15 февралы 30 азы сæххæст Афганистанæй Советон Æфсады ракæныны боныл. Æмæ кæд уыцы бонæй дыууæ къуыри рацыд, уæддæр нырма дæр ацы нысаниуæгджы

Иу ахæм  мадзал уагъд æрцыд нæ горæты скъола-интернаты дæр. Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Афганистаны хæсты ветерантæ æмæ фæмардуæвæг хæстонты хиуæттæ. Ацы хæстæй чи нал æрыздæхт, уыдоны къамтæ сау фæлгæтты æвæрд уыдысты скъола-интернаты актон залы. Мысæн изæры хъуыстысты хæстон зарджытæ, скъоладзаутæ сæххæст кодтой цалдæр кафты, афтæ ма кастысты æмдзæвгæтæ,  дзырдтой, Афганистаны хæстон цауты рæс-тæджы ирон хæстонтæ цы уæззау хъизæмæртты бахаудтой, уыдоны тыххæй.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта ацы хæсты хайадисджытæн æмæ банысан кодта, Советон Æфсад Афганистаны зæххыл сæ хæс кадджынæй кæй сæххæст кодтой. «Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, рæстæджы цыдимæ алцыдæр рох кæны, фæлæ уый раст нæу. Уыцы бонты нæ рох кæнæм æмæ никуы дæр ферох уыдзысты. Ирон хæстонтæ Афганистаны зæххыл цы стыр хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй ма хъуамæ рох кæнæм, алы хатт дæр хъуамæ уой нæ зæрдæты, чи нал æрыздæхт, уыдонæн та кад кæнын хъæуы. Нæ кæстæр фæсивæды мах хъуамæ хъомыл кæнæм уыцы хъæбатырты цæвиттонтыл. Хъомылдзинад, патриотизм чиныгæй кæнгæ нæу, фæлæ хъуыддагæй. Сымах уе ‘ппæт дæр хъуыддагæй равдыстат уыцы сгуыхтдзинæдтæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр Президент Бибылты Анатолийы номæй раарфæ кодта мадзалы архайджытæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта, ацы изæр чи бацæттæ кодта, уыцы коллективæн. «Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уыцы рæстæджы сымах, зынаргъ ветерантæ, нымад цыдыстут удæгас легендæтыл. Уыцы хъайтардзинад сымах равдыстат нæ райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæнын куы хъуыдис, уыцы бонты дæр æмæ фыццаг рæнхъыты слæууыдыстут знаджы ныхмæ. Абон сымах фæрцы нæ зæххыл ис сабырад», – загъта Гасситы Петр. Парламентон парти «Иугонд Ирыстон»-ы номæй уый скъоладзаутæн балæвар кодта музыкалон центр. Пухаты Эрик дæр зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта мадзалы организатортæн.

Скъола-интернаты коллективæн бузныджы ныхæстæ загъта Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат дæр. Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой Афганистаны хæстæй чи нал æрыздæхт, уыцы хæстонты рухс нæмттæ.

Кокайты Заринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.