Афганистаны хæст раздæры Советон Цæдисы историмæ бацыд иууыл æгъатырдæр æмæ трагикондæрæй, уымæн æмæ бирæ адæм баисты йæ амæттæгтæ. Советон адæмæн 31 азы размæ кæрон æрцыд ацы хæстæн. Райгуырæн бæстæйы раз йæ æвæджиаг хæс сæххæст кæныны нысанæн уæды рæстæджы алы æрсиддоны ныййарæг дæр кæй кой фехъусгæйæ стъæлфыд, йæ койæ дæр иу чи барызт – ахæм æгъатыр уыд Афганистаны зæххыл хæст. Уыцы хæсты уæззау æргъом, интернационалон хæсы хуызы аккаг æмæ намысджынæй се уæхсчытыл цы лæппутæ хастой, уыдонæй бирæтæ абон нал сты нæ фарсмæ.

Æрвыл аз дæр Афганистаны зæххæй советон æфсад ракæныны боны цытæн 15 февралы нæ горæты микрорайон БАМ-ы территорийыл  уыцы  хæсты  хайадисæг верттæхæджы цур уагъд æрцæуы цытджын мадзал. Уыцы бынаты æвæрд æрцыд хæстонтæ-интернационалистты номарæн цырт дæр. Цырты раз мадзалы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Афгайнаг хæстонты кадæн ацы бынатмæ æрбацыдысты Паддзахад Аланийы Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, уæрæсейаг минæварад æмæ 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ, тыхон структурæты минæвæрттæ, астæуккаг скъолатæ æмæ скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Хуссар Ирыстоны Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат мадзалы хайадисджытæм ахасты банысан кодта, æрвылаз дæр 15 февралы кæй æрæмысынц Афганистаны зæххыл чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ.

«Дæс азы дæргъы Афганистаны хæсты хайад райстой 600 мин салдат æмæ офицеры. Нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй уыцы тугуарæн хæстмæ фæцыд 200 лæппуйæ фылдæр, уыдонæй æхсæз сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ бинонтæ, сæ райгуырæн уæзæгыл – Куымæридтаты Мераб, Чысиаты Нодар, Миндиашвили Заза, Николаишвили Александр, Тыджыты Гулливер æмæ Сиукъаты Мераб», – дзырдта Гуыцмæзты Мурат.

Уыцы тæссаг хæстæй удæгасæй цы лæппутæ раирвæзт, уыдоныл сæ ныййарджытæ, хиуæттæ цин кæнынæй нæма бафсæстысты, афтæ та сæ бахъуыд сæ Райгуырæн зæхх гуырдзиаг тыхæйисджытæй бахъахъхъæнын. Æмæ хæстон æгъдауæй фæлтæрд лæппутæ слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты.

 «Афганистаны уæды проблемæ абон дæр у актуалон. Уыцы фарстыл абон архайынц НАТО-йы æфсад, фæлæ сæ къухы уадиссаг хорз æнтыстытæ не ‘фты. Уæды хæстон архæйдтытæн кæд абон алыгъуызон аргъ цæуы, уæддæр салдаттæ æмæ офицертæ сæххæст кодтой сæ æфсæддон хæс æмæ сæрыстырæй рацыдысты Афганистаны зæххæй.

Абон ма бирæ дзырдæуы ууыл дæр, ома уый уыд советон къухдариуæгады политикон рæдыд, фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ мах Афганистаны хæсты ветерантæ æмæ иумиагæй сисгæйæ уæды цаутæн хъуамæ стыр кад кæнæм», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Гуыцмæзты Мурат бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой Афганистаны зæххыл чи фæмард, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл йæ цард чи радта æмæ æндæр локалон хæстыты рæстæджы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ.

