11 сентябрæй 18 сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикæйы фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фæдыл горæты милицийы управленийы кусджытæ бæрндзинадмæ æркодтой цыппар адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 303 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 12 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

15 сентябры Хъайтарты уынгыл 8-аздзыд сывæллон бахаудта автомашинæйы бын, кæцыйы шофыр разынд 49-аздзыд горæттаг цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн сывæллонæн фæцæф йæ уæраг æмæ бахаудта рынчындонмæ.

15 сентябры рынчындонмæ бахаудтой 36 æмæ 32-аздзыд горæттаг цæрджытæ, кæцытæ сæ фатеры уæвгæйæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытæ рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы баурæдтой автомашинæ «BMW», кæцыйы 33-аздзыд шофыр æмæ йæ 34-аздзыд бæлццоны спайда кодтой марихуанайæ. Баурæдтой ма автомашинæ, кæцыйы йæ шофыр разынд УФ-йы цæрæг – медицинон басгæрст ын сбæрæг кодта марихуанайæ спайда кæныны цау. Уымæй уæлдай ма баурæдтой ноджы иу зæрдæхсайгæ автомашинæ, фæлæ 40-аздзыд шофыр æмæ 30-аздзыд бæлццоны нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ  æмæ сæ уый тыххæй тæрхондон фæивар кæндзæнис.

Марихуанайæ спайда кæныны тыххæй ма ивар æрцыдысты 40 æмæ 27-аздзыд цхинвайладжы. Баурæдтой ма 24-аздзыд горæттаг лæппуйы дæр,.Уый  спайда кодта наркотикон буарад «метадон»-æй. 28, 41, 29, 35, 39-аздзыд горæттаг æмæ 51-аздзыд Мугуты хъæуы цæрджытæм дæр милицийы кусджыты зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæныны фæдыл. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон бас-гæрстмæ бацæуын æмæ сæ уый тыххæй тæрхондон фæивар кодта.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.