НÆ ХУЫЗДЖЫН ЦАРД

Хуызджын дунейы цæрæм. Æрмæст уымæн нæ æмæ нæ алыварс дуне хуызджын, кæркæ-мæркæ кæй у. Хуызджын у нæ удысконд, нæ зæрдæйы равг дæр. Æрдзы хуызтæн цæстæй фенæн ис æмæ дзы алы хуыз дæр нæ уавæрыл æндавы — иутæ тынгдæр, æндæртæ — лæмæгъдæр. Æрдзы хуызтæ бирæ, тынг бирæ сты, фæлæ дзы сæйрагдæртæ сты арвыроны хуызтæ. Авд сты. Фæлæ арв йæ ронмæ нæ бахаста иууыл сæйрагдæр хуызты — урс æмæ сауы. Цæуылнæ — уый зын бамбарæн у. Чи зоны нæ рухс дунейы урс хуыз равдисын уæлдай у, рухс йæхæдæг æгасæйдæр урс у æмæ уыцы хуыз кæм нæ уа, уым сау хуызæн дæр бынат кæм ис. Нæ царды ныхмæвæрд æмбарынæдтæ фæрсæй-фæрстæм цæуынц. Куыдфæнды ма уа — сæйраг сты урс æмæ сау хуызтæ, се хсæн та арвыроны авд хуызы.

Урс хуыз рухсдзинад, хæрзиуæг, цин æмæ амондхæссæг кæй у, уый бæлвырд у. Нæ царды фыццаг бон вæййы иууыл ирддæр, урсдæр бон, кæд ыл ахуыр нæма вæййæм, уæддæр. Фæстаг бон та æрбалæууы сау, тар, æмыр, æнæзонгæ дунейы райдианы.

Нæ цард рухс, урс хуызæй кæд райдайы æмæ фæвæййы сау, тар хуызыл, уæддæр уыцы цард махæн баст вæййы, сæйраджыдæр ацы хуызтыл. Цин ныл куы ’рцæуы, уæд райхæлæм, хуры урс хуызмæ дидинæг куыд райхæлы, афтæ. Æнамонддзинад дæр нæ цардмæ æнæрцæугæ нæ бавæййы, хъыгагæн, æмæ уæд кæугæ-хъаргæ-цæссыгкалгæ фæдзурæм, сау бон мыл ныккодта, зæгъгæ, кæд бон, æцæгæйдæр урс вæййы, уæддæр. Уый удыл ныккæны сау бон.

Урс æмæ сау хуызтæ сæ кæрæдзимæ нæ царды карз ныхмæлæуды нæ вæййынц. Урс хуыз схæццæ вæййы сау хуызимæ æмæ хатт урс хуыз нæ зæрдæты фылдæр вæййы, хатт та — къаддæр æмæ фылдæр цины, хъæлдзæг, райгонд, райдзаст бонтæ фервитæм, къаддæр та хъыджы, уæззау, мылазон бонтæ. Рауайы афтæ æмæ иутæ зын, рыст нæ бавзарынц, афтæмæй сæ мæлæтыл сæмбæлынц, æндæртæн та рухс ду-не зындон свæййы æмæ сау хуызы малы аныгъуылынц… Цы загъдæуа! Алкæмæн йæхи амонд ис…

Рахизæм нæ арвыроны хуызтæм. Иууыл æввахсдæр нæм дзы чи лæууы, уый æрвгъуыз, цъæх хуыз. Æмæ уый æнæхъуаджы нæу. Акæсæм-ма нæ алыварс дунемæ. Цъæх арв, цъæх денджызтæ, фурдтæ, океантæ, цъæх кæрдæг, цъæх бæлæстæ… дунескæнæг нын ацы хуыз рарвыста, цæмæй ахæм дунейы цæрæм. Æмæ дзы цæрæм æппæт нæ цинтæ æмæ хъыгтимæ, нæ цæстæн, нæ зæрдæйæн, нæ удæн æнцойад æмæ æхцондзинад хæсгæйæ.

