Коронавирусон пандемийы рæстæджы кусджыты сæрмагонд контакттæ фæкъаддæр кæныны нысанæн Хицауад æмæ Хицауады Аппарат рахызтысты куысты дистанцион-электронон хуызмæ.

Сæйраджыдæр, Хицауады æмæ Хицауады Аппаратмæ документтæ ист цæуынц, афтæ ма æмбæстæгтæй дæр электронон посты фæрцы – doc@alania-gov.su

Алыгъуызон фарстытæ скъуыддзаг кæныны тыххæй гæнæн ис спайда кæнын телефонæй.

Хицауады Аппараты контактон бæрæггæнты тыххæй информаци, афтæ ма коронавирусы фæдыл тæвд хаххыты тыххæй базонæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон сайты – https://rso-government.org/

Зæрдыл дарын кæнæм, æнæмæнгхъæуæг кæй у коронавирусон инфекци COVID-19 ма апарахат кæныны фæдыл оперативон штабы санитарон хуызы профилактикон мадзæлтты уынаффæтæ æххæст кæнын (дезинфекцион æмæ маскæйон режим, социалон дистанци, æхсæнадон бынттæм ма цæуын).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.