110 азы æххæст кæны Дзомагъгомы Магъы хъæуæй рацæуæг, ирондзинад, ирон хъайтарон зарæг хæхты бæрзæндмæ чи систа, уыцы Акимы райгуырдыл.

Аким йæ царды бонтæ сбаста нæ ансамбль «Симд»-имæ. «Симд»-ы райгуырдыл æххæст кæны 85 азы, йæ зарæджы хъæргæнæг – Акимыл та 110 азы.

Уыдоны нæмттæ, сæ лæггæдтæ рæгъмæ рахæссинаг сты.

 Дзомагъгом

Кӕд йӕ бацӕуӕнтӕ Дзомагъгомæн цӕргӕ-цӕрӕнбонты ӕнӕарӕзтӕй баззадысты, уӕддӕр рӕсугъд у йӕ хӕхты равӕрд, йӕ цъититы уынд, йӕ хъал суадӕтты зард, йӕ зымты уасты рӕсугъд мелоди.

Фӕлӕ адӕм хорз зыдтой, зӕхх сӕ дарӕг кӕй у, уый. Дзомагъгомы хъӕутӕ: Губаты хъӕу, Дзугаты хъӕу, Саджджын къуырф, Къӕззаты хъӕу, Фӕзы Дзомагъ ӕмӕ Магъ зӕххъуаг уыдысты, Фӕзы Дзомагъӕй дарддӕр иннӕ хъӕутӕ ӕрбынат кодтой алы тигъыл.

Цард тох у ӕмӕ тох кодтой Дзомагъгомы цӕрджытӕ дӕр мӕгуырдзинады ныхмӕ. Дардтой фос, тыдтой картоф ӕмӕ хъӕбӕрхор, цӕхх ӕмӕ кӕрдзыныл – рӕдау, уазӕг райсынмӕ – уӕздан. Цы мыггӕгтӕ дзы цард: Гуыбатӕ, Дзугатӕ, Джыгкайтӕ, Плитӕ, Уалытæӕ уыдысты хӕлар, кӕрӕдзи ӕмбӕрстой цыфӕнды зын уавӕрты дӕр. Уыцы ӕнгомдзинад комбӕсты арӕзтой сӕ зынгӕ куырыхон лӕгтӕ. Ахӕмтӕ та уыдысты Губаты Дзакко ӕмӕ Харшил (Губаты хъӕу), Дзугаты Хасӕхъо, Борсӕ ӕмӕ Гӕбила (Дзугаты хъӕу), Дзыгкайты Гӕбила, Серги, Никъала (Фӕзы Дзомагъ), Плиты Андыри, Быдо-Саджджын къуырф; Джыгкайты Хъазбег ӕмӕ Сандо (Магъы хъӕу).

Дзомагъгом йӕ рӕстӕджы нӕргӕ комыл нымад уыд, лӕгджын комбӕстӕ уыд, сӕ фӕсивӕд ӕфсад уыдысты. Уӕдӕ зарынмӕ, кафынмӕ, фӕндырыл цӕгъ-дынмӕ, ӕгъдау дӕттынмӕ Дзомагъгом ӕнӕхъӕн Цъалагомы фӕсте никӕмӕй уыдысты.

Ручъы Атынӕгмӕ-иу куы фӕзындысты сӕ сираг бӕхтыл, чызг фӕсивӕд сӕ фӕндыртимӕ, уӕд-иу сыл адӕм сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой сӕ диссаджы арӕхстдзинӕдтӕм кӕсгӕйӕ.

Дзомагъгомы цӕрджыты кӕд сӕ царды уавӕртӕ нӕ амыдтой, уӕддӕр царды гуылфӕнтӕм лӕгӕрстой. Сӕ хъӕуты цы райдиан скъолатӕ уыд, Фӕзы Дзомагъы цы иу авдазон скъола уыд, уыдон кӕд кадавар уыдысты, уӕддӕр сӕ фӕсивӕд ивылдысты ахуыры фӕдыл нырма Рукъмӕ, стӕй та Цхинвал кӕнӕ Цӕгат Ирмӕ. Уыцы фӕндӕгтыл рацыдысты Дзугаты Георги ӕмӕ Хаджумар (фысджытӕ), Джыгкайты ӕфсымӕртӕ: Шамил – фыссӕг – профессор, Хетӕг – инженер, Мурат – нывгӕнӕг, Хъазбег – инженер, Плиты Арон ӕмӕ йӕ фырт Агуыбе, Джыгкайты Гардан ӕмӕ Вова – юристтӕ.

