Рагæй-æрæгмæ ирон æхсæнады æмкъайад стыр бынат ахста. Бинонтæ скæнынмæ æмæ фæрнджын цардмæ бæллыдысты кæдфæндыдæр. Уымæн æмæ æхсæнады уавæр хицæнæй алы бинонтæй аразгæ у.

Алы адæймагæн дæр хъуамæ уа бинонтæ æмæ хæдзар дæр. 25, 30, 40 азы кæуыл цæуы, уыдоны бафæрс «Ус ракуырдтай? Смой кодтай?», зæгъгæ, уæд сæ фылдæр «нæ» зæгъдзысты. Уый катайаг хъуыддаг у æмæ йæ махæй алчидæр æмбары. Фæсивæд би-нонты хъуыддаг бакæныныл нæ тагъд кæнынц, цот кæй нæ уадзынц, уымæ гæсгæ ирон адæмы нымæц нæ фылдæр кæндзæн. Афтæмæй нацийы рæзтыл дзурæн дæр нæй. Афтæ куы ахæсса, уæд нæ фæстаг цæмæ цæуы? Ахъуыдыйаг фарста у.

Раздæр ацы фарстайыл хъуыды дæр ничи кодта. Бирæ æнусты дæргъы чи ныффидар, уыцы фæткмæ гæсгæ æрыгон бинонтæ цардысты хистæртимæ. Куыд фæстæдæр, бинонтæ  куыд стырдæр, фылдæр кодтой, афтæ-иу   хицæнæй цæрын райдыдтой.

Фæсивæд бинонтæ куы скæнынц, уæд цы зындзинæдтыл сæмбæлынц, уыдоны сæйраг-дæртæй иу у цæрæнуатон фарста. Уæрæсейы паддзахад рауагъта цалдæр программæйы, æрыгон бинонты цæрæнуатæй ифтонг кæныны тыххæй. Ссæдз азы бæрц кусы программæ «Ипотека». Дæс азы бæрц кусы программæ «Мады капитал». Дыккаг аз кусы пограммæ «Первенец» (хæдзары фыццаг сывæллон куы фæзына, уæд ын 18 мæйы паддзахадæй уыдзæн æххуыс, алы мæй дæр 10 мин сомы бæрц). Мады капиталæй спайда кæнын, цæмæй ипотекон кредит фæкъаддæр уа, гыццыл проценттимæ кредит райсын, субсидитæй спайда кæнын, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ Хуссар Иры уыдæттæй нырма нæй гæнæн спайда кæнын.

Ацы хъуыддæгтæ хорз сты, фæлæ уæддæр ирон адæмы нымæц фылдæр нæ кæны. Æмæ куыд фæфылдæр уа, кæд æмæ нæ лæппутæ бинонтæ нæ кæнынц. Æмæ уæд чызг кæдæм смой кæна? Æмæ уæд сывæллæттæ кæм хъуамæ уа? Уый та уын дыууæ стыр бæллæхы.

Бирæ ис усгур кары лæппутæ нæ республикæйы.  Иуы дæр дзы æгуыдзæг не схондзынæ. Конд, уынд, ас, зонд – æппæтæй дæр æххæст. Сæ фылдæрмæ – уæлдæр ахуырад, хорз хæдзæрттæ, ис сын рог хæдтулгæтæ, бирæтæм – фæсарæйнæгтæ. Ницы хуызы зæгъдзынæ, амал сын нæй, зæгъгæ. Уæдæ цы у аххосаг? Мæнмæ гæсгæ, цардмæ кæсынц уæлæнгай цæстæй, сæ фылдæр се ‘ргом аздæхтой æхца, мулк ссарынмæ. Царды сæйрагдæр хъуыддаг – бинонтæ æмæ сын сы-вæллæттæ та фæсвæд аззадысты.

Дуг размæ згъоры, рæстæг ивддзинæдтæ хæссы, ивы адæмы зондахаст дæр. Раздæр-иу ды-зæрдыггаг цы нæ уыд, уый ныры рæстæджы кæнæ хъæугæ хъуыддагыл нал нымайынц, кæнæ та йæ ныхмæ цæхгæр ныллæуынц.

