Гæджиты Бадилайы райгуырдыл сæххæст 130 азы

Уый уыд, ирон адæмæй йæ фæстæ иууыл уæззаудæр биографи æмæ цымыдисагдæр истори чи ныууагъта, уыдонæй. Шолоховы «Тихий Дон»-ы хъайтар Григори Мелехов цытæ бавзæрста, уыдæттæй Гæджиты Бадилайы хабæрттæ бирæ цымыдисагдæр æмæ уæззаудæр сты. Къуыдаргомы  таурæгъон лæг кæй сси, йæ царды алы хабар дæр хицæн аивадон уацмысæн кæй бæззы, уыдæттыл куы ахъуыды кæнæм, уæд нæм дзырд легендарон бынтон фæлурс ныхас фæкæсдзæн. Уæлдай цымыдисаг уый у, адæмæн таурæгъон хъайтар дыууадæсаздзыдæй кæй ссис…

Йæ царды хабæрттæ сты цалдæр гуырахстджын романы фаг, фæлæ сыл цæст цыбыртæй ахæсгæйæ, райдыдтой афтæ: гуырдзиаг æлдар Бадилайы фыд Гуламæ æрцыд æмæ йын загъта:

– Дæ хъалон куынæ ныххæссай Онмæ, уæд фендзыстæм!

Æлдар дыккаг хуыцаубон æрцыди Гуламæ йе стражниктимæ æмæ сын мæстыйæ ацамыдта: цæвут Гулайы!

Стражниктæ уæлбæхæй зæронды ехсытæй цæвын райдыдтой дыууæрдыгæй. Иуахæмы ехсы тъæпæн кæрон цæстыл сæмбæлд, æмæ цæст фæхаудис. Туг кæлы. Гула зæххыл ахаудис. Бадила уæд уыди хæрз гыццыл сывæллон, фæлæ дзурынтæ йедтæ зыдта. Æмæ хъæр кæны:

– Гыцци! Гулайы амардтой!

Æлдар ноджы хъæр кæны стражниктæм:

– Бацæут сæм æмæ дзы æргæвдинаг цы ис, уыдон ратæрут! Нывонд фыр сæм уыди, æрмикъæбæрæй хаст. Раластой йæ. Бадила куы нырдиаг кодта, уæд æй стражниктæй иу басырдта. Хъуамæ йæ ехсæй æрдзæхст ластаид. Лæппу балыгъди зыгуымдонмæ æмæ уым бамбæхсти.

Бадила куы бахъомыл, уæд загъта:

– Мæ фыды цæст мын чи скъахта, уый куы базонин æмæ йæ куы ссарин.

Сæ хъæуккаг æй акодта Гуырдзымæ æмæ йæ æххуырсты радта, Гулайы цæст чи скъахта, уыцы æлдармæ æввахс ран. 1904 азы уырыссаг-япойнаг хæсты чи фæмард, уыцы бул-къоны бинойнаг Бадилайæ йæхицæн загъта фырт. Бинонтæ йæ банымадтой сæфтыл. Бадила йæ «фесæфты» хабары тыххæй фæстæдæр йæ мысинæгты фыста: «Нæ зылды æз нымад уыдтæн æппæты ахуыргонддæр адæймагыл. Мæнау ма кæсын æмæ фыссын зыдта æрмæстдæр нæ хъæуы писыр. Гъемæ, не ‘рвадæлты бафæндыд, цæмæй сын сæ галтæ Кутаисы ауæй кæнон, мемæ ма ацыдысты Таймæзты Гуча æмæ Багатæй иу лæг. Уыдон та уæймæ хастой цыхтытæ. Æз атардтон æхсæрдæс хæрзхаст галы. Мæ галты мын балхæдта сæудæджер Бутулов. Галты аргъы æмбис мын радта, иннæ æхцатæ та мын хъуамæ радтаид фæстæдæр. Æхцайы иу хай арвыстон галты хицæуттæн. Фæлæ мын Бутулов ницыуал радта. Уæд загътон: «Мæхæдæг кæй бакусон, уыцы æхцатæй сын сæ бафиддзынæн». Æмæ нæ хъæумæ нал ныздæхтæн. Куыстагур ацыдтæн Тифлисмæ».

