РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрады дунеон æмгуысткæнынады департаменты директор Антон Мельник æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов базонгæ сты, 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг Гуырæн хæдзары куыстытæ куыд цæуынц, уыдонимæ.

Ныртæккæ ам кæнынц мидæггагон куыстытæ. Æрывнæлдтой инженерон хызæгты арæзтадмæ, арæзт цæуы хъæрмадон системæ, кæнынц вентиляцион куыстытæ, куыст цæуы зынгсирвæзты ныхмæ сигнализаци æмæ видеохъусдарынад саразыныл. Æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц æртыккаг  техникон уæладзыджы.

Уым уыдзæнис гуырæн хайад 30 сынтæгимæ, гинекологион хайад 20 бынатимæ, сылгоймæгты консультаци æмæ физиологийы хайад – 10 бынатæн. Ацы объект дæр бацæудзæнис нæ республикæйы медицинон кластермæ, кæцы арæзт æрцæудзæнис уыдоны стилыл.

Объекты азилыны фæстæ уæрæсейаг уазджытæ  бацымыдис  кодтой финансон хъуыддаджы, стæй сын арæзтадон æрмæджытæй ифтонгады исты проблемæтæ ис, æви нæ, уымæ. Подрядон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-ЮГ»-ы минæвар Хатæгты Тимур загъта, зæгъгæ, финансон фæрæзтæй, стæй арæзтадон æрмæджытæй дæр цæуынц рæстæгыл ифтонг.

«Ацы хъуыддаджы уæм кæд исты фарстатæ фæзына, уæд сæ мах нæхи ‘рдыгæй аскъуыддзаг кæндзыстæм», – загъта аразджытæн Антон Мельник.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бацымыдис кодта, арæзтады цал кусæджы ис, уымæ.

«Арæзтадмæ бынæттон цæрджыты æрбахонын у ахсджиаг æмæ хъæуы уымæ стыр хъусдард аздахын», – банысан кодта  уый.

Подрядон организацийы минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтады ныртæккæ кусы 70 адæймаджы. Уыдонæй 40 проценты сты бынæттон цæрджытæ, иннæтæ та сты Уæрæсейæ æндæр æмæ æндæр рæттæй æрхонгæ уазджытæ.

«Арæзтадон куыстытæ куы цыдысты, уæд нæм фылдæр куыстой бынæттон кусджытæ, фæлæ нæ ныртæккæ сæйраг специалисттæ кæй хъæуы, æмæ нæ республикæйы та ахæмтæ фаг кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ æрхонæм Уæрæсейæ æндæр æмæ æндæр рæттæй», – загъта арæзтады фа-дыджы хистæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй объекты арæзтадæн рахицæн æрцыд 490 милуан сомы.   Арæзт та хъуамæ æрцæуа 2019  азы кæронмæ, фæлæ аразджытæ куыд загътой, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр гæнæн ис фæуой сæрды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.