Алы аз дæр къайад чи сфидар кæны, уыдонæн се ‘мбис фæстæмæ рахицæн вæййынц. Бирæтæ дзы афæдз дæр нæ фæцæрынц. Куы сæ фæрсай, цæмæн афтæ рауад, уæд дын зæгъдзысты, кæрæдзийы нæ бамбæрстам, зæгъгæ. Æндæр цы зæгъой, уый сæм нæ вæййы. Кæд хæдзары сывæллон фæзынд, уæд ис мад, ис фыдæй, сидзæрæй аззайы. Абон Уæрæсейы сидзæртæ ис, 1945 азы хæсты фæстæ, Советон Цæдисы цас уыдис, уымæй бирæ фылдæр. Ацы хъуыддаджы Ирыстон дæр фæстейы нæ зайы.

Вæййы ныхас, ныртæккæ зын цæрæн у, зæгъгæ. Абарæм ма «хæсты сывæллæтты» цард абонимæ. Скъаппы дуар бакæн æмæ дзы цы райстаис, уый дæр нæ уыд. Быдырты зылдысты: уалдзæг, сæрд – кæрдæджытыл, фæззæг, зымæг – хуыскъæлтыл. Абон та урс дзул æнæ ахуыйæнæй ничи хæры. Къæхтыл фæззæг, зымæг – хæцъил дзабыртæ, уалдзæг, сæрд та – бæгъæввадæй. Раздæр сæ хуыздæр дарæс – кæттагæй, абон та джинс æмæ сæракæй хуыд дзаумæттæ.

Адæмы фарн бирæ у, тынг бирæ хорз æгъдæуттæ нæм ис, æмæ сæ чи зоны, аргъ сын чи кæны, царды сæ йæ кæстæртæн рæсугъдæй чи æвдисы æмæ амоны, уыцы ныййарджытæ амондджын вæййынц.

Ирон бинонтæ рагæй дæр фидар уыдысты сæ уаг æмæ æгъдауæй. Алы бинойнагæн дæр йæ кар, æмæ бинонты ‘хсæн цы бынат ахста, уыдонмæ гæсгæ бæлвырд уыдысты йæ хæстæ, митæ, хидарыны æгъдæуттæ, йæ фæзилæнтæ, йæ ахастдзинæдтæ иннæ бинонты уæнгтимæ. Бинойнагæн йæ кар æмæ уавæрмæ гæсгæ цы æмбæлыд, уый куы нæ æххæст кодтаид, уæд уый та æгад æмæ худинаг уыд, мыггаг æмæ хъæубæсты æхсæн-иу фидиссагæн баззад. Ныр дæр бинонты цардæн бæлвырд æмæ фидар уаг сæвæрын хъæуы. Саразæм ирон бинонты царды кодекс, нæ фыдæлты фæтк нын ныры цардимæ чи баиу кæна, уымæн æмæ бинонты хæлддзинад адæмы сæфтмæ кæны.

Фыдæлтæ цы хуыдтой бинонтæ, чи уыдысты? Тугхæстæгæй, æгъдауæй, æфсармæй кæрæ-дзийыл куыд баст цыдысты, уыцы фæтк æмæ уаг тынг рагон сты æви фæзындысты æрæджы? Бирæ фарстатæ æвзæры адæймагмæ, ирон бинонты цардыл лæмбынæгæй хъуыдыгæнгæйæ. Дзырдтæ бын, бынон, бинон,  бындур,  бындар, биноныг, бинойнаг, бинонтæ равзæрдысты иу уидагæй, иу хъомысæй, иу мидисæй иу нысанмæ амонгæйæ. Бынтæ æмæ фæллæйттæ, бындуртæ æмæ бындартæ, биноныгтæ æмæ бинонтæ, бинойнæгтæ æмæ мыггæгтæ, ныййарджытæ æмæ зæнæг-цот, тугæй æмæ æгъдауæй хæстæджытæ баззадысты ныхасæн фыдæлтæй нырмæ. Уыцы кæрæдзийыл æнгомбаст хъуыдыты-нысæнтты хъомысæй рæзти ирон фарн æнусты дæргъы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.