Бадила фыццаг хатт Гуырдзымæ куыстагур ацыди йæ фыды æфсымæримæ, уæд ыл сæххæст ис фараст азы. 1901 азы кæрон æрыздæхти сæ хъæумæ, цасдæр рæстæджы фæстæ ацыди Онмæ. Уым сæмбæлд Зассеты Уасилыл æмæ йæ уый бакодта тæрхондоны кусæг Хъипиановмæ, мæй йын фыстой æртæ сомы. Уæззау куыстыты бын фæци – зæхх хуым кодта, хор тыдта, сæндонмæ зылди. Æнахъом лæппуйы куыст-иу хицауы зæрдæмæ куы нæ фæцыди, уæд æм-иу йæ къух дæр систа. Бадила загъта: «Ардыгæй алидзон». Цæмæй сæ хæдзарыл сæмбæла, уый тыххæй йæ æхсæз æмæ æртиссæдз километры фæцæуын хъуыди. Хæдзарæй рахаста агуывзæ æмæ нартхоры кæрдзын. Фæндагыл æй æрурæдта пъæлицæйаг, баджигул æм кодта, йæ агуывзæ йын йæ ронæй фелвæста æмæ йæ бакодта Хъипиановмæ. Уый йын бардзырд дæттæгау афтæ: «Ардыгæй иу къахдзæф дæр нал акæндзынæ! Ам кусдзынæ!».

Фæлæ та æртæ боны фæстæ алыгъди.

Ралæууыди 1905 аз. Бадилайыл сæххæст 14 азы. Афтыди Оны калакмæ. Уæд базонгæ ис йæхицæй бирæ хистæр уырыссаг лæппу Сережæимæ. Уый уыди сæ бартыл тохгæнæг къордтæй иуы разамонæг. Бадилайæн радта топпыхосæй ифтындзгæ дамбаца. Уый фæстæ бон сæ бартыл тохгæнæг адæм Онæй ацыдысты Кутаисы кусджытæн æххуыс кæнынмæ.

Бадила баиу, Кутаисмæ чи ацыди, уыдонимæ. Уым сарæзтой баррикадæтæ æмæ æнхъæлмæ кастысты Терчы хъазахъхъæгтæм. Сæ сыстадæй ницы рауади. Бадила куыста Чиа-турайы шахты. Уæды рæстæджы ацы шахтæ уыди бельгиаг компанийы бæрны. Боны куыстæн Бадилайæн фыстой 40 къапеччы. Бадилайы куыстмæ йæ хъус чи дардта, уыцы хицау дзы домдта, стыртæй цы домдæуыд, ахæм куыст. Уый бæрцытæ не ‘нтысти лæппуйæн æмæ хицау йемæ фæхыл. Тæккæ æрзæткъахæны йыл Бадила дур ныццавта. Уыцы изæр æй куыстæй асырдтой, мызд ын бафыстой æрмæстдæр иу мæйы фыдæбонæн.

Бадила Чиатурайæ куы ралыгъди, уæд тарсти, куы йæ æрцахсой, уымæй æмæ хæхтæм йæхи айста. 1906 азы та фæзынди сæ хæдзары.

Йæ фынддæсæм азы куы бацыди, уæд ын загътой, ус дын курæм, зæгъгæ. Бадила уæндон лæппу уыди, йæ бартыл сдзурыны ныфсæй дæр фæхайджын æмæ сæ кой дæр нæ уагъта. Лæппу дзырдта: «Мæхæдæг дæр – гæвзыкк, мæ ус дæр уыдзæн гæвзыкк». Фæлæ йæ уыцы ныхæстæ дæр ницыуал акарстой. Натъа сæм æрцыди æртындæсаздзыдæй. Æртæ мæйы куы рацыди сæ чындзæхсæвæй, уæд йæхи фæстæмæ Кутаисмæ айста.

Бадила йæ мысинæгты афтæ загъта: «Æрыгæтты цы уарзт фæбæтты, уымæн æз дæр ницы зыдтон æмæ Натъа дæр. Хæдзары ма иу кусæг фæзына, зæгъгæ, уый тыххæй мын ракурын кодтой ус».

Бадила Тифлисы кусынмæ бацыди инæлар Рахмановмæ, æфснайдта кæрт æмæ уынг. Йæ хистæр æфсымæр Биаслан куыста трактиры хæринаггæнæгæй. Бадила Рахмановмæ фæци æртæ мæйы, уый фæстæ йæ Биаслан райсын кодта уазæгдонмæ цумайы лæппуйæ. Иуахæмы уазæгдонмæ æрбацыдысты инæлар Рахманов æмæ Варварæ Валерьяны чызг Габаева. Сылгоймаг-иу арæх бауади инæлары хæдзармæ, Бадилайы зыдта æмæ йыл ныр бацин кодта, рухсæйдзаг цæстытæй йæм ныккасти æмæ йæ афарста:

– Мæхимæ дæ куы хонин, уæд мæм нæ рацæуис?

