Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæла-хиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Екатеринбургы. Ирон спортсменкæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Финалы уый цыбыр рæстæгмæ фæуæлахиз Самарайы областы минæвар Мария Ивановайыл.

Уыцы бон ма Аланæ нысан кодта йæ райгуырæн бон æмæ афтæмæй йæхицæн сарæзта лæвар. Сæххæст ыл 19 азы.

Æлборты Аланæйы тренертæ сты Гæбæраты Автандил, Гæбæраты Витали æмæ Тъуриты Тенгиз.

***

Дзюдойæ Уæрæсейы æмбырдгонд ссис Уфайы уагъдцæуæг Европæйы командон чемпионаты бронзæйон призер. Уæрæсейæгты æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахаста Тасойты Инал (+90 кг). Фыццаг тохы Уæрæсе фæхæрд Турчы æмбырдгондæн. Фæлæ фæстæдæр фæуæлахиз Греци æмæ Австрийы командæтыл. Бронзæйон -рамбулыны сæраппонд фембæлды та тыхджындæр уыд Белорусийæ.

ФУТБОЛ

Ацы аз фæстаг тур уагъд æрцыд Национ футболон къорды. Дзæу-джыхъæуы «Алани» Грознæйы фысымиуæг кодта Мæскуыйы «Велес»-æн. Ацы хъазты сæ бон хайад райсын нæ уыд  дзæуджыхъæуккаг клубы 10 хъазæгæн. Уый размæ травмæтæ райстой Ростислав Солдтаенко, Тадтаты Алексей, Гуырцъыты Батраз, Саулохты Давид, Хуыбылты Владимир æмæ Цæриаты Алан. Хъазты размæ йæхи æвзæр рахатыд кулдуаргæс Томайты Азæмæт æмæ йæ бæсты рахызт Георгий Натабашвили. Дисквалификацийы аххосæй хъазæн фæзмæ рахизын сæ бон нæ уыд Ислам Машуков, Николай Гиоргобиани æмæ Багаты Аланæн. Фæлæ уыцы хабар тынг нæ бандæвта командæйы архайдыл æмæ уæлахизмæ тырнындзинадыл. Хъазты 3-аг минутыл алайнæгты фыццаг пурти бакъуырдта Абу-Саид Эльдарушев. 29-æм минутыл та хыгъд 2:0 скодта Кобесты Давид. Уымæн уазджытæ дзуапп радтой æрмæстдæр иу бакъуырд пуртийæ. Афтæмæй 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз «Алани». Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Ирыстоны сæйраг командæйы 54-æм минутæй фæстæмæ кæй хъазыд дæс футболисты. Дыккаг бур карточкæ райста Бутта Магомедов.

«Алани» зымæгон улæфтыты ацыд турнирон таблицæйы, цыппæ-рæм бынат ахсгæйæ.

Чемпионат сног уыдзæн марты мæйы. 26-æм туры дзæуджыхъæуккæгтæ уазæгуаты хъаздзысты Ивановойы «Текстильщик»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.