2008 азы августы  Уæрæсейы нысан нæ уыд Гуырдзыстоны ныддæрæн кæнын кæнæ Саакашвилийæн мæлæты тæрхон рахæссын, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы премьер-министр Дмитри Медведев.

Газет «Коммерсантъ»-æн интервьюйы  УФ хицауады сæргълæууæг, кæцы 2008 азы уыд Уæрæсейы  Федерацийы президент, банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы къухдариуæгад августы хæсты рæстæджы тырныдта Хуссар Ирыстоны территори агрессорæй асæрибар кæнын æмæ  тыхмийы эскалаци дарддæр мауал бауадзын.

«Нæ нысан уыд Гуыдзыстоны хæстонты Цхинвалæй асурын æмæ фæтк æрæвæрын æмæ тыхмийы эскалаци, растдæр зæгъгæйæ та хæстон архайдтытæ аиуварс кæнын. Нæ нысан нæ уыд Гуырдзыстоны ныддæрæн кæнын кæнæ Саакашвилийæн мæлæты тæрхон рахæссын.  Уый сæраппонд æз, куыд уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, афтæ аскъуыддзаг кодтон не ‘фсады фæстæмæ раздахын æмæ дарддæры архайд æруромын. Æз афтæ нымайын, æмæ хицауад раст бакодта, хиуылхæцын æмæ дарддæр архайд æруромыны тыххæй уынаффæ кæй райста, уымæй», – загъта Медведев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Тбилисмæ ныббырст бауромын фадат радта уавæр æрсабыр кæнынæн, уыцы нымæцы Уæрæсе æмæ Евроцæдисы ахастыты дæр.

«Куыдфæстагмæ нын уый  фадат радта æрмæст Ирыстон æмæ Абхазы уавæр æрсабыр кæнынæн нæ, фæлæ Евроцæдис æмæ æндæр бæстæтимæ сабырадон ахастытæм рахизынæн. Кæд ма йæ хъуыды кæнут,  уыцы рæстæджы карз реакцимæ нæ кæсгæйæ, махæн нæ бон бацис бынтон цыбыр рæстæгмæ семæ бадзурын, Хайди Тальявинийы къамисы куысты фæстиуæг та уыд, хæстон цæф Гуырдзыстон кæй фæкодта æмæ агресси кæй райдыдта, уый бафидар кæнын», – банысан кодта уæрæсейаг премьер.

Медведев ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ,  Саакашвилийы æмæ йæ ардауджыты аморалон, фыдракæндон уагахаст æркодта  2008 азы хæстмæ. Уыимæ ма уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы проблемæты уидæгтæ баст сты, Советон Цæдисы ныппырхы рæстæджы Тбилис цы уынаф-фæтæ райста, уыдонимæ.

«Мæ хъуыды баззад, раздæр куыд уыд, ахæмæй: Михаил Саакашвилийы æмæ йæ цырынгæн-джыты аморалон, фыдракæндон уагахаст куынæ уыдаид, уæд хæст нæ уыдаид. О, уым уæд уавæр тынг æндыгъд уыд. Уыцы уавæр 2008 азы  нæ сæвзæрд, фæлæ – 1991 азы. Проблемæты бындзæфхад ис, 1990 азты Гуырдзыстоны хицауиуæгад цы уынаффæтæ райста, фæлæ кæцыты нæ райстой нæдæр Хуссар Ирыстон æмæ нæдæр Абхаз, уыдоны. Фæлæ 2008 азы  онг къухы бафтыд уыцы негативон процессты æрбæстон кæнын.  2008 аз та Гуырдзыстоны хицауад президенты сæргълæудæй  уæрæх фæндаг бакодта агрессийæн, æмæ æрцыд, цы æрцыд, уый», – загъта Дмитри Медведев.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ æрсидгæйæ, Уæрæсе сифтонг кодта сабырадон размæцыд æмæ бахъахъхъæдта йе ‘мбæстæгты, кæцытæ цæрынц ацы дыууæ республикæйы.

«Ныр æдзух нал риссы нæ сæр, радон хатт та Гуырдзыстон кæй æрбабырсдзæн æмæ та нын не ‘мбæстæгты, не ‘дасдзинад бахъахъхъæнын кæй бахъæудзæн, уый тыххæй цавæрдæр дзуапп дæттын кæй нал хъæуы, уый. Регионы æппæт дæр æмбæрстгонд у. Æмæ уый у иууыл  сæйрагдæр», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.