Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты арæнгæрон службæ регуляронæй нысан кæны æнæпилотон тæхæг аппараттæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнтæ фехалыны цаутæ, кæцытæ уагъд цæуынц Гуырдзыстоны территорийæ республикæйы арæнгæрон зонæмæ. Бацамынд провокацион архайдтытæ фылдæр хатт уагъд цæуынц гуырдзиаг полицийы кусджыты цур æмæ сæ хайадистæй. Райсгæ видеоæрмæджытæ хынцгæйæ, цыран нысан æрцæуы хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнæг органты æрвылбонон архайд паддзахадон арæн хъахъхъæныны æмæ арæзты фæдыл, æмæ сæ уый фæстæ спайда кæнынц Гуырдзыстоны æхсæнадон хъуыды бацæттæ кæныны интерестæн бæстæйы «лæсгæ оккупаци»-йы тыххæй.

Нырыккон æнæпилотон тæхæг аппараттæй паддзахадон арæныл диверсион-террористон акцитæ саразыны тыххæй кæй пайда кæнынц, уый хынцгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитет гуырдзиаг тæхæг аппаратты  Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдадмæ барвитыны факт нымайы, куыд республикæйы æдасдзинадæн тæссагдзинад, афтæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.