Нæ театрæн хуымæтæг истори нæй. Æцæг профессионалон театрыл æй нымайæм 1931 азæй, фæлæ уый размæйы азтæм куы акæсæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн, куы йæ хонæм 1906 азы гуырд, уæд.

Аивады алы къабазæн дæр ис йæхи рæсугъддзинæдтæ, хорздзинæдты æмрæнхъ зындзинæдтæ дæр. Нæ театр рог æмæ фæлмæн фæндæгтыл никуы цыд. Иунæг фæлтæр дæр дзы нæ баззад маст, æфхæрд тугкалд чи нæ федта.

Уæззау æмæ хæстон дуг æрхауд нæ абоны театралон зиууæттæм дæр. Се ‘взонг уæнгтæ айвазын сæ æдæрсгæ нæ бауагъта Гуырдзыстоны фашизм, лæджыфыдхор сыхæгтæ, тугмондаг гуырдзы. Ныффалгæрон кодтой Ирыстоны хæзнаты, уыцы нымæцы нæ театр дæр.

Сæрæнгуырдтæ разындысты нæ абоны театралон фæлтæр, нæ ныууагътой се сценæ, кæд тухийаджы уавæрты бахаудтой, уæддæр.

Абон нæ театры егъау коллективы бæллиц у, ног рæсугъд  театры къæсæрæй бахизын, ног сценæйыл сæ хъаруджын уæнгтæ айвазын.

Бирæ арфæйаджы ныхæстæ ис зæгъæн нæ абоны театралон зиууæтты тыххæй. Ам уал мæ фæнды сæ иуы кой ракæнын. Уый у Наниты Витали.

Нæ театры хъуыддæгтыл ныхас куы цæуа, уæд нæ ахиздзынæ нæ мызыхъхъ лæппулæг Виталийы иувæрсты. Нæу рагон, æрыгон схонæн дæр ын нæй. Нæ театрмæ æрбацыд æгъдæнцойыл хæцæгæй æмæ нын абон ис гæрзифтонг барæджы бынаты. Кæддæр ын театры æфсондз уæззау уыд, фæлæ куы æрлæууыд æмбаргæ æмæ арæхстджын кусджыты ‘хсæн, алчи дæр æм дзы йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кодта, уæд йе ‘фсондз фæрæуæгдæр, уæд йæ гутоны хахх сраст æмæ йыл дарддæр йæ цыд кодта.

Витали цхинвайлаг лæппу, ам райгуырд 1964 азы. Йæ фыд Гиуæр æмæ йæ мад Табуйон Мария сæ тыхыл æнæауæрдгæйæ, архайдтой сæ зæнæджы ахуыры фæндагыл бафтауыныл.

Æвзонг Витали къаннæг сывæллонæй йæхи æппæрста музыкалон гæрзтæм. Уый хатгæйæ, ныййарджытæ сæ лæппуйы барвыстой Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Каст дзы фæцис актерон хайад 1938 азы. Уæдæй абонмæ йæ хъысмæт сбаста нæ театримæ æмæ йæ абоны бон нымайæм не ‘вæллайгæ зиууæттæй иуыл.

Актеры уæззау, дæргъвæтин æмæ цæсгомджын куысты фæстиуджытыл дзурæг вæййынц йæ саразгæ фæл-гæндзтæ. Уыдон та Нанийы фыртæн дзæвгар æмæ вазыгджын фæлгæндзтæ сты.

Витали кæддæриддæр уарзта бæстон æмæ æнувыд куыст, фæлвых фæл-гæндзтæ нырма никуы рахаста сценæ-мæкæсджытæм. Йæ саразгæ фæлгæн-дзтыл адæм сæмбæлынц зæрдæрайæ. Фæстаг хатт пьесæ «Тугæйдзаг чын-дзæхсæв»-ы цы ролы ахъазыд, уым кæуылты уыдысты йæ арæхстдзинæдтæ. Идæдз лæг Дотти, нырма йæ азтæн фидар у, æркодта дыккаг усæн æвзонгдæр сылгоймаджы, йæ марг сыхаг Саулæг æмæ Доттийæн йæ фырт Солым цынæ фыдмитæ кæнынц  Дотти-Виталийæн, цынæ уавæрты йæ æппарынц, фæлæ фидар лæг у мулкджын Дотти-Витали, ссары сын фæрæзтæ æмæ сын дæтты аккаг дзуаппытæ, кæд æй мæлæты къæсæрмæ æркодтой, уæддæр.

