Ирон æмбисæндтæй сæ иу афтæ зæгъы: “Адæм кæрæдзийы ныфсæй цæрынц”, – зæгъгæ. Æмæ уый, æцæгæйдæр, афтæ у. Мах æрвылбон дæр кæрæдзийыл æмбæлæм, æмæ нæм афтæ фæкæсы, цыма кæрæдзийы рис, кæрæдзийы хорздзинад æнкъарæм, зонæм, чи нæ цы хъуыддаджы тыхсы, чи нæ цæмæй хъæрзы, уый. Фæлæ уый æххæст афтæ нæу.

Нæ горæты цæрæг 100-аздзыд Гаглойты-Дзигойты Марияимæ фембæлгæйæ мæн дисы бафтыдта йæ цæрдæг уæнгты фезмæлд, йæ мæллæг цæсгомыл цы æнæхин  мидбылхудт ахъазыд, уый. Афтæ мæм фæкаст, цыма ацы сылгоймаг царды алцæмæй дæр æххæст уыд, ницы ныхдуртæ лæууыд йæ разы æмæ йын цæрын дæр уымæн бантыст. Æмæ йæм мæхимид хæлæг дæр бакодтон, йæ 100 азы сæрты æнæнизæй кæй акаст, уый тыххæй. Фæлæ мын йæ царды таурæгъ куы райдыдта дзурын, уæд мæ зæрдæ йæхи къултыл куыд бахоста, уый тынгдæр банкъардтон. Æмæ та мæ зæрдыл æрбалæууыд нæ фыдæлты æмбисонд: “Царды цалх тулы æмæ тæригъæд никæмæн кæны, йæ быны чи фæвæййы, уый ныцъист кæны”.

Марияйы царды таурæгъ та, райдыдта афтæ: Æнусы размæ Цхинвалы районы Додоты хъæуы цæрæг Гаглойты Уасил æмæ йæ цардæмбал Къæбысонæн Мады Майрæм балæвар кодта чызг. Сæвæрдтой йыл ном – Мария. Бирæ зæрдæбын арфæтæ фæкодтой хъæубæстæ Уасилæн, йæ чызджы райгуырды тыххæй. Ноггуырдæн сæ цæст бауарзта, цæмæй фондзыссæдз азы æнæмаст, æнæнизæй фæцæра. Хистæрты куывдтытæ чысыл Марияйыл æрцыдысты. Кæд йæ царды фæндаг лæгъз нæ разынд, уæддæр Марияйæн хъысмæты цæст бауарзта абоны бонмæ æнус фæцæрын æмæ æрæджы банысан кодта йæ райгуырды 100 азы бон. Уыцы æхсызгон цау фехъусгæйæ, мæн мæ цымыдис бахаста зæронд усмæ. Цæй фæдыл æрбацыдтæн, уый базонгæйæ зæронд ус арф ныуулæфыд æмæ сдзырдта: – Мæ царды фыдæбон æмæ масты йеддæмæ ницы федтон, куы сæ фыссай, уæд дын иу чиныджы дæр нæ бацæудзысты…

Мария йæ фыды хæдзары æнæмæтæй хъомыл кодта. Кæд уыцы рæстæджы дуг уæззау уыд, уæддæр бинонтæ æххормаг  не ‘ййæфтой. Йæ фыд Уасил фæрæзджын уыд, æмæ йе`ххуысы къух дардта, хъæубæстæй тынг тыхст чи уыдис, уыдонмæ. Мария скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй барвыстой сæхи хъæуы райдиан скъоламæ, астæуккаг ахуырад та райста Зары хъæуы астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ та ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ куы бакаст, уæд ахуыргæнæгæй кусын райдыдта сæхи хъæу Додоты.

