Дзӕвгар азты лӕггад кӕны Цхинвалы районы адӕмон театр сценæмæкæсджытæн. Цы спектакльтӕ рахӕссынц адӕмы размӕ, уыдон кӕддӕриддӕр фӕндаг ссарынц сæ зӕрдӕтӕм, сӕ алы ралӕуд дӕр сын сценӕйыл вӕййы бӕрӕгбоны хуызӕн. Театры коллективы арӕхстджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъазтӕй рухс кӕны канд нӕ республикӕйы нӕ, фӕлӕ уымӕн ӕддейӕ сценӕмӕкӕсджыты зӕрдӕтæ дӕр.

Ӕрӕджы та ацы сфæлдыстадон коллективы иу къорд фӕуазӕг сты Къостайыхъӕумӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕн равдыстой Хуыгаты Георы пьесӕ «Мӕ усы мад»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Спектаклы ӕвдыстӕуы бинонты цард, сӕ ахастытӕ кӕрӕдзимӕ. Ныййарджыты иунӕг чызг чындздзон у, ис ын уарзон дӕр, ӕмбарынц кӕрӕдзи ӕмӕ хъавынц сӕ цард баиу кӕнынмӕ. Фӕлӕ ныййарӕг мад цӕхгӕр ныллӕууыд лæппуйы ныхмӕ, нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уый бауа йӕ сиахс. Афтӕ ӕрвылбон загъд кӕны йӕ сӕрыхицау ӕмӕ цасдӕрбӕрцӕй йӕ чызгимӕ дӕр. Спектаклы кӕрон ныййарӕг мад бамбӕрста йӕ рӕдыд ӕмӕ йӕ чызджы дыууӕ фаззоны фӕзындыл цин кӕны, сценӕмӕкӕсджытæ дæр ыл сӕмбӕлдысты цины ӕнкъарӕнтимӕ ӕмӕ йӕ равдыстой тыхджын къухӕмдзӕгъдӕй. Ныййарджыты рольтӕ аив сӕххӕст кодтой нӕ республикӕйы адӕмон артисттӕ Джыккайты Эльбрус ӕмӕ Козаты Сӕлимӕт. Уыдон сӕ хъайтарты фӕлгонцтӕ ра-дӕттыныл бакуыстой зӕрдиагӕй ӕмӕ сӕ аивадуарзджытӕ баззадысты разыйӕ.

Адӕмон театры рагӕй архайы Хаситы Инарӕ, уарзы аивад ӕмӕ йӕ алы саразгӕ фӕлгонц дӕр вӕййы хорз, ссары фӕндаг, йӕ хъазтмӕ йын чи фӕкӕсы, уыдоны зӕрдӕтӕм. Сиахсы роль та ӕххӕст кӕны Остъаты Алан, уый нырма ӕрӕджы ӕрбакъахдзӕф кодта ацы коллективмӕ, фӕлӕ ныридӕгӕн бӕрӕг у, сценӕйыл ын йӕ алы ралӕудмӕ дӕр ӕхсызгонӕй кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц аивадуарзджытӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр спектакль ахӕм нуарджын нӕ рауадаид, артисттӕ афтӕ ирд ахорӕнтӕй куы не сныв кодтаиккой сӕ саразгӕ фӕлгонцтӕ, ӕвӕрӕг-режиссер артистты миддунемӕ бӕстон куыннӕ ныккастаид, сӕ алы архайд ӕмӕ фӕзилӕнтӕ радӕттынмӕ алыварсонӕй семӕ куынӕ бакуыстаид, уӕд. Ӕппӕт уыдӕттӕ та рантыстысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Уанеты Ӕхсары архайды руаджы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сценӕмӕкӕсӕг ӕмӕ артисттӕ кӕрӕдзимӕ ссардтой фӕндаг.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.