Алыварсон курдиаты хицау у Витали. Арæхстджынæй æххæст кæны куыд комедион, афтæ трагедион рольтæ дæр, куыд ас лæгты, афтæ æрыгон адæймæгты рольтæ дæр.

Нæ актер фæндаг ары куыд фыдыбæстæйон цардæвдисæг, афтæ æндæр адæмты цардуаг æвдисæг фæлгæндзтæм дæр.

Дзæвгар у сæ нымæц, цы пьесæты хъазыд, уыдонæн. Уыдон та сты: Саулохты М. «Усгур», Мамсыраты Д. «Хæсанæ», Гаглойты Вл. «Ныййарæджы кадæг», «Тугæйдзаг чындзæхсæв», Уанеты Вл. «Аланты ус-паддзах Зæлинæ», «Шахмæттæ», Хуыгаты Г. «Чепена», «Сау нымæт», Айларты А. «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц», Хуыбецты Р. «Ды мæ куы уарзай», Нартыхты Г. «Чындз», «Расыггæнджытæ», Уырыймæгты Ез. «Сæниат».

Не сценæ хъæздыг у тæлмацгонд пьесæтæй. Уыдонæн сæ фылдæр хайы активонæй хъазыд Витали. Ахæмтæ йын сты: Шекспиры «Гамлет», «Юлий Цезарь», «Уад», «Макбет», А.Островскийы «Хъæд», Мольеры «Æнæбары хосгæнæг».

Адæм Виталийы сæ зæрдыл бадардтой тынгдæр, куы йæ федтой хъазгæ «Фæ-ныкгуыз»-ы, «Чепена»-йы æмæ мæнæ хæрзæрæджы Доттийы ролы куы ахъазыд, уымæй.

Куы фæрсай Виталийы, уæддæр дæ зæрдæмæ арфдæр кæй айстай хистæр фæлтæрæй, зæгъгæ, уæд дын ракæндзæн зæрдæбынæй Таугазты Гаврил, Цхуырбаты Борис æмæ  Хъайырты Владимиры кой.

Абоны бон Витали кæимæ кусы, уыцы режиссертæ та йын сты Дзуццаты Тамерлан, Тъехты Уасил, Хъæцмæзты Фатимæ. Райгонд у кæддæриддæр сæ куыст æмæ сæ арæхстджын разамындæй.

Театралон гастролтæ арæх вæййынц нæ театрæн, куыд Дзæуджыхъæумæ, афтæ Сухуммæ дæр. Уыцы балцытæй иуы рæстæджы, 2004 азы, Абхазы сценæйыл йæ арæхстдзинæдты тыххæй райста кады гæххæтт. Кады гæххæттытæй хорзæхджын æрцыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады разамынадæй дæр.  2001 азы та Виталийæн лæвæрд æрцыд  Республикæ  Хуссар  Ирыстоны сгуыхт артисты ном.

Цæгат Ир иу æмæ дыууæ хатты нæ федтой Нанийы фырты хъазт се сценæйыл æмæ йын 2017 азы лæвæрд æрцыд. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артисты ном.

Æнæрынцой уды хицау у Витали,  архайы ууыл, цæмæй Иры рæзгæ фæлтæр уарзой сценæ, ирон аивады ратæдзæнтæ.

Уыцы хъуыдытæ йæ æркодтой скъолайы куыстмæ дæр. Ныр цалдæр азы Витали уæхскуæзæй кусы нæ сахары 12-æм скъолайы драмкъорды разамонæгæй. Йæ репертуар сæйраджыдæр конд у национ цардæвдисæг спектаклтæй.