Мария дидинæгау аив æмæ рæсугъд уыд, ахуырмæ – зæрдæргъæвд. Йæ удыл нæ ауæрста, йæ зонындзинæдтæ æнæв-гъауæй амыдта хъæубæсты сабитæн. Йæ цæст ыл æрæвæрдта сæхи хъæуккаг лæг – Дзигойты Георги æмæ сфæнд кодта йе `рвадæлты лæппу Сардийæн æй базонгæ кæнын. Чызг нæ разы кодта, фæлæ Сардийы æндæр фæрæз нал уыдис æмæ минæвар барвыста чызджы фыдмæ. Уасил сразы æмæ нысан ныууагътой чызгмæ. Мария тынг смæсты, барвæндонæй йæ кæй радтой Сардийæн, уый тыххæй. Георгийы хо дæр уыцы хъæуккаг ус уыд æмæ дыккаг райсом йæ нысаны чырын сусæгæй уымæ схаста. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзигойтæ стыр æфхæрдыл  банымадтой æмæ йæ фæстæмæ ныххастой чызгмæ. Нал уыд гæнæн Марияйæн æмæ Уасил йæ чызгæн дардыл чындзæхсæв ныззылдта. Уыцы бон бирæ куывдтытæ айзæлыд дыууæ цардбæллон æмкъæйтты амонды тыххæй. Æрхастой йæ Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ. “Хæдзармæ мæ куы бакодтой æмæ къуымты куы, акастæн, уæд мын, цыма, мæ зæрдæ аркъауæй æлвæстæуыд, афтæ фæдæн. Куыд цæрдзынæн ахæм æнæбары къæсы, уыцы хъуыды мæ уæгъд нæ уагъта. Рынчын мад æмæ йын фыд æрыййæфтон. Раст зæгъгæйæ, æгъдауджын, сабыр лæг æмæ ус уыдысты. Сæ хæдзары фосы охыл уыдис иу хъуг. Сарди-иу уæрдоныдзаг сугтæ æрцæттæ кодта, аласта иу сæ Знауырмæ æмæ-иу сæ баивта цалдæр нартхоры кæрдзыны фаг ссадыл. Бирæгъау куы æфсæст, куы æххормаг, афтæмæй нæ царды бонтæ æрвыстам. Фæстæдæр рацыдыстæм Знауырмæ, уым иу къаннæг хатæн баххуырстам, Сарди куыста ахуыргæнæгæй, фæлæ нын цард нæ фаг кодта æмæ сфæнд кодтам Къуаисамæ хуыздæр цардагур фæцæуын. Сарди уым дæр куыста ахуыргæнæгæй. Цæргæ та кодтам нæ хæстæджытæм. Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг цыдис Къуайсайы æмæ мæ хъуыды сæргом кодтон Сардийæн, цæмæй дзы хæдзар саразæм. Фæлæ йæ нæ бафæндыд æмæ æрцыдыстæм фæстæмæ Цхинвалмæ. Радтой нын зæхх æмæ дзы ацы хæдзар сарæзтам. Ам райгуырдысты æмæ схъомыл сты мæ цыппар хъæбулы дæр – æртæ лæппу æмæ иу чызг”, – дзырдта зæронд ус æрхæндæгæй æмæ стæй иудзæвгар ныхъхъус…