Сылгоймаджы зæрдæбын ныхæстæ лæппуйы фæцагайдтой æмæ æнæгуырысхойæ сдзырдта:

– Цæуылнæ, дæумæ бацæуин!

Сылгоймаджы цæсгом бынтондæр ныррухс, ныффæлмæн йæ хъæлæс, лæппуйæн дзырдта, йæ хæдзары удæнцой кæй æвзардзæн, хи бинойнагыл æй кæй нымайдзæн… Иуахæмы лæппуйæн æргомæй загъта:

– Фæнды мæ, цæмæй иумæ цæрæм. Ды мæнæй хъуамæ базонай мады ад. Ахуыр кæнынмæ дæр дæ ратдзынæн. Гъе, æмæ дæм цæмæй хъæбулы номæй дзурон, уый тыххæй дыл хъуамæ дзуар бафтауой, мæ мыггагыл фыст æрцæуай…

Æмæ 1907 азы 15 апрелы райсомы 10 сахатыл Варварæ Валерьяны чызджы къæсæрæй бахызти сауджын. Цоты ад нæ бавзарæг сылгоймаг рахаста сæрмагондæй Бадилайæн хуыд урс сгæллад цухъа, морæ куырæт æмæ, цухъайæ цырыхъхъыты онг цы вæййы, уыдон сегас дæр.

Бадилайы мысинæгты кæсæм: «Нæхимæ аргъуыд уыдтæн, фæлæ сæм афтæ касти, цыма пысылмон дæн æмæ ногæй аргъауын хъæуы».

Уыцы бонæй фæстæмæ Гæджиты Гулайы фырт Бадила ссис Габаев Георги Григорийы фырт.

Цасдæр рæстæджы фæстæ Бадилайы йæ дыккаг мад радта юнкерты скъоламæ, нымад цыди, Японы хæсты чи фæмарди, уыцы булкъоны сидзæр сабийыл. Училищейы ахуыр кодтой чиновникты, афицерты æмæ гуырдзиаг уæздæтты цот. Гуырдзиагау йæ хъуыдытæ æдæрсгæ дзурын йæ бон кæй нæ уыди, уый тыххæй-иу Бадилайыл худæгæй сæхи схастой, былысчъил ыл кодтой, быдзæуы бынаты йæ æвæрдтой. Ахæм рæстæджы-иу трактиры балæууыд йе ‘фсымæры раз. Иуахæмы йын загъта:

– Нал мæ фæнды уыцы скъолайы ахуыр кæнын. Хъазæнхъул мæ сарæзтой.

– Уыцы хъуыды дæ сæрæй аппар, – домаг хъæлæсæй йын дзырдта Биаслан. – Сахуыр кæндзынæ æмæ дæ адæймаг рауайдзæн. Бафæраз сын, æвзаг дæр базондзынæ, ма сæм мæсты кæн.

Æхсæз мæйы рацыди, Бадила училищейы ахуыр кæнын куы байдыдта, уæдæй, афтæ, цы сусæг куыстгæнæг тохгæнджытимæ базонгæ, уыдонæй бирæты æрцахстой. Кæмдæрты ма кæйдæрты кæй ахстой, уыцы хабæрттæ дæр хъуыста Бадила. Сындæггай æмбарын байдыдта, революцион куыстгæнджытæ кæй уыдысты. Сæ фæдыл зылдысты пъæлицæйы кусджытæ. Раст уыцы рæстæг цъистгонд æрцыди тифлисаг æрмæдзты кусджыты растад. Бадилайы зæрдæйы стыр хæрамдзинад райгуырди царды хæрæмттæй. Иуахæмы Биасланы æм-бæлттæ Бадилайы семæ ахуыдтой сæ фембæлдмæ. Загътой йын, æнувыд æмбалыл æй кæй нымайынц. Цард цæмæй снывыл уа æмæ фæллойгæнджытæ хорз цæрой, ууыл кæй у сæ тох, уыдæттæ йын æмбарын кодтой.

Æртæ боны училищейы къæсæрæй нæ бахызти Бадила, фæлæ йæ кæнгæ мадæн уый кой куыд хъуамæ скодтаид. Йæ ног æмбæлттæ йæ карзæй ныффæдзæхстой: кæм вæййы, цытæ фæдзурынц, уыдæтты тыххæй йæ дзыхæй сым дæр куыд никуы ницы схауа… Бадилайы мысинæгты кæсæм: «С тех пор начинается моя революционная деятельность».

