Юстицийы министрад Хицауадмæ æрбавдыста 2020 азы сентябры мæйы куысты фæдыл æрвылмæйон хыгъд.

Хыгъдон рæстæджы Министрад  æххæст кодта паддзахадон функцитæ нормативон-барадон æмæ закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фадгуыты: æнæкоммерцион организациты архайд регистраци æмæ контроль кæнын, æнæзмæлгæ исад æмæ æмбæстагон уавæры акттæ регистраци кæныны бар; адвокатон æмæ нотариалон архайад æмæ æндæр здæхтытæ контроль кæнын.

Хыгъдæй бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы кусынц 172 æнæкоммерицон организацийы, уыдонæй 8 сты политикон партитæ цыппор регионалон организацитимæ, иу динон организацийæ æхсæз дæлхаимæ, фæсарæйнаг партнерты реестрмæ хаст æрцыдысты æхсæз организацийы.

Ацы здæхты фæдыл Юстицийы министрад бацæттæ кодта «Политикон партиты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, уагъд цæуы куыст паддзахадон хæстæ æххæст кæныны Административон регламентыл æнæкоммерцион организациты архайды уагæвæрды нысæнттыл æмæ хæстыл контроль æххæст кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.