Æрæджы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд горæт Пятигорскы цæугæ зоопарк «Король лев». Уырдæм знон, 4-æм апрелы нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æмæ республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы æххуысæй фæуазæг сты Ленингоры сывæллæтты хæдзарæй 22 хъомылгæнинаджы. Парламенты депутат, парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæвар Касаты Ацæмæз нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уагъд цæуы акци, кæцымæ гæсгæ зоопаркмæ хуынд цæудзысты алы районы сывæллæттæ дæр, уæлдайдæр та æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ æмæ мады рæвдыдæй цух чи æййафыц, ахæмтæ.  «Æрæджы ацы  акцимæ гæсгæ ахæм рæсугъд бæрæгбон балæвар кодтам Цхинвалы районы сывæллæттæн дæр. Рохуаты нæ баззайдзысты иннæ районты сывæллæттæ дæр»,- банысан кодта Касаты Ацæмæз.

Ленингоры Сывæллæтты хæдзары кусджытæ Манана Хиблишвили æмæ Чысиаты Ельзæ стыр бузныг загътой парти «Иугонд Ирыстоны»-ы минæвæрттæн, Ахуырады министрад  æмæ æмткæй нæ республикæйы разамынадæн, сывæллæттæн ахæм рæсугъд бæрæгбон кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. «Нæ республикæйы Ахуырады министрады æххуысæй махæн рахицæн æрцыд сæрмагонд автобус, кæцы нæ æркодта Цхинвалмæ æмæ нæ фæстæмæ дæр фæхæццæ кодта бынатмæ. Сывæллæтты цинæн кæрон дæр нал уыд, уымæн æмæ уыдон ахæм сырдтæ æввахсмæ никуы федтой. Махмæ Ленингоры ахæм хиирхæфсæн мадзæлттæ нæ вæййы, уымæ гæсгæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд сæ балц», – загъта Чысиаты Ельзæ.

Зоопарчы иууыл чысылдæр уазæг Ходты Сергей тынг цымыдис æмæ дисхуызæй каст алыгъуызон сырдтæм. Йæ рæсуъд цæсгомыл ирдæй зынд, йæ балцæй стыр æхцондзинад кæй райста, уый. Сывæллæттæ сæ нывтæ фæистой сырдты цур, фæхъазыдысты, уым цы хиирхæ-фсæн хъазæнтæ уыд, уыдоныл.

Уый фæстæ сывæллæттæ сихор бахордтой нæ горæты иууыл популярондæр кафетæй сæ иу – VINCENZO-йы. Атезгъо кодтой Цхинвалы уынгты. Сывæллæттæ иууылдæр райгондæй здæхтысты фæстæмæ хорз тæлмæнтæ сæ зæрдæты ахæсгæйæ.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.