7-æм июнæй 14 июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой авд адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 177 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

7 июны 39-аздзыд горæттаг цæрæг йæхи раппæрста 5-æм уæладзыджы балконæй æмæ фæмард. Барадхъахъхъæнæг органтæ уадзынц слестгæнæн мадзæлттæ, цæмæй рабæрæг кæной æрыгон адæймаджы хиамарыны аххосæгтæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой  горæттаг 40-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарад «марихуанайæ» спайда кæнынæй. Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой горæттаг 24-аздзыд цæрæджы медицинон пре-парат «лирикайæ» спайда кæныны тыххæй, кæцыйы сконды ис наркотикон буарад «прегабалин».

13 июны Дзауы районы Чеселты хъæуы цхинвайлаг 48-аздзыд цæрæгæн кувæндонмæ цæугæйæ йæ къах фæбырыд æмæ ахауд былæй æмæ алыгъуызон уæззау цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.