Дзомагъ нӕргӕ Дзомагъыл нымад куы уыд, уӕд ныннӕрыд Стыр Фыдыбӕстон хӕст, уӕд аивылдысты Дзомагъы сагсур фӕсивӕд дӕр хӕсты быдырмӕ. Уыцы тугуарӕн тохы бамидӕг, абон нӕ ныхасы сӕр кӕй тыххӕй у, уый дӕр йе ‘фсымӕр Пъаулеимӕ.

Джыгкайты булæмæргъ

Джыгкайты Ефремы фырт Аким райгуырдис 1913 азы Дзауы районы Магъы хъӕуы зӕхкусӕг хӕдзары. Фыды ‘рдыгӕй раджы баззад сидзӕрӕй. Йӕ мад Дзаттион баззад 7 сывӕллонимӕ – 2 лӕппу ӕмӕ фондз чызгимӕ. Дзаттион сыбайаг чызг уыд, номдзыд Дзаттиаты Михелы хӕдзарӕй. Михелӕн уыдис 7 фырты ӕмӕ иунӕг чызг.

Акимы ӕфсымӕр ӕмӕ хотӕн сӕхи царды фӕндӕгтӕ уыдис. Хотӕй дыууӕ – Уарди ӕмӕ Натъа Плиты чындзытӕ уыдысты, иннӕ хо Лизӕ Саулохты къухы уыд – кадджын, номджын сылгоймӕгтӕ уыдысты. Акимы ӕфсымӕр Пъауле хӕстӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд цалдӕр мӕймӕ амард Магъы. Мӕ фыд ацы хӕдзарвӕндаджы хӕрӕфырт уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз зыдтон канд Хъазбегты хӕдзарвӕндаджы нӕ, фӕлӕ ӕгас Магъы цӕрджыты дӕр, иннӕ хъӕутимӕ абаргӕйӕ.

Уӕддӕр ӕрбаздӕхӕм Акимы цард, куыст ӕмӕ фӕндаджы хабӕрттӕм.

Аким фӕцардис 90 азы, баиу сты йӕ мӕлӕн аз ӕмӕ йӕ гуырӕн рӕстӕг. 90 азы хорз азтӕ сты, зӕрдфӕндиагӕй сӕ куы батонай, уӕд.

Аким йӕ сабион бонтӕ арвыста Магъы, фосы фӕдыл гомкъахӕй цӕугӕйӕ. Цардбӕллон лӕппу-иу бӕрзонд ӕфцӕджы сӕрӕй куы ракаст, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ агуырдта кӕддӕриддӕр зарын. Куы-иу зарыд, уӕд ын кӕддӕриддӕр хъырныдтой айнӕг къул-къӕдзæхтӕ.

Мад Акимы барвыста Дзомагъы райдиан скъоламӕ. Уым фӕбӕрӕг сты йе ‘взыгъддзинӕдтӕ ахуырмӕ. Фӕлӕ дарддӕр… дарддӕр Акимӕн хуыздӕр фӕрӕзӕн равзӕрстой Куртайы сывӕллӕтты сидзӕрдон.

Сидзӕрдоны Акимӕн йӕ ахуыр хорз цыд. Иууыл ӕхсызгондӕр та йын уыд кӕй дзы уыд зард ӕмӕ кафты къорд. Тӕлтӕг лӕппу уыд кафынмӕ, хъуытазхъуыр та уыдис зарынмӕ. Уыдӕттӕ Аким рахаста хохӕй, Дзомагъгомӕй.

Уым Тедеты Петрейы разамындӕй куыста зард ӕмӕ кафты ансамблы. Аким хайад иста дыууӕ хъуыддаджы дӕр. Бирӕ йӕ бауарзта техникумы директор Багаты Эраст.

«Симд»-ы æнувыд зарæггæнæг

Акимӕн ӕрдз цы булӕмӕргъы хъӕлӕс радта, уый техникумы рарттывта, сӕ цӕст ыл ӕрӕвӕрдта æнæхъæн горӕт. Аивадон къордтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой ӕмӕ сӕ уӕд фӕстагмӕ ӕртымбыл кодтой театрмӕ ӕмӕ дзы сарӕзтой иу къорд – схуыдтой йӕ «Кафт ӕмӕ зарды къорд». Ацы къорд сындӕггай бындур ӕвӕрын райдыдта паддзахадон ансамблӕн, кӕцыйы фӕстӕдӕр схуыдтам «Симд», кӕцыйӕн йӕ аразӕг уыдис ирон композитор Галаты Барис.

Магъы булæмæргъ – Аким Джыгкайты

Фидӕны ансамбль йӕхимӕ хонын райдыдта арӕхстджын кафджыты, зарӕггӕнджыты, фӕндырдзӕгъдджыты – сæ иу зынгӕ фӕндырдзӕгъдӕг, нӕ пединстиуты лектор Къорнаты Борис.