Нæ цъæх дуне — нæ урс дунейы цæдисæмбал!

Цы загъдæуа иннæ хуызтæй та? Дунескæнæг æнæхъуаджы ницы радта, цæмæй нын нæ царды ма бабæззой. Мах фæцин кæнæм бур, сыгъзæрингъуыз фæззæгыл. Нæ цæстæн нын æхцондзинад хæссынц иннæ хуызтæ дæр. Æмæ æрмæст уыцы хуызтæ! Цал æмæ цал фæлгъуызы рауайы уыцы хуызты кæм къаддæр, кæм фылдæр бæрцтæй кæрæдзиимæ схæццæ кæнгæйæ! Минтæ! Æмæ дзы бирæты адæймаджы, æгæрыстæмæй дæсны нывгæнæджы цæст дæр ахицæн кæнын йæ бон нæу.

… Урс æмæ сау хуызтæ. Царддæттæг, цардцырынгæнæг æмæ цардисæг хуызтæ. Се ’хсæн бирæ хуызтæ, бирæ, бирæ фæлгъуызтæ. Уыдонимæ та — нæ хуызджын цард дæр.

АИКЫ ТУЛДЗЫСТЫ МÆЦЪИСÆЙ?

Махæй алчи дæр фæндагыл лæуд вæййы. Нæ хæдзæртты къæсæртæй куы рахизæм, уæд фæндаджы райдиан æрлæууæм. Уыцы фæндагæн йæ дæргъ цас уа, уый зæрдыл фæдарæм æмæ йæ афтæмæй цыбырæй цыбырдæр кæнæм. Цæвиттон, сыхæгтæм дæ бауайын хъæуы — цалдæр къахдзæфы сараз æмæ уыдонмæ фестдзынæ. Дзырд магазинмæ, гъе та хионмæ, зонгæмæ бацæуыныл куы цæуа, уæд ам адæм дыууæ дихы фесты — иутæ къахæй цæуынц, æндæртæ та хæдтулгæтыл. Æмæ хæдтулгæтæ фылдæрæй фылдæр кæй кæнынц, уый куы хынцæм, уæд æввахс рæстæджыты ахæм рæттæм дæр къахæй цæуæг нал уыдзæн…

Нырма æххæст афтæ нæу, нæ горæты тротуартыл нырма цæуджытæ ис æмæ уынгты кæрæдзийы фæстæ цы айхуыздæр машинæтæ сыффытт ласынц, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй акæсынц, сæ кæрæдзийыл та сæ бонзонгæ цæстытæ схæцынц æмæ афтæмæй ахизынц кæрæдзийы фæрсты. Афтæ, иутæ сæ къæхтæ размæ кæрæдзийы фæдыл исгæйæ, цæуынц размæ, иннæтæ та цæлхытыл тулгæйæ, цæуынц размæ.

Ахæм у дуг. Кæддæр бæх дæр нымады, кады бынаты уыдис иу ранæй иннæ ранмæ фæхæццæ уæвыны хъуыддаджы. Абон сæ уый тыххæй нал дарынц — фылдæр хи ирхæфсынæн. Æмæ раст дæр кæнынц. Бæхыл цæугæйæ ныр кæд хъуамæ балæууай Дзæуджыхъæуы, Мæскуыйы, Парижы, кæнæ Нью-Йорчы? Дард рæттæм цæуын машинæйы бон дæр куынæуал у! Мах цæуæм поездты, тæхæм хæдтæхджытыл, ленк кæнæм денджызон наутыл.

