Ацы аз 60 азы æххæст кæны литературæиртасæг, публицист, театралон критик, ХИПУ-йы ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр фæсивæды размæдзыдæн цы ахуыр-хъомыладон куыст снывонд кодта, ууыл. Уый гъæдджын, аив литературон ирон æвзагыл нывæнды йæ лекцитæ ирон литературæ, сывæллæтты литературæ, литературæйы теори, фольклор æмæ бирæ æндæр дисциплинæтæй. О, нывæнды… кæсы нæ, фæлæ. Уымæн æмæ йæ ныхас у уæззау, уæзбын, ахадæн, хъæздыг.

Плиты Гæбилайы фырт Гацыр райгуырд Дзауы районы Ручъы хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары 11 июлы 1935 азы. Ручъы скъолайы кастис 1942 азæй 1953 азмæ. Йæ ныййарджытæ Плиты Гæбила æмæ Саулохты Гыгы уыдысты колхозонтæ, кодтой фосдарды куыст. Хæххон зынвадаты, хæстон уавæрты 8 сывæллон æнцон дарæн нæ уыд. Фыдæбон хъуыд сæ цоты дæр. Гацыр чысылæй райста фыййауы лæдзæг, разгъор-базгъор кодта йæ фосы фæдыл. Раст уæд райхъал фидæны дзырддзæугæ лæгмæ Ирыстоны алæмæттаг æрдзы рæсугъддзинады æнкъарынад, йæ бæрзонд хæхтæ, цъæх-цъæхид рæгътæ æмæ уæлвонг æврæгъты фæлгонцады æмбарынад. Æрдзы рæсугъддзинадæн егъау нысаниуæг ис адæймаджы удыскондыл, йæ миддунейыл бандавынæн, эстетикон æнкъарынад æм рæзын кæныны хъуыддаджы. Ирыстон æмæ йын йæ æрдз бауарзгæйæ, æнæ бауарзгæ нæй уыимæ баст цы у æмæ чи у, æппæт уыдонæн дæр. Ахъардта Гацыры уæнгты дæр уарзондзинад ирон æвзаг æмæ литературæмæ  æмæ сæ не сцух æппæт йæ царды дæргъы.

1955 азы ссис Цхинвалы паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг факультеты студент. Гацыр цард активон студенты цардæй: хайад иста зонадон конференциты канд нæхи институты нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны, Налцыччы, Сухум æмæ Гуырдзыстоны уагъд цæуæг конференциты.

Æнæвгъау æххуыс кодта колхозтæн иннæ студенттимæ иумæ, дыууæ азы бархийæ ацыд тыллæг æфснайынмæ Казахстанмæ. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады грамотæтæй Казахстаны фæскомцæдисы ЦК æмæ Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы обкомæй дæр. Институт каст фæуыны фæстæ Гацыр кусынмæ ацыд Карелы районы ирон хъæу Имерхеуы скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

1961 азы райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы. Кусыны æмрæстæджы фæсаууонмæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты аспирантурæйы. 1973 азы Тбилисы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта йæ кандидатон диссертаци «Туаты Дауыты драматурги», зæгъгæ, ахæм темæйыл, доцент Мамиты Гигайы къухдариуæгадæй. Кандидатон диссертаци бахъахъхъæныны фæстиуæгæн Гацырæн лæвæрд æрцыд доценты ном, абон та хæссы профессоры ном. Йæ куысты дæргъы æдзух куыста бæрнон бынæтты: 1976-1986 азты разамынд кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйæн. 1986-1991 азты уыд ирон филологи æмæ РАМП-ы факультеты декан. 1994-2002 азмæ уыд университеты зонадон куысты проректор. 2002 – 2010 уыд ахуыры хайады проректор. Уæдæй абонмæ та у ирон литературæйы иСторийы кафедрæйы сæргълæууæг.

Ахуыр-хъомыладон куыстæй уæлдай Гацыр Гаврилы фырт кæны ахадæн зонадон æмæ публицистон куыст. Йæ куыстыты бæрц у 300-йы бæрц. Стæм фыссæджы кой нæ ракодта йæ бирæнымæц уацты. Ирон зонадмæ аккаг бавæрд сты йæ зонадон уацтæ «Тугъанты Батырбеджы прозæ», «Гулиты Ефимы прозæ», «Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстадон фæндаг», «Саулохты Мухтары цард æмæ сфæлдыстад», «Нигер – ирон адæмы зарæггæнæг», «Колыты Аксойы цард æмæ сфæлдыстад» æмæ бирæ æндæртæ. Йæ литературон æмæ публицистон уацтæ мыхуыр кодта æмæ кæны журналтæ «Фидиуæг», «Мах дуг», газеттæ «Хурзæрин», «Рæстдзинад», «Аланты ныхас» æмæ æнд.

Зонадон уацтæй уæлдай ма Гацыр Гаврилы фырт у 20 чиныджы автор. Хъæугæ æмæ ахадæн сты йæ ахуыргæнæн чингуытæ ирон литературæ æмæ сывæллæтты литературæйæ. Æртæ чиныгæй арæзт у «Ирон сывæллæтты литературæ», цыран иртæст цæуынц, сывæллæттæн цы уацмыстæ фыст æрцыд, уыдон – Къостайæ райдайгæйæ, суанг советон фысджыты онг. Иртæст цæуынц уацмысты амоныны принциптæ, сæ ахуыр-хъомыладон, зонынадон æмæ эстетикон æууæлтæ. Уыдонимæ базонгæ уæвгæйæ, ныры студент æмæ фидæны ахуыргæнæг литературон уацмыстæ раст амонгæйæ, сабитæн ныббæтдзæнис хæрзæгъдау æмæ намысы æууæлтæ.  Сабитæн ма сарæзта «Ирон литературæйы хрестомати» скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæн, цыран æмбырд æрцыдысты сабидæтты сывæллæттæн бæззон уацмыстæ. Ахъаззаг нысаниуæг  ис йæ чиныг «Ирон литературæйы истори»-йæн. Уый у ахуыргæнæн чиныг студенттæн æмæ егъау методикон æххуыс скъолайы ахуыргæнджытæн.