1907 азы фæззæджы бонтæй иуы сусæг куыстгæнджытæ цалдæрæй бацыдысты Биасланы уатмæ. Бирæ фæныхæстæ кодтой, уый фæстæ сæ сусæг хъуыды раргом: амарын хъæуы, сæ фæдыл чи зилы, тæссаг сын кæмæй у, ахæм лæджы.

– Хæлттæ æппарæм æмæ дæу дæр нæ нымæцмæ бахастам. Кæй хал схауа, уый бахъæудзæн уыцы лæджы амарын, – загътой Бадилайæн.

Уый фæстæ бон дæр та сæмбæлдысты. Загътой йын: марын кæй хъæуы, уый у Петров, кусы Тифлисы пъæлицæйы сусæг агентæй. Схауди Бадилайы хал.

Æгæрон уæззау рауади йæ хæс: æмбæлтты фæдзæхст куынæ сæххæст кæна, уæд ын йæхи амардзысты. Афтæ домдта сæ закъон.

…Петровы амарыны тыххæй æртæ мæйы фæбадти Бадила Метехы ахæстоны. Уый фæстæ йæ губернийы ахæстонмæ аластой. Тифлисы зылды тæрхондон Бадилайæн рахаста ауындзыны тæрхон. Фæлæ йæ фыд булкъон Габаев Григори Райгуырæн бæстæйы сæраппонд Японы хæсты кæй фæмарди, ноджы ма йæ фыртыл 15 азы дæр кæй нæма сæххæст, уыдæттæ хынцгæйæ йæ Сыбырмæ ахастой. Хъадамантæ йыл бакодтой, афтæмæй тар хъæды дыууæ азы арвыста. Фæлæ зыдта, йæ кæнгæ мад йæ уд дæр кæй ратдзæн, цæмæй йæ ссæрибар кæнын кæна.

Æцæгæй дæр Варварæ Валерьяны чызг æрынцой нал базыдта, цалынмæ йæм йæ иууыл стырдзинад Уæрæсейы император йæхæдæг нæ байхъуыста, уæдмæ. Бадила ссæрибар 1913 азы Уæрæсейы императоры комкоммæ бардзырдмæ гæсгæ. 1913 азы 16 августы Бадила æрхæццæ Петроградмæ йæ мады размæ. Уырдыгæй алыгъдысты Кисловодскмæ.

Бадилайы сæфтыл чи нымадта, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ Гæджийы-фырт Ирыстоны фæзынди æрмæстдæр 1921 азы. Бадилайæн йæхи мысинæгтæм гæсгæ та 1920 азы æрвыст æрцыди Цæгат Кавказмæ 10-æм æфсады сæрмагонд хаймæ Баталпашинскмæ. Уæд ма сæ кæнонтæ кодтой, инæлар Хвостов æмæ булкъон Крым-Шамхаловы æвзæргæнджыты къордтæй чи баззади, уыдон. Бадила тох кодта сæ ныхмæ. Йæ æфсæддон хаимæ ахызти Хъæрæсейыл,  ныддæрæн кодта Осетинов Георгийы æвзæргæнджыты къорды. Уый фæстæ Бадила уыди Георгиевскы 9-æм дивизийы. Цасдæр рæстæджы фæстæ та йæ ногæй арвыстой 10 æфсады сæрмагонд хаймæ. Ам ын йæхи ныхæстæ æрхæссæм: «Работал против полковника Гелиева, Джанаева и других белогвардейцев, оставшихся после разгрома Белой армии».

1918 азы Бадила йæ хæстонтæ æмæ йæ бæрны уæвæг ЧК-йы кусджытимæ æрвыст æрцыди Украинæмæ. Белгородмæ æввахс арæны иу фарс æрфидар сты большевиктæ, иннæ фарс – немыц. Уым Бадилайы къорд баиу Ворошиловы æфсæддонтимæ. Бадила тагъд рæстæгмæ сси батальоны командир. Бадила Цæгат Кавказы 10 æфсады сæрмагонд хаймæ æрвыст æрцыд 1920 азы уалдзæджы. Уыцы аз сси, Джугъелийы гвардионтæй æфхæрд чи æрцыд, уыцы хуссарираг лигъдæтты бартæ хъахъхъæнæг комитеты хицау. Лигъдæтты алы рæттæй ласта Бадила æмæ сын Цæгат Ирыстоны хъæуты бынæттæ кодта. Хуыгаты Доментъи, Плиты Арон æмæ Нартыхты Сосоимæ сарæзта хуссарирыстойнаг лигъдæтты комитет.

