Ахуыргæнæг…  Фыццаг ахуыргæнæг. Ацы ныхæсты куыд бирæ ис хъармдзинад, фарн æмæ æнахуыр тых. Адæймаг цыфæнды кары дæр куы ахъуыды кæны, царды йын ахуыргæнæг куыд бирæ балæггад кодта, уæд ын ноджы стырдæр аргъ фæкæны. Уый уæлдай хатт бамбары, ахуыргæнæг кæй æрбалæууы ныййарджыты фарсмæ æмæ хи хъæбулау кæй фæауды йæ ахуыргæнинæгтыл. Адæймагмæ иуæй-иу хатт  афтæ  дæр  фæкæсы,  цыма  ахуыргæнæг ныййарджытимæ ерыс фæкæны, чи сæ фылдæр æмæ хуыздæр бацамона сывæллонæн, цæмæй дзы фидæны аккаг гоймаг рацæуа, уый тыххæй. Фæлæ, хъыгагæн, ахуыргæнæджы бирæ лæггæдтæн алчи æвзонгæй нæ фæаргъ кæны. Царды дзæвгар къахдзæфтæ куы акæны, уæд æрымысы, кæддæр уæлæнгай цæстæй цы зондамындтытæм кастис, уыдонæн царды стыр нысаниуæг кæй ис.

Ахуыргæнæджы руаджы адæймаг фидæны рухс цардмæ фæндаг кæй базоны æмæ æхсæнады йæ бынат кæй ссары. Ахæм хъуыдыимæ æрæмысынц нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонты цалдæр фæлтæры æмæ ныртæккæйы ахуырнæнинæгтæ дæр, сæ уарзон ахуыргæнæг Джиоты Мария Федыры чызджы. Уый хæрзæвзонгæй райдыдта скъолайы ногдзауты раздзогæй кусын, фæлæ йæ Хуыцау ахуыргæнæджы дæсныйады курдиатæй кæй схайджын кодта, уымæ гæсгæ зæрдæргъæвд чызг, тагъд рæстæджы, ахуыргæнæгæй кусын райдыдта. Цыбыр рæстæгмæ уый йæ арæхстдзинады руаджы йæхи бауарзын кодта рæзгæ фæлтæрæн æмæ сын иузæрдион лæггад кæны абоны онг дæр.

Джиоты чызг йæ цардæй  70 азы схæлар кодта рæзгæ фæлтæр хъомыл кæнынæн. Йæхиуыл кæд абон 88 азы цæуы, уæддæр нырма йæ уарзон куыст у йæ царды сæйраг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъуыддаг  æмæ зæрдиагæй лæггад кæны йæ ахуыргæнинæгтæн.

Ацы диссаджы ахуыргæнæг æмæ куырыхон адæймаджы педагогон архайдыл 70 азы сæххæсты боны цытæн  æмæ йæ куыстæн аккаг аргъ скæныны тыххæй 13-æм октябры киноконцертон зал «Чермен»-ы ауагъд æрцыд юбилейон мадзал.

Хуынд æм æрцыдысты нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хицауады раздæры Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, министрады æндæр минæвæрттæ, ХИПУ-йы къухдариуæггæнджытæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Юбилярæн ма арфæ кæнынмæ æрбацыдысты йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ йæ уарзон коллектив, ныртæккæйы ахуыргæнинæгтæ, æндæр скъолаты ахуыргæнджытæ.

Сценæмæ цытджын æгъдауæй хуынд æрцыд, бирæ фæлтæртæн уарзон æмæ цæвиттойнаг ахуыргæнæг Джиоты Мария Федыры чызг. Залмæ æрбацæуджытæ йыл æмбæлдысты лæугæйæ æмæ къухæмдзæгъдимæ. Арфæ йын ракодтой фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ  æртæ уæлибых æмæ дзаг бæгæныйы нуазæнимæ.