Ирон театралон аивадмæ фысджытæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Галаты Барис, Æлборты Барысби, Тотраты Бесæ æмæ бирæ æндæрты  хайбавæрдыл дзырдæуы чиныг «Театр – царды айдæн»-ы. Автор нæ зонгæ  кæны театры сæвзæрдæй суанг абоны онг зынгæ актерты цард æмæ сфæлдыстадон архайдимæ. Уыдон сты Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Джиуæрджи, Туаты Зураб, Цоциты Нинæ, Цæби-ты Нинæ, Хаситы Вильгельм, Уанеты Хсар, Гугкаты Евелинæ, Жан-Жак æмæ бирæ æндæртæ. Иу чиныджы æппæт актертæ æмæ режиссертыл æрдзурæн нæй. Уымæ гæсгæ сарæзта æндæр чиныг «Ирвæдæны зиууæттæ», зæгъгæ.

Драматургийæн уæлдай ахсджиаг бынат ис Плиты Гацыры зонадон куыстыты. Йæ кандидатон диссертаци дæр Туаты Дауыты драматургийыл фыст у. Фæстæдæр æй мыхуыры рауагъта хицæн монографийæ «Давид Туаев, очерк жизни и творчества».  Йæ чиныг «Рæстæг æмæ ирон драматурги»-йы темæтæм гæсгæ æвзæрст цæуынц ирон драмон уацмыстæ.  Автор аргъ кæны, историон цаутæ æмæ рæстæджы ивындзинæдтæ драматургты сфæлдыстады куыд æвдыст цæуынц, уымæн, иртасы хæрзæгъдау æмæ намысы проблемæтæ, ирон бинонты цардуаг, куыст æмæ фæллойы темæ, Къостайы фæлгонц æндæр æмæ æндæр драматургты сфæлдыстады.

Хицæн монографитæ рауагъта Хетæгкаты Къоста, Плиты Грис, Джыгкайты Шамилы сфæлдыстадыл. Бæстонæй æвзæрст æрцыд Саулохты Мухтары сфæлдыстад – йæ поэзи, йæ поэмæтæ, йæ драматурги чиныг «Саулохты Мухтары цард æмæ сфæлдыстад»-ы. Гацыры сисы бынæй раст аргъ æрцыд фыссæджы саразгæ фæлгæнцтæн, царды цаутæ æмæ хабæрттæн.

Очеркты æмбырдгонд ирон фысджытыл у чиныг «Фæлтæртæ æмæ азтæ». Ис дзы биографион зонæнтæ æмæ се сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст.

Хицæн чиныджы Гацыр Гаврилы фырт баиу кодта Плиты фысджыты сеппæты дæр чиныг «Плиты фысджытæ»-йы.

Ручъы Плитыл, сæ равзæрд, сæ цард раджы æмæ ныры заманы æвдыст æрцыд чиныг «Плитæ æмæ Рукъгом»-ы.

Этнографион æрмæг æмæ историон бæлвырдгæнæнтæ ис чиныг «Рукъгом»-ы. Рукъ цы дзуæрттæм кувынц, цы бæрæгбонтæ нысан кæнынц, цы мыггæгтæ дзы цæрынц, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы рукъæгтæ цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой хæсты æмæ фæсчъылдым, сæ колхозæн йæ сæрдар Плиты Мартæйы сæргълæудæй цы æнтыстытæ уыд, уыдæттыл бæстонæй дзырдæуы ацы чиныджы.

Афоризмæй баззадысты Беджызаты Чермены ныхæстæ абоны онг: «Ссæдзæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ‘хсæн æлгъыст уæд фæлтау». Нæ ферох Плиты Гацырæй дæр æмæ уыцы тугамæхст цауты хайадисджытыл сарæзта хицæн чиныг: «Мæлæм, уæд лæугæйæ!» Егъау хайбавæрд ирон адæм æмæ Ирыстон гуырдзиаг нацисттæй ссæрибар кæныны хъуыддаджы бахастой Санахъоты Владимир, Плиты Арон, Дзаттиаты Алыксандр, Гаглойты Серги, Абайты Алыксандр, Санахъоты Мате, Козаты Разден, Джиоты Илларион, Джиоты Лентъо æмæ Степан, фысджытæ Беджызаты Чермен æмæ Хъуылаты Созырыхъо. Уыдоны цард æмæ тохы хъуыддæгтыл дзырдæуы чиныджы.  Уæлдай цымыдисон у амынд чиныджы уацтæй иу «Иры туг кæм нæ ныккалд», цыран дзырдæуы Хуссар Иры хъайтартæ 350-йæ кæй фæмард сты хъазахаг станицæ Бургъустаны зæххыл урсыты ныхмæ хъазуатон тохы. Æмткæй ирон полкæй та дзы фæмард 1333 хæстоны.

Литературæйы хицæн фарстытыл, интеллигенцийы раззагон минæвæрттыл, æндæр æмæ æндæр фысджыты сфæлдыстадыл зонадон куыстытæ баиу æрцыдысты чиныг «Царды къахдзæфтæ»-йы.

Ахæм у цыбыртæй Плиты Гацыры цардвæндаг, зонадон æмæ ахуыр-хъомыладон архайд. Нæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ ноджы егъаудæр æнтыстытæ.

           БИАЗЫРТЫ Аллæ,

филологон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.