21 декабры Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци, кæцымæ хуынд æрцыдысты Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб æмæ милицийы Фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы хистæры хæдивæг Ходты Сергей. Барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ æрдзырдтой азы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй æмæ сдзуапп кодтой журналисты фарстатæн дæр.

Пухаты Мераб райдианы æрдзырдта иумийагæй республикæйы криминагенон уавæры тыххæй, фæнысан кодта органты кусджыты хъæндзинæдтæ æмæ æнтыстытæ.

«Абоны бон нæ республикæйы оперативон уавæр у стабилон. Æмткæй сисгæйæ нæм фаронмæ абаргæйæ фæкъаддæр сты фыдракæндтæ – 127 фарон уыдысты, 119 та ацы аз. Фыдракæндтæн сæ фылдæр хай сты уголовон фæдагуырды хаххыл æмæ сæ раргом кæныны процент схызт 74,1 процентмæ (фарон та 72,9 %). Статистикæ йæ куыд æвдисы, афтæмæй фыдракæндтæн сæ фылдæр хай саразынц æгуыст æмæ ма раздæр ахæстоны чи фæбадт, ахæм æмбæстæгтæ, кæцытыл цæуы 30 азæй уæлæмæ. Ахст ма æрцыдысты 6 адæймаджы, кæцытæ раздæры азты фыдракæндтæ сарæзтой, фæлæ ныры онг æфхæрд нæ баййæфтой. Æнæххæст кары сывæллоны хайадистимæ фыдракæнд нæм æрцыдис æрмæстдæр иу», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

Алы æхсæнады дæр сæйраг проблемæйыл нымад цæуынц наркотикон буарадтæ æмæ милицийы æмбæлон службæтæ дæр ацы хъуыддагмæ сæ хъус уæлдай фылдæр дарынц. 11 мæйы дæргъы наркотиктимæ баст цауты тыххæй тæрхондонмæ æрвыст æрцыд 104 административон материалы. Уыдоны фæдыл баконд æрцыд 22 уголовон хъуыддаджы, – 19 дзы ныридæгæн раргом сты. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ нæм кæй нæй уæззау наркотиктæ – сæ фылдæр хай вæййы гæн, хæрзцъус дзы уыдис «снюс» æмæ «насвай, æмæ ма кæддæрты та алыгъуызон медицинон препараттæ, ахæмтæ, куыд «лирика» æмæ «баклосан». Фæнысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы территорийыл нæ уыдис наркотиктæ уæй кæныны факт.

Иумæйаг информацион-координацион центры архайд

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæн ис æнгом ахастытæ сæ уæрæсейаг коллегæтимæ, уæлдайдæр та Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланиимæ. ИКЦ-йы сырæзты фæстæ уыцы æмгуысткæнынад схызт ноджы уæлдæр æмвæзадмæ. Ныридæгæн уал ахст æрцыдысты æхсæз фыдгæнæджы, кæцытæ бирæ азты дæргъы æмбæхстысты Уæрæсейы. Уыдонæй æртæ ныридæгæн экстрадици æрцыдсты Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй ам дзуапп радтой закъоны раз.

«Фыдгæнджыты бæрндзинадмæ æркæныны куыст иу уысм дæр нæ лæууы милицийы фæдагуырды кусджытæн æмæ сын уыцы хъуыддаджы стыр æххуыс сты ИКЦ. Абоны бон ма нырма 100 адæймагæй фылдæр сты æркæнинаг бæрндзинадмæ, кæцытæ нæ республикæйы территорийыл сарæзтой алыгъуызон фыдракæндтæ æмæ æмбæхсынц фæсарæнты», – фехъусын кодта Пухаты Мераб.

Æнæрегистраци æхсæнгарзы проблемæ

Арæх æмбæлæм ахæм проблемæйыл, куыд æнæзакъонæй æхсæнгарз дарынимæ. Цæмæй æхсæнад æдасдæр уа, уый тыххæй алы æхсæнгарз дæр закъоны фæлгæтты хъæуы регистраци кæнын, уымæн æмæ абоны бон æндæр домæнтæ ис, хæстон рæстæг фæцис æмæ нæ хъæуы сабырад. Мидхъуыддæгты министрад дзыллон информацийы фæрæзты уылты бирæ хæттыты сарæзта сидт республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæм æнæзакъонæй цы æхсæнгæрзтæ æмæ нæмгуытæ ис, уыдон барвæндонæй радтой. Пухаты Мерабы ныхæстæм гæсгæ ацы проблемæйыл æнгомæй кусынц фадыгон инспктортæ æмæ сын æнтыстытæ дæр ис.

«Хæстон архæйдтытæ нæм 2008 азы фесты, фæлæ йæ фæстиуджытыл нырма дæр æмбæлæм. Бынæттон цæрджыты къухты ис бирæ æнæрегистраци æхсæнгарз, кæцы хæссы фыдбылыз. Ныридæгæн нæ арæнтæ хорз хъахъхъæд цæуынц знæгтæй æмæ нæ республикæйы æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн та милици дæр фаг у. Ацы хъуыддаг чи æмбары, ахæмтæ нæм бирæ ис, æмæ разы вæййынц се хсæнгæрзтæ бархийæ раттыныл. Ацы аз нæм æрбахастой 3 автоматы, 3 карабины, 3 цуанон æхсæнгарзы, 2 пистолеты, 2 пулеметы, 1 гранатометы æмæ 4 минмæ ввахс та алыгъуызон калибрты нæмгуытæ», – зæгъы Пухаты Мераб.

