Ирыстон алыхатт дæр хъæздыг уыд æмæ ныр дæр у курдиатджын адæймæгтæй. Рæвдз сты куыд кафынмæ, афтæ зарынмæ дæр. Мæ абоны уацы хъайтарæн дæр стыр хуыцау схай кодта зарæггæнæджы курдиат æмæ чысылæй фæстæмæ йе сфæлдыстадæй рухс кæны адæмы зæрдæтæ.

Лалыты Альберт райгуырд горæт Цхинвалы. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны, кæцыйы каст фæцис æнтыстджынæй. Ныртæкккæ кусы музыкантæй æмæ уыцы иурæстæджы ахуыр кæны горæт Цхинвалы цалдæр азы размæ баконд цы Гом институт  æрцыд, уым юридикон факультеты.

Альберт зарын райдыдта 12-аздзыдæй сфæлдыстадон коллектив «Звездный юг»-ы къорды æмæ уæдæй фæстæмæ нал фæиппæрд йæ уарзон архайдæй æмæ абон дæр æнувыд у йæ равзаргæ дæсныйадыл. Йæ царды нысан ссис музыкæ. «Ацы командæйы райдыдтон ме сфæлдыстадон архайд. Ацы командæ мын бирæ радта мæ дарддæры сфæлдыстады фæндагæн», – банысан кодта Лалыты Альберт.

1-æм марты Лалыйы фыртæн нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы уыдзæн стыр солон концерт «Дикая лаванда», зæгъгæ. Мадзалы ма йæхицæй дарддæр хайад райсдзысты зынгæ зарæггæнджытæ Бететы Алим, Джиоты Любæ, «Звездный Юг»-æй къорд «Симпатико» дыууæ адæймаджы скондæй, афтæ ма концертмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ се сфæлдыстадæй бархус кæндзысты Цæгат Ирыстонæй æрцæугæ зарæггæнæг Хъуылымбегты Роберт æмæ юмористон проект «Однажды в Осетии»-йы уæнг Козаты Георги (полковник Иваныч). Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Лалыйы фыртæн 1-æм марты цы солон концерт уыдзæн, уым кæй сæххæст кæндзæн фондз ног зарæджы, кæцыты уый размæ никуы азарыд æмæ  æнæдызæрдæгæй зæгъæн ис йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ сæм райзæрдæйæ кæй байхъусдзысты.

Лалыты Альбертæн уый уыдзæн йæ цыппæрæм солон концерт. Фыццаг концерт ын уыд 2019 азы, кæцы йын уыд хæрзаудæн мадзал. Концертæй цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдонæй финансон æххуыс бакодта автокатастрофæйы фæмардуæвæг Къозонты Димайы фæкæсынхъуаг бинонтæн, æхцайы фæрæзтæй ма баххуыс кодта Знауыраг бинонтæн, кæцытæн ис рынчын сывæллон. Афтæ ма Альберт уæд хайад райста телерадиокомпани «Ир» цы хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан» уадзы, уым æмæ ногазон лæвæрттæ бакодта æртæ æххуысхъуаг сывæллонæн.

Дыккаг концерт ын уыд Цæгат Ирыстоны Октябры хъæуы. Æмæ  æртыккаг концерт та радта Знауыры поселочы Культурæйы хæдзары.  Альберт йæ концертты рæстæджы æрæмбырд кæны æнæхъæн залтæ æмæ йын йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ тыхджын къухæмдзæгъд фæкæнынц.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Лалыйы фырт «Звездный Юг»-ы куы зарыд, уæд 2010 азы хайад кæй райста Мæскуыйы уагъдцæуæг фестиваль «Русская песня»-йы. Уыдон фондзæй – Альберт йæхæдæг, Цхуырбаты Сæрмæт (абон дзæнæттаг), Хаситы Сослан, Эка Данелян, Гæбæраты Элинæ æмæ Гæбæраты Илонæ тынг хорз сæххæст кодтой зарæг «Россия»-йы. Ныффыста йæ Гæбæраты Альзирæ. Зарæг фыст æрцыд 2008 азы августы хæсты тыххæй æмæ йæ мидис уыд Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн кæй баххуыс кодта, уымæй  хуссарирыстойнаг цæрджытæ æгæрон райгондæй кæй баззадысты, уый. Ацы фестивалы хайад райстой 54 бæстæйы минæвæрттæ. Дыууæ боны дæргъы дзы цыдысты æвзарæн концерттæ. Æвзарæн турты фæстæ ма дзы баззадысты 10 бæстæйы минæвæрттæ, уыцы нымæцы хуссарирыстойнаг зарæггæнджытæ дæр. Æмæ систы фестивалы лауреаттæ. Залы æрæмбырдуæвджыты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд  сæ сæххæстгонд  зарæг æмæ сын  æмдзæгъд кодтой лæугæйæ цасдæр рæстæджы дæргъы.

Альбертимæ ныхас кæнгæйæ, куыд рабæрæг афтæмæй йæ мад Лалыты Людæ уыд зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы артист. Нырма дзы кафгæ кодта æмæ уый фæстæ та – заргæ, фæкуыста дзы 18 азы дæргъы. Йæ мад-иу æй арæх акодта йемæ куыстмæ æмæ-иу чысыл лæппу музыкæйы æхцон зæлтæм хъусгæйæ баззад. Йæ зæрдæйæн ын æнахуыр æхцондзинад хаста кæлæнгæнæг музыкæ. Уæд аскъуыддзаг кодта йæ цард музыкæимæ кæй сбæтдзæн, уый тыххæй. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, гентæ дæр сæ кæнон бакодтой æмæ мады фæндагыл ацыд йæ фырт дæр. Æнæ музыкæ йæ бон цæрын нал бацис æмæ ныр 15 азы дæргъы архайы йæ уарзон профессийæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæппуйы йæ равзаргæ фæндагыл ацæуыны тыххæй нæ бакъуылымпы кодта Людæ дæр, уымæн æмæ йæхæдæг дæр ацы фадыджы архайдта дæргъвæтин азты дæргъы.

Лалыйы фырты плæнтты ис æввахс рæстæджы Дзæуджыхъæуы солон концерт радтын. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Альберт йæ зарджытæн æмдзæвгæтæ кæй фыссы йæхæдæг. Мæнæ куыд фæзæгъынц, курдиатджын адæймаг курдиатджын вæййы алцæмæй дæр, зæгъгæ. Афтæ æвзыгъд у алцæмæдæр ацы курдиатджын зарæггæнæг дæр.

1-æм марты йын нæ горæты цы концерт уыдзæн, уырдæм билеттæ балхæнæн уыдзæн киноконцертон зал «Чермен»-ы кассæйы. Бæлвырддæр зонæнтæ райсæн ис мæнæ ацы телефоны номыртæм бадзургæйæ: 8929-804-88-00.

Концертмæ æрбацæуджытæ райгондæй кæй баззайдзысты, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Табуафси, æрбацæут æмæ хъæлдзæг рæстæг арвитут.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.