Нал цæуынц нæ къæхтæ зæххыл, æрдзæй нын лæвæрд куыд у, афтæ. Кæдæмфæнды ма ацæуай хæдтулгæйыл, поездыл, ма атæхай хæдтæхæгыл, ма аленк кæнай денджызон науыл — алы ран дæр æнæзмæлгæ цард. Къахæй ма фылдæр цæуынц æлхæнджытæ базæртты, туристтæ — исты фенын æмæ базоныны тыххæй туристон къахвæндæгтыл, афтæ — алыгъуызон хиирхæфсæн, улæфæн бынæтты.

Кæдæм цæуæм, цы дуджы цæрæм? Нал ис сабийæн, йе уæнгтæ кæм айваза, кæм радугъ-бадугъ кæна, ахæм хъæзтытæ — æндæр хъæзтытæм ныр æндзыгæй, гуыбырæй кæсы мобилон телефоны экранмæ. Нал сты, кæнæ та сыстæм сты, адæймаг йæ къæхтыл кæм рацу-бацу кæна, йæ хъару кæм хардз кæна, кæм фæллайа, ахæм физикон куыстытæ — йæ бæсты сæ æххæст кæнынц алыгъуызон машинæтæ, механизмтæ, роботтæ…

Уый фæдыл кæддæр Маяковский фарст афтæ аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, нæ хæцъæфты хъæбæр кæндзыстæм спорты. Хъыгагæн, уыцы дуг нæма æрцыд. Хъыгагæн, бирæтæ сæ хæцъæфты нæ куысты æмæ нæдæр спорты фидар, хъæбæр кæнынц, фæлæ сæ лæмæгъ кæнынц, сæ зивæгæй сыл нард фыд рахæцы, нозт, тамако, наркотиктæ æмæ æндæр ахæмтыл фæцайдагъ вæййынц, уый.

Кæддæр-иу мæ фыд дзырдта, зæгъгæ, æрбалæудзæн ахæм рæстæг æмæ аикы мæцъисæй тулдзысты.

Цы загъдæуа! Мыййаг ахæм рæстæг дæр куы æрбалæууа æмæ уыцы аикы мæцъисæй тулæг дæр куынæуал уа…

ЗАКЪОНМÆ ГÆСГÆ ЦÆРЫН

Алкæмæн дæр ис алцы дæр аразæн. Æрмæст æхсæндзарды сфидаргонд закъæтты фæлгæтты! Нæ хъæуы иу къахдзæф дæр аразын сæ сæрты. Бирæтæ та сыл алæгæрдынц, ницæуыл сæ нымайынц. Чи сæ ницæмæ дары, уыдон дæр дзæвгар сты æмæ дыууæ дихы фесты — иутæ ахæстоны уынгæг къуымты сæ бонтæ нымайгæйæ, сæрибармæ дуар сын кæд бакæндзысты, уымæ бæлгæйæ, сæ æмгъуыд цыбырдæр кæнынц. Уыдон — закъоны фидар хыз атонын кæмæн нæ бантыст, чи нæ фæцарæхст, ахæмтæ сты. Цъус не сты кæмæн бантысы уыцы фидар хызы атонын, æфхæрд чи нæ баййафы æмæ рæстаг адæмы ‘хсæн фыдгæнæджы номимæ чи фæцæрынц, ахæм адæймæгтæ дæр. Уыдон дыккаг къордмæ хауынц. Цæрынц уыдон адæмы ’хсæн, сæ намыс цудыд кæй у, уый хатгæйæ, æнкъаргæйæ.

Иутæн зонд-зонæн фæвæййы, сæ ракæндты тыххæй цы æфхæрд баййафынц, уый æмæ раст фæндагыл ныллæууынц, закъонмæ гæсгæ чи цæрынц, ахæмтимæ баиу вæййынц æмæ семæ æмдзу фæкæнынц, фæлæ дзы цас разыны ахæмтæ дæр, кæцытæ уæддæр закъоны коммæ нæ бакæсынц æмæ ахæстоны ногæй сæ бынат ссарынц.

