрæг ирæтты ‘хсæн дæр ис сфæлдыстадон адæймæгтæ æмæ бахатыд, цæмæй «Фидиуæг»-ы мыхуыр кæной се ‘мдзæвгæтæ æмæ уацтæ. Ацы хъуыддагыл стыр æхсызгонæй сразы ис журналы редактор æмæ уæд йæ ныхас акодта ирон фысджыты тыххæй.

Мадæлон æвзагмæ уарзондзинады тыххæй æмæ йæ хъысмæтыл дзурæг æмдзæвгæтæ бакастысты поэт Чехойты Оля æмæ зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады зонадон кусæг Пæрæстаты Эльдæ (Хуыджеты Азæйы æмдзæвгæтæй). Мадзаламонæг сæрмагондæй радзырдта Мамсыраты Те-мырболаты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй дæр, райхæлдта йын йе ‘мдзæвгæ «Сагъæстæ». Фыссæг Наниты Асиат та бакаст дзæнæттаг, зынгæ ирон поэт, публицист, тæлмацгæнæг Хъодалаты Герсаны фыст æмдзæвгæ «Мамсыраты Темырболаты хъынцъым». Наниты Асиат ма банысан кодта, зæгъгæ, Турчы цы ирæттæ цæрынц, уыдон, цыма нæ хæстæджытæ сты, ахæм ахаст сын ис Ирыстоны адæммæ. «Турчы кой ракæнай æмæ Мамсыраты Темырболаты ферох кæнай, уый гæнæн нæй. Скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд Темырболаты æмдзæвгæтæ иууылдæр зыдтам. Кæй дзы заргæ кодтам, кæй – дзургæ. 1965 азы ам Темырболатæн рацыд чиныг æмæ йæ сарæзта Джуссойты Нафи. Æгасæй дæр сты 10 æмдзæвгæйы. Йæхæдæг сæ хуыдта дæс хъарæджы. Цæмæн афтæ у, уый æмбæрстгонд у. Куы йæ фæкæсын, уæд мæ зæрдæ суынгæг вæййы. Кæд гæнæн уыдис æмæ Къостайы скъахтам æмæ йæ Ирыстонмæ Лабæйæ æрластам, уæд, цыма, уымæн уал азы дæргъы уый гæнæн нæ уыдис æмæ кæугæйæ йæ бонтæ кæй тыххæй æрвыста, уыцы райгуырæн зæххыл æй бавæрдтаиккой? Мæ зæрдæ тынг фæрыст, Турчы цы стыр зæххæнкъуыст æмæ зиæнттæ æрцыд, уый тых-хæй.

Сæйраджыдæр, уыйтыххæй æмæ махдæрбавзæрстамуыцы æрдзонфыдбылыз, стæйзæрдæ æхсайдтаирæттæм, фæлæ ногхабæрттыфехъусынкодтой, зæгъгæ, Турчыирæттæйфыдбылызыничибахаудта æмæ мынуыдистынг æхсызгон. Чифæзиан, уыдонæн æнæмæнгнæ мæсæллæйтæ зæгъут æмæ уæхæдæгта æнæнизæйбирæ цæрут. Цыфæндымауа, уæддæрнацитынгадджыну æмæ уынмæ сæрæйныллæгкувын, уæ ирон æвзагкæйнæ ферохкодтат æмæ йылабондæркæйдзурут. Бæргæ, цыдæриддæр зæххылирæттæ ис, уыдон иууылдæр Ирыстоны куы цæриккой æмæ иумæ куы цæриккам, уæд куыд хъæздыг уаид нæ бæстæ æмæ куыд амондджын уаиккам. Турчы ирон адæмы кадыл уæлæмæ хæцут æмæ уын мах та уæ хорз хъуыддæгтæ цы хъусæм, уый Хуыцау зæгъæд!», – йæ арфæйы ныхасы кодта Наниты Асиат.

Хоситы Бурхан дæр банысан кодта поэты стыр курдиат æмæ йæ сагъæс райгуырæн зæххы тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй Темырболаты æмдзæвгæтæ уыдысты тынг бирæ, сæдæйы бæрц æмæ уыдысты йæ хомæ. Иурæстæджы сæ хæдзары уыд зынгсивæрзт æмæ æмдзæвгæтæ дæр уым басыгъдысты.

Плиты Серго та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ирон æвзаг кæд абоны онг æрхæццæ, уæд ын дарддæр дæр сæфæннæй, уæлдай дæр та мА йыл куыст куы цæуа, уæд. Уый мА бафиппайдта, зæгъгæ, æвзаг бахъахъхъæныны амæлттæй иу у, скъола бакæнын Турчы цæрæг ирæттæн, цæмæй абон цæуыл катай кæнынц, уыцы фарс скъуыддзаг æрцæуа.

Фæсныхасы бæсты

Истори куыд амоны, афтæмæй 19-æм æнусы 60-æм азты Турк мæ цыбирæнымæц ирæттæ алыгъдысты хуыздæр цардагур, уыдонæн уый уыд стыр хъыгаг хъуыддаг. Сæ райгуырæн бæстæйæ кæй фæхицæн сты æмæ æцæгæлон бæстæм, æцæгæлон  адæмы фарсмæ ног цард кæй арæзтой, ууыл зæрдиагæй нæ сæмбæлдысты.  Абон ма     Турчы                    цæрæг ирæттæ куыд æрымысынц, уымæ гæсгæ сын тынг зын уыдис сæ фыдæлты райгуырæн зæхх ныууадзын. Фæлæ цард афтæ уæззауæй афтæ æгъатырæй йæхи равдисы æмæ дæ цы  гуылфæнты баппардзæн, уый нæ базондзынæ. Æмбисондæн куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу. Афтæ цæхгæр фæзылдис Турчы бæстæйы цæрæг немтуг ирон адæмæн сæ цард. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон уым райдыдтой ног цард аразын сæ фыдæлты æгъдæуттыл хæцгæйæ, се взаг хъахъхъæнгæйæ. Ныртæккæ бирæ азтæ рацыд, иу æнус иннæйы раивта, фæлæ Туркмæ алидзæг адæм уыцы ран цæргæйæ баззадысты æмæ абон сæ фæдонтæ архайынц, цæмæй æрбангом уой Ирыстонмæ, ирон адæмимæ æмæ бахъахъхъæной сæ мадæлон æвзаг, сæ фыдæлты æгъдæуттæ, культурæ.

Диссагæн дзуринаг у, Турчы цæрæг ирæттæй бирæтæ абон дæр сæ фыдæлты æвзагыл кæй дзурынц, ома, йæ куыд ахастой, раст афтæ. Семæ ныхасгæнгæйæ мах рахатыдыстæм уый дæр æмæ уыдонæн сæ ныхасы кæй не ссардтаис иунæг уырыссаг дзырд дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.