Сæ сывæллæтты райгуырд ныййарджытæн æрхаста царды цин. Сæ тыхыл тых бафтыд. Сарди æмæ Марияйæн сæ кад, сæ намыс сæ разæй цыдис æмæ ууыл ахуыр кодтой сæ  кæстæрты дæр. Сæ зæрдæйы хъармæй сæ æфсæстой, афтæмæй сæ фæхъомыл кодтой. Ныййарджытæ сæ цоты цинæй зæрдæрухс уыдысты. Бахъомыл сты æмæ сæ алчи дæр æрлæууыд йæхи цард аразыныл. Сæ хистæр фырт фæцыд куыстагур Уæрæсемæ. Куыста стыр уæзласæн машинæйыл. Бирæ рæсугъд фæндтæ нывæзта, фæлæ йын иу бон фескъуыдысты. Авари скодта æмæ фæмард. Ныййарджытæ фæмарой кодтой, æрластой йын йæ мард буар æмæ йæ баныгæдтой. Сæ чызг дæр ссардта йæ амонд. Хуыцауы цæст сын бауарзта дыууæ рæсугъд хъæбулы балæвар кæнын. Баисты чызг æмæ лæппуйы хицау. Фæлæ фæстæдæр æгъатыр низы амæттаг бацис… ахицæн а-дунейæ уый дæр æмæ ацыд йе `цæг бæстæм. Бинонтæ мæстылгъæдæй сæ царды бонтæ æрвыстой. Уæдмæ æрбалæууыд 2008 аз æмæ райдыдтой нæ адæмы хъизæмайраг бонтæ. Стыр æхстытæй тæрсгæйæ Сарди дæр ныххызт йæ хæдзары ныккæндмæ. Иу рæстæджы æхстытæ чысыл фæсабыр сты æмæ схызт хæдзармæ, мæ уатыл, зæгъгæ, чысыл æрулæфон. Фæлæ уæдмæ снаряд хæдзарыл сæмбæлд æмæ ныппырх. Лыстæг скъуыдтæ ныккодта Сардийы дæр. Сыхæгтæн Хуыцау хорз ракæнæт, æмбæлон уагмæ йæ æркодтой, стæй йæ тагъдæххуысы машинæйыл аластой æмæ йæ бавæрдтой Тъбеты уæлмæрды. Фæмарой та кодта Мария, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй мæм сæрæгасæй æрхæццæ, ныр мын æй гуырдзиаг фашисттæ йæ хæдзары амардтой. Мария уæд нæ зыдта, ноджы дæр æм стырдæр фыдбæллæхтæ кæй æнхъæлмæ кæсы разæй. Нæ зæхмæ сабырад куы æрцыд, уæд фæрынчын йæ дыккаг фырт дæр æмæ уымæй дæр саударæг мад æвæстаг фæцис…

Зæхх лæбырдис йæ къæхты бын Марияйæн, фæлæ хъысмæты фыдæнæн сæттын нæ бакуымдта. Йæхи загъдау, уæддæр кæрон нæма зындис йæ хъизæмæрттæн. Йæ хистæр фырт дæр фæцыд Уæрæсемæ куыстагур æмæ уый дæр æдзæм сæфт фæкодта. Ницыуал бæрæг дзы райхъуыст. Мады зæрдæ хаты, ууыл дæр цыдæр фыдбылыз кæй æрцыд, фæлæ уыцы хъуыды æввахс йæхимæ нæ уадзы, æнхъæлмæ йæм кæсы æрвылбон дæр, афтæмæй йæ царды бонтæ æрвиты…

“Ничиуал ис мæ цæгатæй дæр. Уыдон дуæрттæ дæр æхгæд æрцыдысты æнустæм. Абон ма кæй ныфсæй цæрын, мæ тыхыл мын тых чи æфтауы, уыдон ма сты мæ чызджы дыууæ хъæбулы. Уыдон мæм хорз кæсынц, ницы хъуаг мæ уадзынц. Фæлæ мæхи цыппар хъæбулæй иу дæр нал ис. Гъе, уый дын хъысмæты фыдаудæнтæ,” – арф ныулæфгæйæ загъта, Гаглойты-Дзигойты Мария æмæ асæрфта йæ рустыл фæрдгуытау чи æртылдысты, уыцы цæссытæ.

Нæ ферох кодтой Марияйы нæ республикæйы разамынад дæр, сцалцæг ын кодтой йæ хæдзар æмæ сæ æгæрон бузныг у. “Мæнмæ цард йæ чъылдым  фездæхта, фæлæ алчидæр амондджын æмæ æнæнизæй цæрæт”, – загъта йæ ныхасы кæрон Мария.

            БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.