Хуссайраг æфсæддон зылды гæрзифтонг тыхты рæнхъыты 5 мин службæгæнæгæн райдыдтой батальонты тактикон ахуыртæ. Уыцы-иу рæстæджы цæуынц Цæгат Ирыстоны, Дагъыстаны,  Цæцæны республикæйы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы. Æфсады пресс-службæйæ  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæстон æхстыты архайынц артиллеристон дивизитæ, æмæ реактивон системæтæ «Торнадо» æмæ «Град», стæй  æндæр техникæ. Сгарæн æхсæн комплексты пайда кæнынц танктæ Т-72 æмæ Т-90, стæй фистæг æфсæддонты хæстон машинæтæ. Ахуырты архайынц  алы дæлхайæдтæ. Уыдон сты – инженерон, медицинон, уæлдæфон сгарæн æмæ æндæр хайæдтæ. Æфсæддонты æвæстиатæй тохы бынатмæ бахæццæ кæныны, стæй хæстон æхстыты æххуыс кæнынц  Хус-сайраг æфсæддон зылды хæдтæхджытæ æмæ вертолеттæ. Æдæппæтæй ацы сæрд уагъд æрудзæн 30 ахуыргæнæн мадзалæй фылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.