Ис ахæм фысджытæ, æмæ сæ уацмыстæ сты лæгъз æвзагæй фыст, æнцон кæсæн. Литературон æгъдауæй дæр сæм ницы фау æрхæссæн ис. Фæлæ иппæрд вæййынц сæ адæмы уидæгтæй, арф нæ ныххизынц зæрдæмæ.

Гъе ‘рмæст уый зæгъæн нæй, дзæнæты бадинаг, Ирыстоны адæмон фыссæг Æгъуызарты Æхсарбегæй. Уый йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ арф банкъардта рæстæджы комулæфт, йæ вазыгджын миниуджытæ, царды ныхмæвæрддзинæдтæ, адæмы зондахаст, сæ миддуне, æмæ йæ уацмыстæ дæр цардæгас уымæн сты.

Авторы къухы бафтыд йæ рæстæджы хицауады хъуыддæгтæ, сæ цард, сæ удыхъæд, сæ характертæ, сæ фæлгонцтæ йæ уацмысты ирдæй æмæ бæлвырдæй равдисын.

Советон хицаудзинады рæстæг та æнцон дзурæн æмæ æнцон фыссæн нæ уыди, партократтæ æмæ бæрзонд бынæттæ ахсæг чиновникты ныхмæ. Фæлæ Æхсарбег йæ раст ныхасы æмæ æргом фыстыты тыххæй кæд партократтæй бирæ æфхæрдтытæ баййæфта, уæддæр никуы асаст йæ ныфс æмæ хъæддыхæй тох кодта рæстдзинады сæрыл. Уый та дзурæг у æцæг фыссæджы курдиатыл æмæ хорз миниуæгыл.

Æгъуызарты Тæтæрхъаны фырт Æхсарбег райгуырд 1922 азы Зджыды. 1924 азы Æхсарбеджы бинонтæ цæрынмæ ралыгьдысты быдираг хъæу Ставд Дуртæм, 1935 азы та сæ цæрæн бынат раивтой Алагирмæ.

Æхсарбег ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд фæлвæрдта æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ фыссыныл. Рæстæгæй рæстæгмæ-иу ын мыхуры рацыдысты районы газеты дæр.

Скъолайы фæстæ Æхсарбег йе ‘ргом ноджы тынгдæр аздæхта журналистикæмæ. Ссис сæ районы газеты редактор. Фæстæдæр та йæ снысан кодтой партийы Алагиры райкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй.

1948 азы Æгъуызары-фырты ахуыр кæнынмæ арвыстой областы партион скъоламæ. Уый каст фæуыны фæстæ къорд азы дæргъы бакуыста партийы Ала-гиры райкомы секретарæй.

Фæстæдæр æй снысан кодтой газет «Рæстдзинад»-ы редакторæй. Уырдыгæй йæ раивтой партийы Цæгат Ирыстоны обкоммæ. 1963-1982 азты онг та разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынад æмæ радиокомитетæн.

Æгъуызарты Æхсарбег кæд фылдæр рæстæг æхсæнадон æмæ разамонæг бынæтты фæкуыста, уæддæр иудадзыгдæр йæ хъус дардта литературæмæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ кодта сфæлдыстадон куыст.

Фæндзайæм азты кæрон ын журнал «Мах дужы» мыхуырæй рацыд йæ фыццаг роман «Хурхæтæны», 1964 азы та уыцы роман мыхуыры рацыд хицæн чиныгæй.

Фæстæдæр Æхсарбег ирон чиныг кæсджытæн балæвар кодта ног романтæ «Куырды фырт», «Хæххон доны уынæр» æмæ бирæ радзырдтæ. Йæ сценаритæм гæсгæ йын кинорежиссертæ систой бирæ аивадон æмæ документалон кинонывтæ, кæцытæ абон дæр зындгонд сты æмæ аккаг бынат æрцахстой Ирыстоны æмæ Уæрæсейы культурæйы. «”Куырды фырт” уыди, мæнæ йæ гуцъа мастæй кæмæн байдзаг вæййы æмæ йæ уромын чи нал фæфæразы, уый куыд ныффæдис кæны, афтæ. Мæ бон цас баци æмæ уыцы рæстæг зæгъæн цас уыди, цæмæй чиныг дæр рацыдаид æмæ адæммæ мæ хъæр фехъуыстаид, уыйбæрц бацархайдтон», – афтæ дзырдта йæ уацмысы тыххæй автор.

Æгъуызарты Æхсарбег бирæ хæрзты бацыд Ирыстонæн. Уый фæрцы фидар бындур æвæрд æрцыд нæ телеуынынадæн. Йæ хъæппæрисæй нæм фæзындысты фыццаг кинонывтæ. Æмæ йын чи фæуыдзæн нымад йæ бирæ хорз æмæ арфæйаг хъуыддæгтæ.

Æгъуызарты Æхсарбег йæ фæстæ цы бирæ хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ æмæ стыр фарн ныууагьта, уыдон адæмæй никуы ферох уыдзысты. Уый ирон сфæлдыстадмæ цы бирæ хъайтарты фæлгонцтæ бахаста, уыдонау йæ ном чиныгкæсджыты зæрдæты æнустæм кæй цæрдзæн, ууыл абон махæй дызæрдыг ничи кæны.

ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.