Виталийы куысты сæйраг рахæцæныл банымайæн ис иу стыр хъуыды: сывæл-лæтты цайдагъ кæны мадæлон æвзаджы хæрзиуджытыл, ирон  аив ныхасыл, сценæйы змæлд æмæ аивдзинадыл.

Иннæ стыр хъуыддаг та уый мидæг ис, æмæ сывæллæттæ зонгæ кæнынц фæлгæндзты миддунеимæ, адæймаджы вазыгджын психологиимæ æмæ ноджы – дуг, рæстæджы домæнтимæ.

Хорз у иу стыр хъуыддаджы ратæдзæн -сывæллæттæ æмбарын байдыдтой, сценæ царды айдæн кæй у, уый.

Скъолайы драмкъорд рæгъмæ кæй рахаста, уыцы пьесæтæ сты: Уанеты Владимиры «Нæртон уадындз», Хуыгаты Георы «Сау нымæт», Джусойты Нафийы «Рох зарæг», ирон æвзагмæ тæлмацæй «Сырх худджын».

Ныртæккæ Витали кусы иу стыр хъуыддагыл, тымбыл кæны не гъдæутты, не ‘взаджы æвæрæнты, бæтты сæ кæрæдзийыл, аразы сын сюжет. Йæ сæр ын схуыдта «Номарæн æгъдæуттæ».

Кæуылты уыдзæн йæ ахадындзинад ацы сценарийæн. Автор архайы иу стыр хъуыддагыл: хъуамæ рæгъмæ рахæсса, нæ царды рахæцæнтæй иууыл стырдæр æмæ ахсджиагдæр фарст – адæм се ‘взаг æмæ се гъдæуттæй адæм сты.

Æмæ цæмæй уый уа, уый тыххæй та фидар хæцын хъæуы не ‘взаг æмæ не   ‘гъдæуттыл.

Хæцгæ сыл алчи дæр кæны ныхасæй, хъуыддагæй чи архайы, уыдоны нымæц та цъус у.

Хъуыддагæй сыл чи архайы, уыдонæй иу у Наниты Витали. Сценæйыл йе змæлд, йæ архайдимæ кæддæриддæр уынæм нæ хотыхджын æвзаг, фыдæлты æгъдæутты рахæцæн.

Дуг йæ бон калы, абоны рæстæг нæ театрты тых кæй асаста, уый уынæм, æмбарæм ын йæ аххосаг дæр. Мысæм уæхскуæзæй кæддæры сценæты, актерты, куыд ивылдысты адæм театрмæ, цахæмтæ уыдысты театрдзаутæ-сценæмæкæсджытæ.

Стыр ивындзинæдтæ кæй æрцыд театралон историйы дæр, уый нын нæ разы æвæры абоны бон фылдæр æмæ ахсджиагдæр хæстæ. Компьютертæ æмæ интернеты фæдыл чи адзæгъæл (æмæ цъус не сты), уыдон раздахын хъæуы театралон фæндагмæ. Уыцы стыр хъуыддагмæ счъилдысæй хъуамæ бавналой нæ актертæ сæ ног галуанмæ бахизгæйæ.

Уыцы стыр ныфс æмæ хъуыдытæ ис Нанийы фыртмæ, уыцы театралон фæн-дæгтæ амоны рæзгæ фæлтæрæн дæр.

Ног театры дуæрттæ байгом кæнын – иу хъуыддаг, йæ къуымты æрзилын, ног сценæйæ ныхас кæнын – иннæ хъуыддаг.

Нæ цæст уарзы Нанийы фыртæн дæр, цæмæй йæ цард, йæ бон цы ахсджиаг хъуыддагæн снывонд кодта, уым æнæниз, уæнгрог æмæ хъуыдыджынæй куса, цæмæй йæ уд фылдæр хъара ирондзинад æвдисæг сценæтыл. Уыцы уарзондзинад æмæ тырнындзинæдтæ уынæм Виталимæ æмæ йын фылдæр кæнæнт.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.