«Югосетнефтепродукт»-ы сæргълæууæг Джыгкайты Сослан куыд фехъусын кодта, афтæмæй социалон хызæгты цы информаци ныффыстой, ома, нæ республикæмæ ласт нал цæуынц æртаджы æрмæджытæ, уый раст нæу.

Ахæм дам-думтæ фыццаг хатт нæ ауагътой Хицауады ныхмæ кусæг   оппозиционертæ. Фæлæ  зæгъын хъæуы уый, æмæ алы хатт бындур кæй нæ вæййы сæ ныхæстæн.

2014 азæй фæстæмæ компани «Роснефть»-имæ бадзырдмæ гæсгæ «Югосетнефтепродукт» у Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ æртаджы продуктты квотæйы æх-хæстбарджын импортер. Æртаджы аргъ фæфылдæр кæнын махыл баст нæу. Дизелон æртаджы аргъы фæфылдæрæн дæр йæхи аххосæгтæ ис, ныртæккæ  дизелон æртаг уæй кæнæм 65 сомæй. Æндæр рæтты та 67-72 сомы аргъ у. Канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æртагимæ кризисон ситуаци ис Уæрæсейы Федерацийы дæр. Уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстой дзыллон информацийы фæрæзтæ. Уæрæсе æппæт йæ тыхтæ дæтты, Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны ифтонг  кæнынæн.

«Æртаджы æрмæджытæ афоныл æрласын республикæмæ æрмæст махыл баст нæу. Зымæгон бонты фæндагыл боныгъæдимæ баст зындзинæдтæ райдайынц. Мах ма арæх фæаххосджын кæнынц, ома, дам, æртаджы гъæд дæр бæллиццаг нæу. Ахæмтæн зæгъдзынæн: æртаджы алы цистернæйæ дæр ист цæуы анализ. Рæстæгæй-рæстæгмæ анализ сисынц Зæрæмæджы таможнæйы дæр. Мæнæн мæ бон у фидарæй зæгъын, махмæ кæй ис Дзæуджыхъæуы æртаджы станцы цахæм гъæд æртаг ис, растдæр ахæм. Кæд исчи гуырысхо кæны æртаджы гъæдыл, уæд йæ бон у немæ рацæуа æмæ йæхи цæстæй фена æртаджы æрласт æмæ реализацийы процесс», – загъта Джыгкайты Сослан.

Уый ма йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, йæ куыстуаты фæнды саразын æртаджы станц, цæмæй сын уавæртæ уа фæсауæрцтæ кæнынæн.

P.S. Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ цы æртаг ласт цæуы, уымæ сæ хъус дарынц стандартизаци æмæ метрологийы комитет. Закъонмæ гæсгæ уыдонæн нефтепродуктты сгарыны бар ис æрмæст «Юго-сетнефтепродукт»-ы станцы нæ, фæлæ ма коммерцион нефтебазæты. Уыцы процедурæтæ уагъд цæуынц афæдз иу хатт. Фæлæ сæм официалонæй хъаст куы бацæуы, уæд комитеты кусджытæн бар ис, кæдфæнды дæр бацæуын æмæ ауадзын басгæрст.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.