Кæд райдайдзæнис ног театралон сезон? Ахæм фарст сæ кæрæдзимæ арæх радтынц нæ горæты цæрджытæй бирæтæ. Нæ уацхæссæг Гæззаты Иван дæр бацымыдис кодта ацы фарстмæ æмæ фембæлд театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерланимæ:

– Тамерлан, рæхджы нæ театр йæ дуæрттæ байгом кæндзæнис театрдзаутæн. Уый кæд хъуамæ уа æмæ театралон сезоныл цахæм æнкъарæнтæ æмæ зæрдæйы уагимæ æмбæлынц артисттæ, театры разамынд?

– Нæ артисттæ ног театралон сезон байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсынц стыр разæнгардæй. Уымæн æмæ, сæхæдæг цæйау фæзæгъынц, бафæлладысты иу ран бадынæй. Куыд æз мæхæдæг, афтæ театры разамынд дæр тырны, цæмæй ног сезон райдайа тагъддæр. Кæй ныффæстиат стæм, уый аххосаг та у, алкæмæн дæр зындгонд чи у, уыцы коронавирус. Цалынмæ уый ныннымæг уа æмæ нын паддзахады разамынад бар радта, уæдмæ уал нæ куыст кæндзыстæм, æнæ спектакльтæ æвдисгæйæ. Театралон сезон байгом кæнынмæ куы хъавæм, уæд æй æнæмæнг фехъусын кæндзыстæм дзыллон информацийы фæрæзты фæрцы.

– Арæх не ‘мбæстæгтæ фепæлынц нæ театры артисттæй. Адæмы уыцы ахаст цахæм ныхæстæй бафидар кæнис?

– Ахæм ныхæстæ мæнæн дæр арæх æрцæуынц мæ хъустыл. Æз уый нысан кæнын æхсызгонæй. Уыцы æппæлæн ныхас иу адæймаг куы кæнид, уæд ын уыйбæрц стыр нысаниуæг дæр нæ дæттин, адæмы фылдæр хай сæ кæй дзуры, уый у æхсызгон. Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны фæлтæры артисттæй алкæмæ иугъуызон курдиатмæ фæл-тæрддзинад нæй, чи дзы æвзонг у, чи та кусы рагæй, фæлæ æвзонгдæр артисттæ кæсынц фæлтæрддæр артистты арæхстдзинæдтæм æмæ уыдонæн дæр рæзы сæ профессионалондзинад. Мах арæх æрæмысæм Цоциты Къæдзæх, Гæбæраты Дауыт, Цоциты Нинæ, Цæбиты Залихан æмæ бирæ æндæр артистты. Уымæн æмæ фыццаг уыдон систой бæрзонд нæ театр æмæ артисты кад æмæ ном. Уыдон æвзонгдæр артисттæн æрмæст сæ фæлтæрддзинад нæ амыдтой, фæлæ ма сын уыдысты ныййарджыты хуызæн дæр. Алкæмæ дæр æвдыстой хи хъæбулы уарзондзинад.

– Бирæ æмæ алыгъуызон хæстæ лæууы аивадон къухдариуæггæнæджы раз. Радзурма, цахæм тырнындзинæдтæ æмæ сæ æнкъарæнтимæ æххæст кæныс?

– Аивадон къухдариуæггæнæджы æвæрд спектакль адæмы зæрдæмæ куы нæ цæуа, залы афтид бынæттæ фылдæр куы уа, уæд уый дзурæг у ууыл, æмæ аивадон къухдариуæггæнæджы куысты ис цухдзинæдтæ. Цæмæй ахæм  мæгуырау миниуджытæ æмæ фæстиуджытæ ма уа, уый тыххæй æппæт хæстæ дæр куыд иу, афтæ хъæуы æххæст кæнын. Спектакльтæм бирæ адæм куы цæуа, уæд уый у артисттæ æмæ аивадон къухдариуæггæнæджы иумæйаг æнтыст æмæ алы спектаклыл дæр бакусæм бæстон æмæ лæмбынæг.

Нæ театрдзаутæ арæхдæр фæдомынц, ирон цард æмæ фарныл дзурæг спектакльтæ æмæ уыцы домæн нырæй фæстæмæ дæр æххæст цæудзæнис хуыздæр.

Æнæрхъæцæй кæсынц æнхъæлмæ

Ног сезонмæ цæттæ кæнæм спектакль «Фæстаг æвдисæн». У историон фактыл фыст. Йæ автор Остъаты Алан арæхстджынæй равдыста, нæ фыдæлтæ уæззау æмæ зын цардвæндæгтыл куыд фæразонæй цыдысты, уыдон.

– Ацы аз нæ университеты байгом театралон факультет-курс. Цал ахуыргæнинаджы райстат, чи сты æмæ цахæм уыдзæнис курсы дарддæры хъысмæт?

– Ахæм курс бакæнын раздæр дæр æмбæлдис, фæнд дæр иу кодтам, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ нæ фæнд æххæст нæ цыд. Йæ бакæныны тыххæй мæ бузныг зæгъын фæнды Президент Бибылты Анатоли æмæ университеты ректор Тедеты Вадимæн. Уыдоны алыварсон æххуысы фæрцы факультет æрцыдис конд. Алы театр дæр дæс азы иу хатт хъуамæ иса ног артисттæ. Театралон курсмæ цы æртын æвзонг чызг æмæ лæппуйы фæндыд бацæуын, уыдонæй 18 систы студенттæ. Лекцитæ сын кæсынц нæ театры фæлтæрддæр артисттæ, университеты доценттæ æмæ профессортæ.

– Фæзæгъынц, зæгъгæ, алы ногдзинады дæр вæййы зындзинæдтæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, цахæм зындзинæдтыл æмбæлы ацы курс?

– Курсæн нæй зындзинæдтæ. Ахуыр кæнынæн сын университет æмæ театры дæр ис иттæг хорз уавæртæ.

– Нæ театры артисттæм цахæм гастрольтæ æнхъæлмæ кæсы?

– Коронавирус нын нæ плæнттæм бахаста стыр ивындзинæдтæ. Нырмæ дæр хъуамæ гастролон балцтæ сарæзтаиккам Мæскуы, Сухум, Дзæуджыхъæу æмæ Цæгат Кавказы цалдæр горæтмæ. Уырны мæ, куыддæр уавæр фæхуыздæр уа, коронавирус фæстæмæ алæууа, афтæ бæстондæр æрæвналдзыстæм нæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

Ацы аз гом кæнæм 89 театралон сезон, фæлæ ныридæгæн нæ хъуыдытæ баст сты фидæн мæйы 90 азы юбилейон театралон сезон байгом кæнынимæ.  Уый стыр æмгъуыд у æмæ нысан æрцæудзæнис уæрæхдæрæй.

– Банысан кодтай, зæгъгæ, ног театралон сезонмæ цæттæ кæнут спектакль «Фæстаг æвдисæн». Уымæй дарддæр ма цæмæй барухс кæндзыстут ирон театруарзджыты зæрдæтæ?

– «Фæстаг æвдисæн»-æй дарддæр ма кусæм спектакль «Хъуыдытæсафæг уарзт»-ыл. Уымæй дарддæр ма январы мæйы æрæвналдзыстæм æндæр спектакльтæ цæттæ кæнынмæ æмæ уыдонæй дæр барухс кæндзыстæм, æнæрхъæцæй нæм цы театрдзаутæ æнхъæлмæ кæсы, уыдоны зæрдæтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.