Дугтæ ивдзысты дугты, адæймаджы цæстæнгас цардмæ ивдзæн уыдоныл бындуриуæггæнгæйæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, кæцыфæнды дуджы дæр æмæ цыфæнды зын уавæрты дæр адæймагады хæрзиуджыты сæйрагдæртæ – æгъдау æмæ æфсарм хъуамæ сæ бынат макуы ивиккой.  Хъыгагæн, абоны онг махмæ нæ рагфыдæлтæй бирæ æгъдæуттæ не ‘рхæццæ сты, дугивæнты бахъахъхъæдгонд кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ.  Сысы ирон æгъдау,  цадæггай фæхъуызы, æнгуылдзты ‘хсæн доны ‘ртæхтæ куыд ахъуызынц, уыйау, кæд йæ бахъахъхъæныныл дзурджытæ дæр бирæ ис æмæ архайджытæ дæр, уæддæр.  Сæвзæры фарст: цы у йæ аххосаг, чи у не сафæг? Алы адæймаг дæр, сæйраджыдæр, хъуамæ лæмбынæг æркæса йæхимæ, йæ уагахастмæ, йæ миддунейы фæтк æрæвæра, куыд æмбæлы, афтæ æмæ уый фæстæ та акæса йæ алыварсмæ, фена æхсæнады сæвзæргæ аиппытæ. Уисойы хихтæ куыдрæсугъддæрæй равæргæйæ, уисой рауайы фидардæр, афтæ алы адæймаг дæр у æхсæнады иу хай æмæ хæсджын у, цæмæй æхсæнадмæ пайдайы хайбавæрд бахæсса, йæ аипдзинæдтæ йын срастгæнгæйæ.

Цымæ нæ цы ‘ртардта абоны уавæрмæ: хæст? зын уавæртæ? мæгуырдзинад? Æмæ 1941-1945 азты хæст æмæ фæсхæсты уавæртæ æнцондæр сфæразæн уыдысты, æви ивгъуыд æнусы 40-æм азты æндидзынгæнæн азтæ ныры дугæй хуыздæр æмæ хъæздыгдæр уыдысты? Кæрæфдзинад, кæрæдзимæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын, алчи дæр нæ йæхи мæгуырау зонд æппæтæй рæстагдæрыл кæй нымайы, алчи дæр нæ йæхи гуыбыны хъуырхъуырæй йæ разы уæвæджы æвæрæз æмæ æвадат уавæр кæй нæ фæуыны, афтæмæй калмау æрттивгæ цæстытæй не ‘взаджы бын кæрæдзимæ мæлæтхæссæг хъæстæ кæй дарæм, уый у нæ сæйраг сафæг, не  ‘фсарм æмæ нæ ирон æгъдæуттæ дæлдзиныггæнæг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæйы дуг дæр афтæ æнцонвадат нæу, тынг бирæ уавæртæ сæвзæры махæй алкæйы раз дæр, уыдон та нæ фæразæнгард кæнынц не ‘гъдауы сæрты ахизынмæ, æмæ, хъыгагæн, уый бирæ хатт афтæ дæр рауайы. Фæлæ ма æрдз адæймагæн схай кодта ахæм тых, цæмæй зындзинæдты сæрты хизгæйæ ма фæрæдийа, ма фесафа йæ кад æмæ йæ намыс. Уыцы тых махæй бирæтæ нывæрынц арф æмæ йæ ферох кæнынц, уыйхыгъд равзарынц æнцондæр фæндаг, цыфæнды уавæрты дæр хиуарзондзинад свæййы сæ сæйраг нысан. Дæргъвæтин рæстæджы дугивæнтæ æндавынц адæймаджы уагахастыл, рæзгæ фæлтæры психологон æнкъарынадыл, афтæ хистæр кары адæ-мæй дæр бирæтæ бахауынц алыгъуызон негативон æндæвдады уацары.

Ныры дуджы хæрзиуджытæй сæ иуыл нымад у интернет æмæ мобилон бастдзинад. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уымæн кæй ис æвæрццаг нысаниуæг дæр, пайдагонд дзы куыд цæуы, уымæ гæсгæ. Фæлæ иуæй-иутæн, сæ лæмæгъдзинады аххосæй, уый свæййы сæ сафæг, æркæны сæ хауæнмæ, æмæ, хъыгагæн, уый аххосæй ссарынц сæ адзал дæр. Ахæм адæймæгтæ, æвæццæгæн, иунæг нæ вæййынц, вæййы сæ уынæг æмæ цы фæндагыл слæууынц, уый чи фæзоны, ахæмтæ. Фæлæ та ам дæр, цæмæдæр гæсгæ, разынæм уазалзæрдæ æмæ сæхгæнæм нæ цæстытæ, не ‘хсæн йæхи аххосæй чи бабын уыдзæн, уыцы адæймагмæ.

Фæстаг рæстæджы интернет-ресурсы фæрстыл арæхæй-арæхдæр фенæн вæййы ирон сылгоймæгты æнæгъдау уагахаст æвдисæг видеороликтæ кæнæ нывтæ. Уыцы видео  æмæ фотоæрмæджытæ апарахат вæййынц æнæхъæн дунейыл æмæ сафынц сылгоймаджы кад.  Уыцы сылгоймæгтæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн фæирхæфсынц сæхи  æнæуаг митæ кæнгæйæ.  Ахæмтæ æппындæр нæ фæхъуыды кæнынц, сæхи хъæбултæн дæр æмæ æндæртæн дæр æппæрццаг дæнцæг кæй февдисынц, ууыл.  Нæй сын нæдæр æфсарм, нæдæр кад, фесафынц сæ ирондзинад æмæ сты карз æфхæрды аккаг.  Уыдон не ‘нкъарынц ныййарæджы уарзондзинад сабимæ, не ‘ххæст кæнынц хъомылгæнæджы хæстæ æмæ нæдæр æхсæнады иу хай уæвгæйæ сыл цы ахсджиаг хæс æвæрд ис, уый.

Стыр хъыгагæн, ма ахæм роликты фенæн вæййы нæ фæсивæдæй иуæй-иуты дæр. Уыдæттæ уынгæйæ та, йæ адæммæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уый фæдисхъæр æнæмæнгæй ныккæндзæн. Уымæн æмæ æрыгон адæймаджы зондахаст вæййы лæмæгъ æмæ йыл уайтагъд бандавы цыфæндыгъуызон æппæрццагдзинад дæр. Кæд æмæ ахæмтæ ныллæууыдысты рæдыд фæндагыл, уæд уый фæуæд сæ ивгъуыды æмæ дарддæр ист æрцæуæд мадзæлттæ. Чизоны сæ фæиппæрд кæной æвзæрдзинады æндæвдадæй, æппæрццаг фæндæгтæй.  Уый у нæ республикæйы æмбæлон органты сæйраг хæс æмæ æхсæнады алкæйы ахсджиаг хæс дæр æмæ мах хъуамæ мауал кæсæм куыдфæндыйы цæстæй ацы фарстмæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.