Бадилайы мысинæгтæ кæйдæр къухæй фыст æрцыдысты, уыцы рæстæджы йæхæдæг уæззау рынчын уыди. Дзырдта йе ‘гæрон диссаджы трагикон цаутæй дзаг царды хабæрттæ. Къухфыст кæй бар бакодта, уымæ цы цалдæр ныхасы афыста, уым зæгъы: «Товарищ Лоди! Прошу тебя не затрудниться сообщить о полученном материале. Я проверить этот материал не смог. Я очень болен. Лежу в постели».

Бадилайæ уысмы бæрц дæр рох нæ уыди, Гуырдзыстоны ма Ной Жорданияйы меньшевиктæ кæй æлдариуæг кæнынц, Хуссар Ирыстон гæныстон кæй фæкодтой. Æмæ йæ полкимæ атындзыдта  Оны ‘рдæм. Æхсæвы схæцыдысты меньшевиктимæ æмæ сæ Бадилайы хæстонтæ сæ хъæлæсы ахастой. 1921 азы 10 февралы Бадила нысан æрцыд Оны калачы гарнизоны хицауæй. Ам ногæй æрфидар Советон хицаудзинад. Ахæстонæй рауагътой 180 адæймаджы. Бадилайæн æнцой нæ лæвæрдта, Къуыдаргом нырма гуырдзиаг меньшевикты къухы кæй ис, уырдæм маргъ батæхын дæр кæй нæ уæнды. Бадила сæм барвыста: «Кæд уæ нæ фæнды уæ туг ныккæла, уæд уæхи барвæндонæй радтут».

«Мах большевиктæн сæхи дæр æмæ сæ хицаудзинад дæр ницæмæ дарæм! Мах æххæст кæнæм æрмæстдæр Тифлисы бардзырдтæ!» – уыди гвардионты дзуапп. Уæд Бадила йæ хæстонтимæ бамидæг Къуыдаргомы, скуынæг кодта бурнымæтджынты æмæ дарддæр афсæрста Сачхереты ‘рдæм. Цы хъæумæ-иу бахæццæ, уым-иу сног кодта ревкомы куыст æмæ-иу дарддæр афсæрста. Бадилайæн бантыст Кутаис ссæрибар кæнын дæр æмæ йæ ных сарæзта Батуммæ. Фæсæмбисæхсæв Бадилайы хæстонтæ бацахстой Батум. Æмæ ам дæр æрфидар кодтой Советон хицаудзинад, Дивизийы штабы уынаффæмæ гæсгæ Бадила сси Сау денджызы былгæрон уæвæг районты хицау. Ардæм æрцыдысты Орджоникидзе æмæ Куйбышев, зæрдиаг арфæтæ фæкодтой Бадилайæн æмæ йæ схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй.

Гуырдзыстоны ног, ома советон хицауад хъуамæ хуыздæр хæрзты бацыдаид Бадилайæн, фæлæ… Калачы уыди съезд. Меньшевикты базайæццæгтæй чи «сбольшевик» ахæм гуырдзиаг чиновник президиумы ралæууыд æмæ хъаст кæнын райдыдта Бадилайæ: «Габаев кæмдæриддæр ацыди, уым адæм сыдæй мæлынц!» Бадила дын ахæмтæ барста, цы – йæ дамбаца фелвæста æмæ гуырдзиаджы президиуммæ багæрах ласта. Куы йæ æрцахстой, уæд сын равдыста йæ мандат, йæ уæлæ Калинины къухфыст:  «Без ведома Верховного Совета СССР привлекать к ответственности Габаева нельзя». Уæддæр ын, цы æртæ Сырх Тырысайы орден уыд, уыдонæй иу байстой.

Бадилайыл тæфсын райдыдтой йæ хъизæмæрттæ, ногæй фæрынчын – байгомыг. Калоты Зауырбег æй фæхуыдта Мæскуымæ. Йемæ йын арвыстой сæрмагонд дохтыр, дыууæ медицинон хоимæ. Мæскуымæ куы ныххæццæ сты, уæд фыццаг хатт фембæлд Сталинимæ. Схуыссын æй кодтой рынчындоны, операци йын скодтой æмæ сдзырдта.

Бадила амард 1937 азы. Иуæй-иу зонæнтæм гæсгæ йæ мад Санет фæцард 132 азы, æндæр бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ та – 140 азы. Афтæ-иу дзырдта: «Ай диссаг нæу, уый бæрц фæцардтæн æмæ Хуыцауы никуы федтон». Хæдтæхæг-иу куы фæцæйтахт, уæд-иу æй дзуар хуыдта. Бадила куы амард, уæд адæмы фæкæуын кодта, стæй загъта: «Мæ дзидзийы бын нæ амард».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.