Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл Министрады коллективы базонгæ кодта ведомствойы сæргълæууæджы ног хæдивæг Санахъоты Русланимæ.

Санахъоты Русланы бирæазон фæллойадон архайдыл дзургæйæ, Президент банысан кодта куыстмæ йæ бæрнон æмæ раст ахаст.

«Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ Руслан Георгийы фырт ведомствойæн æмæ республикæйæн дæр иумæйагæй бирæ пайда æрхæсдзæн. Мæ цæст дын уарзы æнтыстытæ! Размæ æмæ æрмæстдæр размæ!» – загъта Бибылты Анатоли.

Ведомствойы сæрмагонд скондимæ ныхас кæнгæйæ ма паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хорз зонгæ у ирвæрзынгæнджытæ цы зындзинæдтыл сæмбæлынц, уыдонимæ, фæлæ ведомствойы куыстæй у райгонд. Уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ, уæрæсейаг коллегæтимæ куыст цæуы куыстмызд фæфылдæр кæныны фæдыл æрмæст Уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл нæ, фæлæ куыстмызд минималон кæм у, ахæм ведомствоты фæдыл дæр.

Министрады сæргълæууæгæн – ног хæдивæг

«Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæлвæткон уавæрты министрады ис проблемæтæ. Вæййы дзы мæнг сидтытæ æмæ сидтытæ алыгъуызон уавæрты фæдыл, кæцытæ сымахмæ нæ хауынц. Уыдон сты уæлæмхас хæрдзтæ, техникæ хæлы, сæрмагонд сконды цæттæдзинад халын æмæ æндæртæ. Бузныг уын уæ зын куысты тыххæй æмæ уын мæ цæст уарзы æнтыстытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.