Рӕзт ансамбль, кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр. Уыцы бонты, хабӕрттӕ-иу Аким ӕрымысыд стыр ӕхцондзинадимӕ.

– Нӕ концерттӕ бонӕй-бон арӕхдӕр кодтой, ивылдысты нӕм адӕм. Нӕ тыхтыл куы феввӕрсыдыстӕм, уӕд сфӕнд кодтам Ленинградмӕ. Ӕд музыкалон инструменттӕ ахызтыстӕм хӕхтыл, фыццаг концерт радтам Дзӕуджыхъӕуы. Ныццыдыстӕм Ленинградмӕ, радтам дзы цалдӕр концерты.

Ӕрымысыд-иу уый дӕр, иу концерты дзы уыд Сергей Киров дӕр. Концерты фӕс-тӕ сын фӕкодта зӕрдиаг арфӕтӕ.

Аким йӕ равзӕрст фӕндагӕй райгонд уыд, фӕлӕ йæ дарддӕры ахуыры хъуыддаг дӕр баххæст кодта.

Каст фӕцис Цхинвалы дыууӕазон ахуыргӕнӕджы техникум ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕгӕй снысан кодтой Тъбеты скъоламӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕгӕй. Ахуыр кодта, куыста ахуыргӕнӕгӕй, фӕлӕ йӕ ансамбль нæ ныууагъта – рӕстӕгæй пайда кодта хӕдзардзинӕй.

 

Хъæбатыр æфсæддон

Дардыл уыдысты цардбӕллон лӕппуйы хъуыдытӕ, фӕлӕ хъуыдыты цӕг арӕх фескъуыйы. Афтӕ рауад Акимы хъуыддаг дӕр, Стыр Фыдыбӕстон хӕст куы райдыдта, уӕд. Уыцы тугуарӕн хӕстмӕ Аким ацыдис бархийӕ 1941 азы ӕмӕ дзы фӕцис йӕ фӕудмӕ, 1945 азмӕ. Йӕ тохы фӕндӕгтӕ райдыдтой Цӕгат Кавказӕй ӕмӕ ныххӕццӕ Австримӕ. Тугуарӕн тохты ӕнцон фӕндӕгтӕ никуы вӕййы. Цыдис уыцы зын фӕндӕгтыл Аким дӕр салдаттаг уӕззау цырыхъхъыты. Кӕд мӕлӕт къӕхты бынӕй йӕ сӕр сдар-сдар кодта, уӕддӕр Аким йӕ зард нӕ уагъта, уӕлдайдӕр та Басаты Хазбиимӕ куы баиу, уӕд.

Алы нӕмыг иувӕрсты кӕм хызт, нӕ дзы аирвӕзт ӕвыдӕй, цалдӕр хатты бахауд госпиталтӕм, фӕлӕ хӕххон уӕнгты фи-дар сконд Акимы здӕхта фӕстӕмӕ фрон-ты раззаг хахмӕ.

Йӕ хъӕбатырдзинадӕн ӕвдисӕн сты йӕ хӕстон хорзӕхтӕ. Аким – сӕ иу Сырх Стъалыйы, иннӕ та Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дыккаг къӕпхӕны орден, дыууадӕс майданы. Сӕрибары дуджы, суанг йӕ амӕлӕты бонмӕ, Аким бирӕ хӕрзиуджытӕ фӕиста нӕ хицауадӕй.

Аким ӕнувыд уыд йӕ ансамблыл, хӕстӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд фӕстӕмӕ кусын райдыдта «Симд»-ы. Куыста, фӕлӕ дзы йӕ ахуыры хъуыддаг рох нӕ уыд. Бацыд ахуырмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультетмӕ ӕмӕ йӕ каст фӕцис иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтыл.

Ирон зарджыты аразæг æмæ фыссæг

Джыгкайы фырт хорз зыдта йӕ адӕмы хъӕздыг фольклор, ирон литературӕйы хъомысджын суадӕттӕ ӕмӕ йын уый фадат лӕвӕрдта, ирон зарджытӕ фыссын æмæ аразынæн. Æххӕст сæ кодта ирон адӕмон хъисын фӕндырыл цӕгъдгӕйӕ. Абоны бон ацы фӕндыр рохуаты кӕй зайы, чи йыл рӕхсы, уыдоны нымӕц кӕй сцъус, уый катайаг хъуыддаг у, фыдӕлты хӕзнатӕ аууоны кӕй зайынц, уый нӕ рӕсугъд сомбоныл дзурӕг нӕу, культурон артдзӕстытӕ та хъахъхъӕнинаг сты.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.