Афганистаны хæст раздæры Советон Цæдисы историмæ бацыд иууыл æгъатырдæр æмæ трагикондæр хæстæй, бирæ амæттæгтæ баисты йæ хай. 34 азы размæ кæрон æрцыд ацы хæстæн. Алы æрсиддоны ныййарæг дæр-иу фестъæлфыд, йæ койæ дæр-иу барызт – ахæм æгъатыр уыд Афганистаны зæххыл хæст.
Æрвылаз дæр Афганистаны зæххæй советон æфсады раконды боны цытæн 15 февралы нæ горæты микрорайон БАМ-ы территорийыл уыцы хæсты хайадисæг вертолеты цур уагъд æрцæуы цытджын мадзал. Уыцы бынаты æвæрд æрцыд хæстонтæ-интернационалистты мысыны нысанæн цырт дæр. Цырты раз мадзалы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Афгайнаг хæстонты кадæн ардæм æрбацыдысты Паддзахад Аланийы Президент Гаглойты Алан, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад, 4-æм æфсæддон базæйы тыхон структурæты минæвæрттæ, горæты астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Афганистаны хæстон фæндæгтæ зын æмæ уæззау уыдысты

Хуссар Ирыстоны Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат мадзалы хайадисджытæн бузныг загъта æмæ банысан кодта, æрвылаз дæр ацы бон кæй мысынц Афганистаны зæххыл чи тох кодта, сæрæгасæй чи æрæздæхт уыдон æмæ, стыр хъыгагæн, чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ.

«Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Афганистаны зæххыл хæстон архайдтытæ аххæссыдысты фараст азы дæргъы æмæ дзы хайад райстой 600 минæй фылдæр советон салдаттæ æмæ афицертæ. Нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй уыцы тугкалæн хæстмæ фæцыдысты 200 лæппуйæ фылдæр, уыдонæй авдæй сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ бинонтæ, сæ райгуырæн уæзæгыл. Уыдон сты Куымæридтаты Мераб, Чысиаты Нодар, Миндиашвили Заза, Николаишвили Александр, Тыджыты Гулливер æмæ Сиукъаты Мераб. Гæбæраты Къоста та фæцис æбæрæг сæфт», – дзырдта Мурат.

Афганистаны Ветеранты цæдисы сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, уыцы æгъатыр хæстæй фæстæмæ чи æрыздæхтысты, уыдоныл сæ ныййарджытæ, хиуæттæ  цин кæнынæй нæма бафсæстысты, афтæ та сæ бахъуыд сæ Райгуырæн зæхх гуырдзиаг тыхæйисджытæй бахъахъхъæныны сæр. Æмæ хæстон æвзыгъддзинæдтыл фæлтæрд лæппутæ слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты.

Ныртæккæ та, зæгъгæ, Афганистаны хæсты ветеранты фæдонтæ хайад исынц Уæрæсе Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уым, цыран æвдисынц хъæбатырдзинад.

Уыцы хæсты уæззау æргъом, бæрзонд интернационалон хæс аккаг æмæ намысджынæй сæ уæхсчытыл цы лæппутæ хастой сæрибардзинад æмæ уæлахизмæ, уыдонæй бирæтæ абон нал сты нæ фарсмæ æмæ бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой Афганистаны зæххыл чи фæмард, Хуссар Ирыстоны сæрибардзынад æмæ хæдбардзинады сæрыл йæ цард чи радта æмæ локалон хæстытæ æмæ хъаугъаты рæстæджы чи фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ.

Дарддæр уый дзырдта Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сырæзты нысаныл. Уыцы организацийы сæйраг хæс, зæгъгæ, уыд фæмардуæвæг хæстон хæлæртты рухс нæмттæ сæнусон кæнын. Уыцы тыхтæ æмæ хъарутæй æххæст нæма уыд ног сырæзгæ организаци, фæлæ бæстæйы къухдариуæгады æххуысы руаджы цадæггай бæстон цæуынц сæ разы æвæргæ хæстæ.

Афганистаны хæсты хайадисæг хæстонты номыл цы Мемориалон комплекс арæзт цæуы БАМ-ы микрорайоны, уый нырма кæронмæ хæрзарæзт нæу, фæлæ бузныг сты Президент Гаглойты Аланæй, уымæн æмæ сын ныфс бавæрдта, комплекс ацы аз кæронмæ хæрзарæзт кæй æрцæудзæн.