Бæстæйы сæргълæууæджы æмæ йæхи номæй Афганистаны хæсты ветерантæн, мадзалы хайадисджытæн арфæ ракодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

«Мах æппынæдзух кад æмæ цыт хъуамæ кæнæм уыцы лæп-путæн, кæцытæ намысджынæй сæххæст кодтой сæ æвæджиаг хæс дард Афганистаны зæххыл. Кад æмæ цыт уыцы хæстонтæн, кæцытæ сæхи нывондæн æрхастой уыцы æнæмсæр тохты», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, адæмы хъуыдыкæнынады хæстонтæ-интернационалисттæ баззадысты хицæн категорийы адæмæй, кæцытæ уыдысты Афганистаны зæххыл æмæ сæ интернационалон хæс сæххæст кодтой уым. Уыдон, зæгъгæ, заставæты, автомобилон колоннæты, лагерты намысджынæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæс.

«Хъыгагæн, абоны бон алкæмæн æрæййафын нæ бантыст, чи баззад æцæгæлон зæххыл, чи та хæсты фæстиуæгæн низтæй утæхсæн кæны йæ Райгуырæн зæххыл. Фæлæ фæндвидар лæппуты хъæбатырдзинад цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ хъуыдыкæнынады. Уыдоны раз мах кæдфæндыдæр стæм хæсджын», – дзырдта Уæрæсейы Федерацийы минæвар. 

Афганистаны хæсты ветеранты номыл Паддзахадон музейы организаци æрцыд иттæг хорз къуым. Уыцы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста музейы директор Зассеты Мераб. Уый дæр ацы историон нысаниуæгджын боны цытæн арфæ ракодта интернационалисттæн-хæстонтæн æмæ бакаст сæ номыл фыст йæхи æмдзæвгæ.

Хæстонтæ-интернационалистты номыл бирæ хъарм ныхæстæ, арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ æрцыд загъд. Уалыты Витали Афганистаны хæстæй сæрæгасæй æрыздæхт йæ Райгуырæн уæзæг æмæ йæ бинонтæм, фæлæ та йæ ам дæр бахъуыд æхсæнгарз райсын æмæ гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд радтын. Дард афгайнаг зæххыл тугуарæн хæсты йæхи бахызта мæлæтхæссæг нæмыгæй Витали, фæлæ йæ Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзондзинад æппæрста тохы фыццаг рæнхъытæм æмæ, хъыгагæн, æвзонг цардмондаг лæппу бацис нæмыджы амæттаг…

Йæ бинонты номæй митинджы бузныджы ныхæстæ æмæ бæрæгбонон арфæтæ загъта йæ хо Уалыты Фаризæт. Уымæн йе ‘фсымæры æмхæстонтæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, бирæ азты бæрæгбонтæ нысан кæныны фæндиæгтæ. Тæхудыгæнгæ загъта, зæгъгæ, бæргæ, ме ‘фсымæр дæр ныр уе ‘хсæн куы уаид… фæлæ знаджы цы загъдæуа мæлæт-хæссæг нæмыгæн…

Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат мадзалы кæрон ноджыдæр бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, мадзалы æппæт хайадисджытæн, сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты æмæ кæй аргъ кæнынц афгайнаг хæсты хæстонтæ-ветерантæн.

Афганистаны хæсты хайадисæг хæстонтæн раздæры Советон Цæдисы территорийыл алы регионы дæр  æвæрд æрцыд цыртытæ, æмæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ уыдон дæр кад кæнынц сæ хъæбатырдзинадæн.

Хуссар Ирыстоны хæстонтæ-интернационалистты иу кæны Афганистаны Ветеранты цæдис, кæцы сырæзт 1994 азы. Йæ нысан у ветеранты, хæсты инвалидты æмæ хæсты фæмардуæвджыты бинонты закъонон интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы æмархайд кæнын. Афтæ ма уыцы хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ æнусон кæнын, ветеранты хæлардзинад фидар кæнын æмæ æндæр бæстæты ветеранты организацитимæ æмархайд кæнын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.