Ног азы бæрæгбонмæ бирæ нал баззад æмæ та нæ республикæйы культурон æмæ ахуырадон уагдæттæ цæттæ кæнынц хиирхæфсæн мадзæлттæ, акцитæ. Ног азы размæ хорз традици ссис сывæллæттæн лæвæрттæ бакæныны хæрзаудæн акци. Йæ организатортæ кæддæриддæр бацархайынц, цæмæй сывæллæттæн сæ зæрдæтæ барухс уой канд сæ бæллиццаг лæвæрттæй нæ, фæлæ ма хъæлдзæг номыртæй дæр. Уыдон сæ чысыл уазджытимæ камерæйы раз фæныхас кæнынц, чысыл интервьютæ сæ райсынц æмæ сæ афтæмæй сбуц æмæ бахъæлдзæг кæнынц.

Традицимæ гæсгæ 15-æм декабры паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы бæстыхайы, рæсугъд фæлындзыд фойейы райдайдзæн ногазон хæрзаудæн акци «Мæ ногазон бæллиц». Æрвылазон проекты сезон байгом уыдзæн. Ацы хъæлдзæг æмæ диссаджы проект цæттæ кæнынц РХИ-йы Президенты Администраци паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-имæ иумæ. Проекты хайадисджытæ суыдзысты нæ республикæйы интернаттæ æмæ Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæн сæ сусæг бæллицтæ фыстæджыты хуызы ауыгъд уыдзысты рæсугъд фæлыст назбæласыл. Не ‘мбæстæгтæй кæй бафæнда – хуымæтæг адæймаг уа, политик, кæнæ спортсмен – алкæмæндæр бар ис, цæмæй хайад райса ацы акцийы æмæ уымæй сæххæст кæна иу кæнæ цалдæр бæллицы.

Нæ республикæйы Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ацы хæрзаудæн акцийы сæйраг нысан у, цæмæй иумæйагæй æрбалæууæм ахæм сывæллæтты фарсмæ, кæцыты хъæуы не ‘ххуысы сæр. «Ахсджиаг у, цæмæй Ног азы размæ нæ сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнæм, Митын Дадайæ цы æрдомой, уыцы бæллиццаг лæвæрттæй. Ацы ногазон проектæн фи-нансон æххуыс бакодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ дзы æнæмæнгæй йæхæдæг дæр хайад райсдзæн», – загъта Тыбылты Алан.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ акци «Мæ ногазон бæллиц»-æн кæй ис ахсджиаг нысаниуæг. Уый ахсджиаг у, куыд сывæллæттæн, афтæ уыцы хистæртæн дæр, кæцытæ æрбалæудзысты сæ фарсмæ æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кæндзысты. Ахæм хæрзиуæгон хъуыддаг, фыццаджыдæр, мах, хистæрты, разæнгард кæны хорз хъуыддæгтæм фылдæр хъусдард здахæм сывæллæтты проблемæтæм, адæймаг сæ æввахсдæр айсы йæ зæрдæмæ æмæ сын æнæмæнгдæр хъæуы сæ бæллицтæ сæххæст кæнын.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, ног 2023 азы бæрæгбоны хæдразмæ сывæллæтты барæвдауын кæй фæнды, уымæн йæ бон у æмæ фæуазæг уа телекомпани «Ир»-ы бæстыхаймæ æмæ назбæласæй райса, цал æй фæнды, уал фыстæджы, æмæ сæ цы бæллицтæ фыст ис, уыдон сæххæст кæна. Ныфс нæ ис, æмæ бирæтæ кæй райсдзысты хайад акци «Мæ ногазон бæллиц»-ы.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.