Республикæ Хуссар Ирыстны Президент Гаглойты Алан йæ раныхасы банысан кодта, цы уæззау æмæ зын фæндæгтыл рацыдысты Хуссар Ирыстонæй Афганистаны хæсты хайад цы лæппутæ райстой, уыдон. Ацы нысаниуæгджын бон мах бузныг стæм æмæ мысæм советон салдаты хъæбатырдзинад, бузныг зæгъæм, уыцы тохы быдырæй 1989 азы чи æрæздæхтысты æмæ ногæй Ирыстоны зæххыл бæстæйы сæрибардзинад бахъахъхъæныны нысанæн хæцæнгарз чи райста, æппæт уыдонæн.

«Уыцы тохтæн кæрон æрцыд 2008 азы августы мæйы. Уæд хъуыды кодтам, ома ацы хъуыддæгтæн кæрон æрцыд. Фæлæ йæ куыд уынæм, афтæ Донбассы зæххыл нæ кæстæр фæлтæр фæлхатт кæнынц уæ хъайтардзинад, сæ уд дæттынц, цæмæй знаджы къах нæ Райгуырæн бæстæмæ ма æрбахиза.

Уæд дæр æй æмбæрстам, æмæ йæ ныр дæр æмбарæм, ацы тох иумæйаг тох кæй у, æмæ йыл хъуамæ уæлахиз кæнæм. Уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг нæ къухты уæд бафтдзæн, кæд æмæ кæрæдзи фарсмæ æнгом æмæ ныфсджынæй лæууæм», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, уал азы фæстæ дæр сæрыстыр кæй у хæстонтæ-интернационалисттæй. Ноджыдæр сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинады фæндиæгтæ, тыхтæ æмæ хъарутæ. Бузныг уæ, зæгъгæ, стæм уæ хъайтардзинады тыххæй, уæ адæймагдзинады тыххæй. Сымах хуызæн хисдæртæ сты кæсдæртæн бафæзминаг, ис сын кæмæй райсой цæвиттон, райгуырæн бæстæ уарзын куыд хъæуы æмæ æндæр бæстæйы зæххыл йæ интерестæ куыд хъæуы хъахъхъæнын.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, адæмы хъуыдыкæнынады хæстонтæ-интернационалисттæ баззадысты ахæм адæмæй, кæцытæ уыдысты Афганистаны зæххыл æмæ сæ интернационалон хæс сæххæст кодтой намысджынæй. Æрмæстдæр æфсæддон зоны, цы у хæст, цы уæззау æмæ зындзинæдтæ баст ис йемæ, уый. Уый у бæрнон æмæ алы æфсæддоныл цы хæстон æвæджиаг хæс ис, уый намысджынæй æххæст кæныны уæззау уаргъ.

«Хъыгагæн, абоны бон алчи не ‘рыййæфта, чи æцæгæлон зæххыл баззад, кæй та хæсты фæстиуæгæн тыхсын кæны йе ‘нæниздзинад Райгуырæн зæххыл. Фæлæ фæндвидар лæппуты хъæбатырдзинад цæргæ цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ хъуыдыкæнынады. Уыдон раз мах кæдфæнды дæр стæм хæсджын, уымæн æмæ  цы сарæзтой, уый стыр кады аккаг у», – дзырдта минæвар.

Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат мадзалы кæрон ноджыдæр бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, мадзалы æппæт хайадисджытæн, æрвылаз дæр ацы мысæн бон сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ кæй аргъ кæнынц Афганистаны хæсты ветерантæн.

Хæстонтæ-интернационалистты ном æмæ бæрзонд кадыл бирæ дæнцæгтæ ис æрхæссæн. Абон не ‘хсæн уыдонæй чи нал ис, уыдоны бинонтæ, хиуæттæ æрвылаз дæр æрбацæуынц, цæмæй сæ хиуæтты, хæлæртты æмæ æмгæрттимæ мысæн мадзæлтты хайад райсой.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны хæстонтæ-интернационалистты кæй иу кæны Афганистаны ветеранты цæдис. Уый сырæзт 1994 азы. Йæ нысан у, цæмæй ветеранты, хæсты инвалидты æмæ хæсты фæмардуæвджыты бинонты закъонон интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæныныл архайой. Афтæ ма, уыцы хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ æнусон кæнын, ветеранты хæлардзинад фидар кæнын æмæ æндæр бæстæты ветеранты организацитимæ æмархайд кæнын.

Мадзалы кæрон ма Афганистаны хæсты ветерантæ дининджытæ сæвæрдтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты æмæ «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты» номыл мемориалон комплексы раз.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.