Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томас стыр хъусдард здахы цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæнынмæ. Уымæн æвдисæн у, нæ республикæмæ Уæрæсейæ мастер-къластæ чи ауадза  дæрддзæф хъæуты фельдшерон пунктты   медицинон хотæн, ахæм специалистты æрхуынд.

Уыдон сты  анестезиолог-реаниматолог Алексей Пережогин æмæ астæуккаг медицинон персоналы куыст организацигæнæг специалист Ольга Чумакова. Се ‘рцыды тыххæй нын Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады пресс-службæйы разамонæг Томайты Иринæ радзырдта: «Нæ республикæйы  кусы 49 ФАП-ы, 11 амбулаторийы, æртæ  районон поликлиникæйы хайады. Уым алы ран дæр рынчынтæ æнæкъуылымпыйæ хъуамæ исой медицинон æххуыс бæрзонд æмвæзадыл. Уыцы бынæтты  цы астæуккаг медперсонал ис, уыдонæн сæ зонындзинæдтæ куынæ бæрзонд кæнæм, уæд медицинæ размæ цæуы. Зæгъæм, фæстейæ аззайдзысты. Уымæн æмæ бонæй-бонмæ Дзауы районы Синагуры æмæ Ленингоры районы Цъинагары хъæутæм хæстæг цы амбулаторитæ ис, уыдон хъуамæ кæной æнæаргъæвгæ æххуыс бæрзонд æмвæзадыл, уымæн æмæ сты районты центрæй дæрддзæф, паддзахадон арæнтæм та – æввахс. Ахæм ФАП-тæ æмæ амбулаторитæн ма хъуамæ æнæмæнг уа «Тагъд æххуыс»-ы сæрмагонд машинæтæ дæр, цæмæй фадат уа рынчынты районты æмæ Цхинвалмæ рынчындæттæм аласынæн. Æппæт ацы проблемæтæ æрбæстон кæныныл кусы Джыгкайты Томас», – зæгъынц министрады пресс-службæйы.

Томайты Иринæ ма радзырдта, зæгъгæ, сывæллæтты рынчындоны ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй медицинон хотæн уагъд æрцæуа бæрзонд æмвæзадыл мастер-къластæ. Курсытæ райдыдтой ноябры райдианы æмæ ныр медицинон хотæ теорийæ дæттынц фæлварæн. Декабры мæйы та сын уагъд цæудзæн практикон ахуыртæ.

20 медицинон хойы сæ зонындзинæдтæ фидар кæнынц къамисы раз. Уæрæсейæ æрхонгæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй. Ацы фæлварæнтæ уагъд цæуынц хъæууон фельдшертæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Медицинон хотæй æнтыстджынæй фæлварæнтæ чи радта, уыдонæн лæвæрд æрцæудзæн сертификат. Ахæм сертификат кæмæ уа, уымæн уыдзæн фельдшерæй кусыны бар.

Медицинон хотæн иу мæйы дæргъы республикон рынчындоны кæсдзысты лекцитæ профилон темæтыл – хирурги, кардиологи, ревматологи, терапи æмæ пульмонологийы фæдыл. Закъонмæ гæсгæ медицинон хо æнæмæнг хъуамæ фондз азы иу хатт рацæуа квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл курсытæ æмæ уый фæстæ радта фæлварæнтæ.

«Медицинон кусæгмæ сертификат куынæ уа, уæд уымæн бар нæй æмæ дарддæр куса. Ныртæккæ мах цы медицинон хотимæ кусæм, уыдон, хъыгагæн, иу хатт дæр нæ фæбæрзонддæр кодтой сæ квалификаци. Фельдшер та, дæрддзæф цæрæн пункты куы куса, уæд хъуамæ уа цæттæ», – загъта Ольга Чумакова. Æнæниздзинады министрады пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй дарддæр та сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæндзысты, поликлиникæты, рынчындæтты æмæ тагъд æххуысы станцы чи кусы, уыдон се ‘ппæт дæр.

Медицинон хотæ-фельдшертæ сæхæдæг дæр райгонд сты уыцы ахуыртæй. Лекциты рæстæджы бирæ ногдзиндæтæ базыдтой. «Фæстаг рæстæджы медицинæ размæ ацыд. Мах, дæрддзæф хъæуты цæрджытæ, фæстæ баззадыстæм. Цыдæриддæр нæм фарстатæ фæзыны, уыдон нын лæмбынæг бацамонынц. Фельдшерон пункттæ цы медицинон ифтонггæрзтæй ифтонг хъуамæ æрцæуой ног программæмæ гæсгæ, уыдæттæ дæр нын  бацамыдтой», – зæгъы фельдшертæй сæ иу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.