Закъон чи халы, чи йæм нæ хъусы, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхи къахæй нæ бацæуынц ахæстонмæ. Нырма уал сæ хъæуы æруромын, æрцахсын, цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдон лæмбынæг сахуыр кæнын, базонын, стæй цас уæззау, тæссаг вæййынц уыцы фыдракæндтæ, уымæ гæсгæ тæрхон рахастæуы ахæстоны фæбадыны æмгъуыды тыххæй. Æмæ уыдæттыл та цас æмæ цас адæм фæкусынц! Милицийæ зæгъай, прокуратурæйæ, тæрхонгæнджытæй, иу ныхасæй, барадхъахъхъæнджыты æнæхъæн системæ, сæ кусджыты æнæхъæн æфсад. Æмæ, зæгъгæ, алчи дæр закъонмæ гæсгæ цæры, уæд æппæт уыцы кусджытæ хъуыдаиккой? Æппындæр нæ. Фæлæ æхсæндзарды фæтк, закъон чи нæ халынц, уыдонимæ кæддæриддæр разынынц ахæмтæ, кæцытæ сæ хъыг дарынц, æнцой сын нæ дæттынц æмæ сæ бар-æнæбары бахъæуы ахицæн кæнын, ахæстоны сæ бакæнын.

Гъе, фæлæ ам дæр алцы нывыл кæм у. Закъонхалæг алы хатт æмбæлон æфхæрд нæ баййафы, кæнæ та, куыд ма загътам, аивæрзы æнæфхæрдæй. Разынынц ахæмтæ дæр, раст кæуыл не стæрхон кæнынц æмæ æмгъуыдæй фылдæр, гъе та къаддæр чи фæбады ахæстоны.

Закъæттæн кад кæнын, аргъ кæнын хъæуы. Уый куы уа, уæд сæ фæлгæтты цæрын, уыдоны хъахъхъæнын æнцон у. Афтæ цæрынц адæмæн сæ фылдæр æмæ сæ хъуыддаг никуы вæййы барадхъахъхъæнæг органты кусджытимæ, сæ закъонон интерестæ сын бахъахъхъæныны тыххæй сæм бахатынæй дарддæр.

Закъонмæ гæсгæ цæрын адæмæн сæ бæллиц рагзамантæй фæстæмæ у. Фæлæ уый æххæстæй абон дæр къухты нæ æмæ не ’фты…

МÆЛÆТЫ ХЪЫГ

Мæлæт немæ æмдзæрин нæу. Уый ныл фембæлы æрмæстдæр иу хатт — нæ царды кæрон. Цард та, цахæмфæнды ма уа — зынаргъ у æмæ тæрсæм мæлæтæй. Гъе, фæлæ цард æнусон никæмæн у, кæддæр фæвæййынц йæ бонтæ. Раст уым æнцад фæлæууы æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд ын æй айсдзæн, уымæ. Уый тæссаг нæу, æрдзон, æмбæлон у.

Гъе, фæлæ, хъыгагæн, алчи мæлæтыл йæ цардæмгъуыды кæрон нæ сæмбæлы. Хъыгагæн, мæлæты бахъæуы бирæтæн сæ царды фæндагыл сæ размæ рацæуын. Бирæтæн сæ размæ рацæуы, хæрз саби ма куы вæййынц, æгæрыстæмæй сæ царды фæндагыл дæр куы нæма слæууынц, уæд. Бирæтæн рацæуы сæ размæ се ’взонджы бонты, сæ царды хурхæтæны æмæ йыл кæронмæ куы нæма ацæуынц, уæд дæр. Æмæ йæ уым дæр азымджынгæнæн нæй. Цы аххосджын у, цардмæ чи фæзынд, фæлæ цæрынæн чи нæ райгуырд, уæззау низ кæй хуыдуг кодта, уыцы сабийæн йæ царды бонтæ кæй байста, уым? Цы сын кодтаид уæдæ, æндæр? Ау, хосгæнæг, ирвæзынгæнæг куынæ у, мыййаг? Стæй æрмæст ахæм саби нæ — нæ царды фæндæгтыл цас æмæ цас æгъатыр низтæ ис, кæцыты ных-мæ тох кæнын медицинæйæн зынтæй, кæнæ та бынтондæр нæу йæ бон æмæ йæ амæттаг бирæтæ бавæййынц. Уæдæ æр-дзон фыдбæллæхты — зæххæнкъуысты, донивылдтыты, цунамиты, митзæйты æмæ æндæр ахæмты дæр кæмæн хъуамæ баххуыс кæна, сæ амæттæгты удтæ сын рай-сынæй дарддæр?

