Даргъ æмæ уæрæх у ирон адæмы истори. Бирæ фæхæрдгæнæнтæ æмæ уырдыджытæ дзы уыд: рæзты, сæрыстырдзинад æмæ хъизæмайраг дугтæ. Уæддæр алы уавæрты дæр ирон лæг йæхи ивæзта рухсмæ, чиныгмæ. Æвæццæгæн, раст сты уыцы ахуыргæндтæ, ирон адæммæ фыссынады фæзындыл дыууæ мин азæй фылдæр цæуы, зæгъгæ, чи фыссы, уыдон. Фæлæ историон зын фыдæвзарæнты астæуккаг æнусты нæ чиныг бахъахъхъæнын нæ къухы нæ бафтыд.

Æмæ та 12-14 æнусты фæлдурæджджын азты фæстæ ирон адæм быныскъуыды фæндагæй куы фервæзтысты, уæд атындзыдтой рухсмæ, сæхицæн чиныг агурæг. Æмæ та 1898 азы Мæздæджы рацыд фыццаг ирон аивадон чиныг. Уый уыд Къостайы «Ирон фæндыр»-мæ хъавгæ æмæ хъуызгæ фыццаг къахдзæф.

Рæзт æмæ фидар кодта ирон интеллигенци, ирон дзыллæйы ’хсæн ахуыргонд адæм фылдæрæй-фылдæр кодта. Æмæ уыдоны дæр фæндыд, цæмæй алы ирон дæр кæсын-фыссын зона. Раззагдæр интеллигенци та тырныдта Иры дзыллæтимæ мыхуыры фæрцы ныхас кæнынмæ, алы ирон хæдзармæ дæр дунейы адæмты царды райрæзты тæваг бахæссынмæ. Ирон адæмы хуыздæр ахуыргонд лæгтæ тырныдтой сæ мадæлон æвзæгтыл газет рауадзынмæ. Ссæдзæм æнусы райдайæны къордгай лæгты хъæппæрисæй Уæрæсейы алы рæтты æмæ ам, Ирыстоны дæр, ирон æвзагыл фæд-фæдыл рацыдысты цалдæр журналы æмæ газеты. Фæлæ-иу цалдæргай номыры фæстæ, фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кодта, уый фыдæй æхгæд æрцыдысты. Уæд фæзынд, ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы журнал «Хуры тын» дæр. Уагъта йæ йæхи хардзæй Бетъырбухы. Стыр хæстæ æмæ нысантæ сæвæрдта уæд йæ размæ Елбыздыхъо, хуры тынау æй ныккæсын бафæндыд йæ радтæг адæмы зæрдæтæм. Фæлæ æрмæст æртæ… æртæ номыры рауадзын бацис йæ бон, йæ къух æндæр нæ самыдта, куысты мыздæй цы æрæмбырд кодта, уыдон ын æндæр фаг не систы.

***

Æрлæууыд ног цардарæзт. Уалдзыгон мæры æвзартæ хæрдмæ куыд ныггуыпп кæнынц, афтæ базмæлыд бæстæ, адæмы хъæппæрис. Ирон æвзагыл газет рауадзын рагæйдæр йæ бæллиц кæмæн уыд, уыдон дæр æмгуыппæй базмæлыдысты. Банкъардтой, ног паддзахады æххуысæй сæ бон сæ мадæлон æвзагыл газет рауадзын кæй у, уый æмæ сæхиуыл нæ бацауæрстой. Газет рауадзыныл зæрдиагæй чи куыста, уыдон уыдысты нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ «Рæстдзинад»-ы фыццаг редактортæ Гæдиаты Цомахъ, Брытъиаты Цæра, Барахъты Гино, Гулуты Андрей, Малиты Георги, Коцойты Арсен, Косыраты Сæрмæт, Бутаты Аслæнбег, Мамсыраты Саханджери æмæ иннæтæ. Суанг ма сын Берлинæй æххуыс кодта Байаты Гаппо дæр.

Ирон адæмы азфыссæг

Ирон культурæйыл, æппæт ирон адæмыл дæр 100 азы размæ, 1923 азы 14 мартъийы, æрцыд стыр хорздзинад нæ мадæлон æвзагыл нæм фыццаг хатт рацыд æцæг дзыллон газет, æмæ йыл сæвæрдтой, дунейы адæмты раззагдæр тыхтæ æнусты дæргъы цæмæ бæллынц, сæ зонд цæуыл бæттынц, сæ хъару цæмæн дæттынц, уый ном «Рæстдзинад»! Газет «Рæстдзинад»-ы райгуырд ирон дзыхæйдзурæг алы адæймагæн дæр уыд бæрæгбон. Уый алы иронмæ дæр равзæрын кодта сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, æмæ йæ фарсмæ æрбалæууыдысты фидар æнцойæн. Æххуыс ын кодтой, фыстой йæм сæ хъыгтæ, сæ зынтæ, сæ цинтæ. Йæ алы номыр дæр сын хаста æхсызгондзинад, Къостайы æмдзæвгæйау æй къухæй къухмæ истой. Кæсын чи зыдта, уыдон æй иннæтæн кастысты хъæуты Ныхасты, сых-ты, бинонты ’хсæн, зонгæтæн. «Рæстдзинад» сын сæ талынг къуымтæм хаста дунейы хъæр, рухсы цъыртт, дзырдта ирон адæмы царды ахсджиаг лыггæнинаг фарстатыл, сæ ивгъуыд, сæ абон, сæ фидæныл. Хуыдта сæ Къостайы фæдыл рухсмæ, хи æрæмбарын æмæ ног цард саразынмæ.