Джиоты чызгмæ ацы бон видеоарфæтæ æрхæццæ сты Уæрæсейы бирæ горæттæй йæ раздæры ахуыргæнæинæгтæй. Йæ ахуыргæнæджы куыстыл 70 азы сæххæсты боны юбилейон мадзалмæ æрбацæуджытæ сценæмæ хызтысты Мария Федыры чызгæн зæрдæбын арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ. Уый се ‘ппæтмæ дæр кастис рæвдаугæ цæстæнгасæй æмæ сын, дзырдта бузныджы ныхæстæ. Йæ кæддæры ахуыргæнинæгтæй алкæуыл дæр узæлыдис ныййарæг мадау.

Рæзгæ фæлтæры цæвиттойнаг хъомылгæнæгæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

– Зынаргъ Мария Федыры чызг, ацы бæрæгбоны дын кæнын зæрдæбын арфæ, куыд мæхи номæй, афтæ  нæ республикæйы æппæт цæрджыты номæй дæр. Мæнмæ гæсгæ куыд дæ ахуыргæнинæгтæ, афтæ амондджын сты сæ ныййарджытæ, дæ коллегæтæ дæр демæ фембæлын æмæ кусыны амонд сæм кæй æрхауд, уый тыххæй. Æз ма банысан кæндзынæн уый, æмæ Советон Цæдисы рæстæджы Ленины орден райсын иу стæм адæймæгтæн бантыстис , Хуссар Ирыстонæй уыцы хорзæх чи райста, уыдонæй иу уыдтæ ды, нæ зынаргъ юбиляр.

Ноджы ма йын бирæ арфæйы ныхæстæ зæгъыны фæстæ Бибылты Анатоли Джиоты Марияйы схорзæхджын кодта Кады орденæй. Буц æмæ кадджын ахуыргæнæгæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Юбиляры раздæры ахуыргæнинаг, республикæйы Ахуырады æмæ зонады министр Гасситы Натали æрымысыд  райдиан скъолайы йæ ахуыры азтæ, йæ уарзон ахуыргæнæджы куыст æмæ архайд, афтæ ма йын арфæйы ныхæстæ загъта йæ дæлбаруæвæг министрады номæй дæр.

Ацы юбилейон изæры тынг бирæ уыдысты, арфæйы ныхæстæ зæгъын кæй фæндыдис, уыдон. Бирæ хорз æмæ хъарм ныхæстæ загъта Джиоты Марияйы тыххæй Кокойты Тарзан. Уый, сæйраджыдæр, æрдзырдта бирæ азты кæй сты сыхæгтæ æмæ дзы сæрыстыр кæй сты.

Йæ адæймагдзинады, йæ хорз куысты æмæ  бирæ азты йæ фæллойы тыххæй бирæ дзырд цыдис мадзалы. Уымæ гæсгæ сценæйыл арфæйы ныхæстæ загътой йæ уарзон коллектив, ныртæккæйы ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма йын арфæ ракодтой Джиоты Арянæ, Джиоты Аллæ, Кокойты Теймураз, æндæр æмæ æндæр  азты йæ ахуыргæнинæгтæ. Юбилейон изæры ма бакастысты Джиоты чызджыы номыл æрвыст арфæйы телтæ.

Юбилейон мадзал раныхасгæнджытæн сæйраджыдæр, сæ ныхасы сæр уыдис,  Джиоты Марияйы Хуыцау ахуыргæнæджы курдиатæй уæлдай хайджын кæй скодта, уый. Афтæ ма дзырдтой, зæгъгæ, йæ ахуыргæнинæгты нымæц цалдæр минæй фылдæр  у æмæ сæ фылдæр  кусынц бæрнон бынæтты.

Ацы юбилейон изæры ма Джиоты Марияйæн лæвæрдтой дидинджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Зæрдиаг арфæйы ныхæстимæ, скъолайы хореографион къорд   сæххæст кодтой музыкалон номыртæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.