Æппæт уыцы фыдбылызтæ адæймагæй кæнгæ не сты æмæ йæ бон сæ ныхмæ фæлæууын нæу. Фæлæ бирæ ис йæ царды ахæм цаутæ, зонгæ-зонын йæ цыд куы фæтагъддæр кæны мæлæтмæ æмæ мæлæт дæр йæ размæ куы рацæуы. Цæвиттон, бирæ низтæй хи бахизæн вæййы, сæ иувæрсты ахизæн вæййы æмæ йæ æмбар-гæ дæр кæны, фæлæ нæ — бирæтæ сæхи хъуамæ фæцайдагъ кæной наркотиктыл, нозтдзуан кæныныл, уазал ницæмæ дарыныл… Æнæниздзинадмæ æнæмæт ахаст дарын, уæлдайдæр та адæймаг йæ тыхыл куы вæййы, уыцы æвзонджы азты, æркæны уымæ æмæ цы бирæ низтæ ис, уыдонæй кæцыдæртæ баивæрзынц организммæ, æрбынат дзы кæнынц æмæ фæстæмæ сæ расурын дохтырæн дæр фæзын вæййы. Низ та адæймаджы лæмæгъ кæны, йæ цард ын цыбыр кæны. Мæлæтæй алчидæр тæрсы, фæлæ цæмæдæр гæсгæ, алчи нæ архайы, цæмæй йæм æнафоны ма фæзына.

Кæнæ та райсæм, нæ царды æнусон æмбæлццон чи систы, уыцы алыгъуызон хæстыты. Цас æмæ сæ цас разагътайы фæсивæд цагъды кæны! Æмæ та ам дæр мæлæт иуварс куыд хъуамæ лæууа! Куыннæ хъуамæ райса уыцы лæппуты зынгхуыст удты! Мæлæт мах, адæмы, фæдзæхсы, цæмæй хæстытæ ма уа, нæхицæй цы кæнгæ у, уый аразæм, цæрæм раст, гармонийы цæрæм нæ организмимæ, гармонийы цæрæм нæ кæрæдзиимæ.

Мæлæт куыд хосгæнæг нæу, афтæ нæу адæмты фидауынгæнæг, сæ цард бæстонгæнæг дæр. Уыдæттæ хауынц адæймагæн йæхимæ, æрдзон, æнæнхъæлæджы фыдбæллæхтæй дарддæр, фæлæ, хъыгагæн, адæймаг нырма ахæм цардмæ цæттæ нæу, æмæ искуы цæттæ дæр суыдзæн?

Æмæ цæры не ’хсæн мæлæт. Афтæмæй та кæмдæр нæ царды кæрон хъуамæ цæ-рид æмæ йыл уым æмбæликкам. Фæлæ нæу афтæ. Уый цæры кæронæй дæр æмæ не ’хсæн дæр. Райсы сабийы цард дæр æмæ зæронды цард дæр, райсы фыдгæнæджы æмæ раст адæймаджы цард дæр. Уый фыдгæнæг, тыхгæнæг, зылынджын нæу. Уыдæттæ сты нæ хинджын, æнæраст царды аххос æмæ нæ хъысмæтыл хъыг кæ-ны, не ’хсæн дæр кæй цæры, ууыл.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.