Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Уæрæсейы Федерацийы Адæмты хæлардзинады университеты ректортæ уынаффæ кодтой æмгуыстады фарстатыл, ахуыргæнæндæтты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл меморандумы фæлгæтты, зæгъгæ, фехъусын кодтой ИА «Рес»-æн ХИПУ-йы пресс-службæйы.

«Нæ ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадим йæ коллегæ Владимир Филипповмæ бахатыд ахæм фæндонимæ, цæмæй Уæрæсейы Адæмты хæлардзинады университеты кафедрæтæм сфидар кæной ХИПУ-йы кусджыты, кандидатон æмæ докторон диссертацитæ ныффыссыны тыххæй. Афтæ уынаффæ кодтой кæрæдзимæ фæлтæрддзинад, адæттын, квалификаци бæрзонддæр кæнын, иумæйаг мадзæлттæ  уадзын æмæ æндæр фарстатыл», – загътой пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, зæгъгæ ма ХИПУ-йы ректор Уæрæсейы Уæлдæр аттестацион къамисы сæрдарæй дæр чи кусы, йæ уыцы уæрæсейаг коллегæимæ ныхас кодтой, УФ-йы Уæлдæр аттестацион къамисы компетенцимæ цы фарстатæ хаудысты, уыдоныл дæр.

«Фыццаджыдæр уынаффæ цыд рецензигонд зонадон журнал саразыны тыххæй, кæцы ис Уæлдæр аттестацион къамисы номхыгъды, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Уæлдæр аттестацион къамис саразыны фадæттыл. Æппæт уынаффæйаг фарстаты фæдыл ректортæ æрцыдысты иу хъуыдымæ», – загътой пресс-службæйы.

Уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыссыны церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр. Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Гасситы Знауырæн кусæгон фембæлд сорганизаци кæныны хъуыддаджы йе ‘ххуысы тыххæй.

Пресс-службæйы ма радзырдтой, Мæскуымæ Тедеты Вадимæн йæ кусæгон балцы рæстæджы кæй уыд ноджы иу кусæгон фембæлд – Мæскуыйы Ломоносовы номыл паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничиимæ, афтæ ма уыд УФ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады уазæг.

«Ректор информаци радта республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн Мæскуыйы кусæгон фембæлдтыты фæстиуджыты тыххæй», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.