***

«Рæстдзинад» йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ ссис ирон адæмы азфыссæг. Йæ кусджытæ æмæ æхсæнадон уацхæсджытæ йæ æнгом бабастой фæллойгæнæг адæмы цардимæ. Уымæн æмæ сæхæдæг уыдысты йæ гуылфæны.

***

Уæззау, гуыргъахъ, фæлæ арфæйаг фæндæгтыл рацыд «Рæстдзинад» нæ адæмимæ иумæ. Ирыстоны цы стыр цаутæ, цы стыр арæзтæдтæ цыд, уыдон дзы æвдыст цыдысты сæ райдайæнæй сæ кæронмæ. Уыдонимæ Джызæлдоны ГЭС, Къасарайы фæндаг æмæ тъунел, Беслæны нартхоры комбинат, Цæлыччы къанау, Дзæуджыхъæуы ГЭС, ног заводтæ, фабриктæ, индустриализаци, коллективизаци, МТС-тæ, колхозтæ, совхозтæ, фондзазонтæ. Газет уыд фæллойадон ерысмæ разæнгардгæнæг тых.

***

1928 азы Барахъты Гино уыдис газет «Рæстдзинад»-ы редактор. Уæд нæм ирон журнал нæма цыди, æмæ Гино уадзын райдыдта литературон уæлæмхасæн «Размæ».

Æртынæм азты газет «Рæстдзинад»-ы фæрцы сæ нæмттæ Ирыстоны дæрдтыл айхъуыстысты ирон фысджыты ног фæлтæрæн: Фæрнион Къоста, Малиты Георги, Мам-сыраты Дæбе, Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Хъайтыхъты Геор, Бæдоаты Хъазыбег, Бесаты Тазе, Епхиты Тæтæри, Плиты Хадо, Хетæгкаты Дауыт, Илас Æрнигон, Багъæраты Созыр, Дзесты Куыдзæг æмæ иннæтæн.

«Рæстдзинад» йæ райдайæнæй абонмæ сси ирон фысджыты фæлтæрты сфæлдыстадон рæзты куырдадз. Æркæсут-ма нæ абоны фысджыты царды æмæ сфæлдыстадон фæндаджы азфыстытæм. Алы ран дæр дзы бафиппайдзыстут ахæм фыст: «Йæ уацмыстæ фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыдысты газет «Рæстдзинад»-ы, стæй ма: «Куыста газет „Рæстдзинад“-ы редакцийы».

«Рæстдзинад»-æй царды вазыгджын фарстаты фæдыл хъуыст зындгонддæр ирон фысджыты, ахуыргæндты, æхсæнадон, политикон æмæ культурæйы кусджыты фидар æмæ барджын хъæлæс. Æвдыстой адæмимæ сæ иудзинад, сæхи бастой йæ хъысмæтимæ.

***

Æмæ «Рæстдзинад» йæ тыхы куы бацыд, йæ разы ноджы стырдæр æмæ вазыгджын-дæр хæстæ куы æрæвæрдта, ахуыргонд курдиатджын æвзыгъд фæлтæр дзы кусын куы райдыдта, уæд æрбайхъуыст фыдохы хъæр фыдызнаг æрбалæбурдта нæ Райгуырæн бæстæм.

Фембæлд Андиаты Сосланимæ

Йæ кусджытæ лæгæвзæрстæй ацыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Уыцы тугкалæн хæсты Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау редакцийы кусджытæй хъæбатырæй фæмард фынддæс цæрынхъуаг лæппуйы: Æлборты Саукуыдз, Дыдарты Владимир, Бокоты Антон, Фæрниаты Зауырбег, Моргуаты Алыксандр, Едзиты Цини, Хъамбердиаты Хъасболат, Хъуылаты Ладемыр, Дзебойты Хазби, Фидараты Георги, Хъуыргъосты Иван, Суджаты Георги, Дзæхаты Темырхъан, Гусаты Никъала, Хъесаты Солтан.

«Рæстдзинад» дæр йæхи равдыста æнæфæцудгæ æхсарджын æмæ хъæбатыр хæстонæй. Дардыл хъуысти йæ нæргæ хъæлæс: сидти тохмæ, адæмты разæнгард кодта знаджы ныддæрæн кæнынмæ, фронты чъылдым фидар кæнынмæ, парахат кодта дзыллон-патриотон хъомылад, сæрыстыр уыд нæ хæстон хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæй, цин кодта æмæ зарыд Уæлахизы кадыл.

Хæсты азты газет йæ фæрстыл мыхуыр кодта тохы быдырæй æрвыст фыстæджытæ, хæстон фысджыты æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ, сидтытæ.

***

Хæстæй уæлахизимæ сыздæхтысты æмæ æфсæддон цинелты сæ уарзон газеты разæнгардæй кусын райдыдтой Цырыхаты Михал, Бутаты Тотырбег, Дзугаты Барис, Хуытъинаты Махарбег, Саукуйты Иссæ, Тегаты Сулейман, Федор Мамонтов, Томайты Дзантемыр, Дзугаты Савели, Андиаты Мæхæмæт, Айдарты Хъамболат, Бæдоаты Алисолтан, Хуытъинаты Дæдæгка, Хъуылаты Чермен, Джыккайты Федя, Баситы Михал.

Æмæ уæд газет йе ’ппæт тыхтæ дæр сарæзта пырхгонд адæмон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнынмæ. Æрлæууыд та ног историон ивддзинæдты, цауты раззагдæрты рæнхъыты. Уыдис, цардмæ ногдзинæдтæ чи хаста, хъазуатонæй чи куыста, адæмы хорздзинадыл разæнгардæй чи архайдта, уыдонимæ.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Уыдзæн ма

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.