Мыхуры рацыд журнал «Мах дуг»-ы 10-æм номыр. Журнал байгом, Цæцæны Фысджыты цæдисы сæрдар Канта Ибрагимовы хъуыдытæй Ирыстоныл, ахæм сæримæ: «Æмдугоны хъуыдытæ», зæгъгæ. – «Ирыстон! Ам райгуырд мæ уарзон поэт Къоста. Махæн иу сты нæ культурæ, нæ истори, не ‘гъдæуттæ. Иу сты не ʻвзаг æмæ нæ литературæйы фарстатæ дæр. Æмæ нæ уый кæны ноджы æнгомдæр. Мæ бæллиц та у нæ адæмты хæлардзинад æмæ сæ рæсугъд фидæн», – зæгъы Канта Ибрагимов.

Ирон зындгонд поэт æмæ æхсæ-надон архайæг Къубалты Алыксандры райгуырдыл сæххæст 150 азы. Журналы мыхуыр цæуы йæ уац «Цалдæр сæмбæлды» (Къостайы цардæй мысинæгтæ).

135 азы сæххæст курдиатджын поэт, лирик Малиты Геуæргийы райгуырдыл. Уый цытæн журналы мыхуыр æрцыдысты йе ʻмдзæвгæты цикл «Мæ зин сагъæстæ, мæ сæнттæ» æмæ зынгæ адæймæгты хъуыдытæ поэты тыххæй ахæм сæ-римæ: «Геуæргийы тыххæй загътой», зæгъгæ.

Рубрикæ «Ног уацмыстæ»-йы бын мыхуыр æрцыдысты, поэзийæ – Габолаты Зауыры æмдзæвгæтæ: «У баст ирон дзырдыл мæ уд!», прозæйæ – Бицъоты Грисы документалон уацау «Царды аууæттæ кæнæ фыссæг мæ цæуылнæ рауади».

Ирыстоны адæмон артист Дзытиаты Лактемыры райгуырдыл сæххæст 70 азы æмæ рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл дзурæг къамтимæ. Афтæ ма рубрикæ «Аивад, культурæ», зæгъ-гæ, мыхуыр кæны «Хæлæртты мы-синæгтæ», Лактемырæн йæхи æм-дзæвгæтæ, театры арæзт фæлгæндзтæ æмæ кинойы цы рольтæ хъазыд, уыдоны номхыгъд.

«Аланистоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Сау-тæты Тамилæйы уац «Фарнхæссæг Цомайты Харлампи».

Рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад»-ы бын журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн Едзиты Андрейы таурæгътæ. Егары «Хуыцауы уазæг ут!» бакæсдзыстут рубрикæ «Ирон зонды авналæнтæ»-йы бынмæ.

Журналы ма мыхуыр æрцыдысты Чеджемты Георы уац «Фыдæл-ты хæзна», Къостайы премийы лауреаттæ.

Рубрикæ «Ирон прозæйы антологи»-йы бын мыхуыр цæуынц Хохойты Энверы цыбыр биографи æмæ йæ новеллæтæ. Мыхуыр ма цæуынц «Мæйы цаутыл афæлгæст» æмæ драматург, Ирыстоны адæмон фыссæг, Хæмыцаты Хакясы фырт Цæрайы амæлæты фæдыл тæфæрфæс.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.