Хорз зонгæ, хорз æрдхордæн адæймаг стыр аргъ кæны. Уæлдайдæр, де ʻрыгон бонтæй фæстæмæ де ʻмдзу чи кæны, хорз ныхасæмбал дын чи у, йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ дын чи æргом кæны æмæ бæстон фæдзуры, ахæмтæн.

Уыдонæй у мæнæн газет «Рæстдзинад». Кæд мæнæй ссæдз азмæ æввахс хистæр у, уæддæр æнæ мæ хæлар нæ фæразын. Иу бон æй куынæ фенын, уæд мын цыма цыдæр нæ фæфаг кæны.

Райдиан кълæстæм ма куы цыдтæн, уæдæй фæстæмæ зонгæ дæн мæ уарзон газетимæ. Фарастæм къласмæ куы цыдтæн, уæд уым рацыд мæ фыццаг æрмæг. Уым радзырдтон иу хорз, хъазуатон кусæджы тыххæй. Мæ ном газеты фенын мын æрхаста стыр æхцондзинад.  Уый мын радта ныфс æмæ бæрнондзинад. Уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр схæлæрттæ стæм.

Мæ  хистæр  æфсымæр – мæ  зондамонæг

Ныр мæ хорз æрдхорд, æфсымæрыл ацы аз мартъийы æххæст кæны 100 азы æмæ мæ цæстыл уайынц бирæ мысинæгтæ. Ме ʻрмæджытæ кæд раздæр посты æрвыстон, уæддæр кусджытæй кæимæдæрты куы базонгæ дæн, уæд сæ разæнгардæй мæхæдæг райдыдтон хæссын. Мæ фыццаг аудæг æмæ разæнгардгæнæг уыди дзæнæтыбадинаг Æлборты Хетæг. Диссаджы уæздан æмæ æрхъуыдыджын адæймаг, стыр æмæ парахат зæрдæйы хицау, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Йæ хъæлдзæг ныхæстæн кæрон нæ уыди. Райсомæй-иу цалынмæ кусгæ бон нæ райдыдта, уæдмæ-иу редакцийы кусджытæ æмбырд кодтой Хетæджы кусæн уаты. Дзæбæх-иу сæ куы фæхудын кодта, уæд-иу райдыдтой кусын.

Къухфыст æрмæджытæ Хетæг дих кодта редакцийы хайæдтыл, цæмæй сæ мыхуырмæ бацæттæ кæной. Ме ʻрмæджытæ, зæгъæн ис, иууылдæр цыдысты Цгъойты Хазбимæ. Мыхуырмæ-иу сæ куы бацæттæ кодта, уæд-иу мын ме срастгонд, хъулон æрмæджытæ фæстæмæ радта, цæмæй мæ рæдыдтытæм æркастаин æмæ мæхицæн хатдзæгтæ скодтаин. Уый мæнæн стыр ахъаз уыди ме сфæлдыстадон рæзтæн. Кæд мæ къухы исты бафтыд, уæд уым Хазбийы фæллой дæр ис.

Ныр, Шамилы загъдау, бæрæгбон арфæтæй фидауы æмæ зæрдæбын арфæ кæнын мæ хистæр æрдхорд «Рæстдзинад»-æн йæ кадджын 100 азы юбилейы фæдыл. Даргъ æмæ зын фæндæгтыл фæцыд, фæлæ уæддæр йæ уарзон ирон адæмæн хаста фарн, сæ зæрдæты сын уагъта ныфс æмæ уарзондзинад ирон æвзагмæ.

Ноджы ма иу фиппаинаг: нæ буц хистæртæй иу, Мæхæмæтты Ахуырбег, æрæджы цины хабар фехъусын кодта: Цæхæрцæстæн, дам, диссаджы фырт бахъомыл, раст йæхи халдих. Уый цины уац у æппæт Ирыстонæн дæр, уæдæ нæу! Цæхæрцæстæн ахæм фæдон кæй фæзынд, уый та нысан кæны, тагъд рæстæджы та «Рæстдзинад»-ы кæй фæзындзæн йæ раздæры зындгонд рубрикæ «Цæхæрцæст», кæцы æнауæрдонæй тох кæндзæн магусаты, æввонгхорты, расыггæнджыты, давджыты ныхмæ.

Фыдæй фырт хуыздæргæнгæ куынæ цæуа, уæд уый бæсты сæфт у. «Рæстдзинад»-ы редакцийы бирæ фæрнджын хистæртæ куыста, абоны фæлтæры къухы ноджы фылдæр æнтыстытæ бафтæнт. Мæ зæрдæ сын зæгъы цардимæ æмдзу кæнын, хистæр фæлтæры фарн дарддæр хæссын.

Мамиаты Таймураз,
«Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг,
Журнал «Мах дуг»- ы дунеон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.