Ацы аз ма ист æрцыд ног закъон æхсæнгарзы тыххæй, кæцы, Мидхъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, стыр ахъаз фæуыдзæн цæрджытæн. Ныридæгæн ма Юстицийы министрады бæстонгонд цæуынц дæлзакъонон акттæ æмæ цыбыр рæстæгмæ æрнывыл уыдзæн ацы куыст дæр. Хæхбæсты цæрæм æмæ нæм сырд арæх у, æмæ хъæуты цæрджыты бахъæуы сæхи бахъахъхъæнын. Уымæ гæстгæ не мбæстæгтæй бирæты фæнды закъоны фæлгæтты сæхиуыл æхсæнгæрзтæ сфидар кæнын, стæй ма йын нæмгуытæ дæр æлхæной, фæлæ сын фадат нæ уыд.

Фæндагон æдасдзинад

Статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй шофыртæ фæндагон фæткойтæ халынц арæхдæр – фарон уыдысты 8 884 фæткхалæн цауы, ацы аз та сты 10 158. Ацы хъуыддагæн ис бæрæг аххосæгтæ. Фыццаг уый, æмæ нæм азæй-азмæ кæй фылдæр кæнынц машинæтæ – ныридæгæн нæм регистраци ис 21 265 автотранспорты. Фылдæр машинæтæ кæм уа, уым, кæй зæгъын æй хъæуы, аваритæ дæр арæхдæр цæудзæнис.

Дыккаг та уый, æмæ горæты уынгты хæрзцъус ис машинæ уромæн бынæттæ æмæ ма уынгтæ сæхæдæг дæр сты нарæг. Уый фæстиуæгæн уæлæнгай аваритæ арæх æрцæуы.

Статистикон хыгъдмæ ацы аз хаст æрцыдис 31 фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæмардис 6 адæймаджы ( 2020 азы уыдысты 35 аварийы, 3 адæймаджы дзы фæмардис). Ходты Сергей йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй авариты сæйраг аххосаг вæййы стыр тагъдадæй цæуын.

«Фæндагон фæткойтæ сты тугæй фыст æмæ сæ куы нæ æххæст кæнæм, уæд æнæмæнгæй фыдбылызты хаудзыстæм. Уæлдай курæг дæн ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæттæм ма дæттой машинæттæ, уымæн æмæ нæм арæх æрцæуы ахæм аваритæ дæр», – зæгъы госавтоинспекцийы хистæры хæдивæг.

Мидхъуыддæгты министрад фæндон бахаста, цæмæй фæткхалæг шофырты карздæрæй æфхæрой, ома штрафты суммæ фæфылдæр уа. Уыцы закъон Хицауады сфидар кодтой æмæ йæ арвыстой Парламентмæ. Ходты Сергейы ныхæстæм гæсгæ ног закъоны алы пункты фæткхалæн цауты ивар нæ фылдæр кæны. Зæгъæм, нозтджын шофырæн цы ивар ис, уый афтæ баззайдзæнис, фæлæ стыр тагъдадæй скъæрыны ивар та фæфылдæр уыдзæнис фондз хатты.

 «Æдас горæт»

«Æдас горæты» аппаратон-программон комплекс дæр æвæрд цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадты хсæн Бадзырды фæлгæтты. Ацы комплексы арæзтад дих æрцыдис 3 этапыл æмæ йыл кусын та райдыдтой 2020 азы.

Фыццаг этапы уал æвæрд æрцыдис сервер, ома информаци бæстонгæнæн центр. Ардæм цæудзæнис æппæт райсгæ информаци æмæ уый хынцгæйæ бæлвырд цæудзысты фæткхалджытæ.

Ацы азы кæронмæ бахæццæ дыккаг этап æмæ декабры мæйы кæрон тестон режимы скусдзысты 34 камерæйы. Ныридæгæн ласт æрцыдис æнæмæнгхъæуæг аппаратурæ, уагъд цæуынц сæрмагонд рухсы телтæ æмæ монтажгæнæн куыстытæ. Ног азы райдианы та æрæвналдзысты æртыккаг этапмæ. Æвæрд æрцæудзысты 52 камерæйы горæты уынгты азилæнты.

Цæмæй уыцы аппаратурæимæ кусой бынæттон кусджытæ, уый фæдыл цалдæрæй æрвыст æрцыдысты Уæрæсемæ, цæмæй райсой æмбæлон зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Уæрæсейы цалдæр горæты кусынц ахæм системæтæ æмæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй у эффективон, – бæрæг дзы фæкъаддæр сты фæткхалæн цаутæ æмæ дзы шофыртæ та райдыдтой æдæрсгæ скъæрын.

«Ацы камерæты фæрцы цы фæткалæн цаутæ цæуа бæлвырд, уыдон æрвыст цæудзысты Посты-телеграфон службæмæ æмæ сæ уыдон та æрвитдзысты фæткхалджытæм хæдзæрттæм. Уымæй уæлдай ма камерæтæ кусдзысты онлайн-режимы æмæ исты цауы фæдыл милицийы кусджытæ тагъддæр хæццæ кæндзысты бынатмæ. Фидарæй мæ уырны, ацы комлекс кæй фæахъаз уыдзæн фæткхалæн цаутæ фæкъаддæр кæнынæн», – банысан кодта Пухаты Мераб.

Куыд æвæрд цæуы ведомствойы мидæг фæтк

«Сæйраджыдæр милицийы кусæг хъуамæ уа профессионалон, хæсса бæрндзинад, дзуапп дæтта йæ архайды тыххæй. Нæ куысты ахсджиагдæр хæстæй иу у – фæткхалæн цаутæ ма æруадзын. Ам стыр хæстæ ис æхсæнадон-æдасдзинад хъахъхъæнынады милицийæн, уæлдайдæр та фадыгон инспектортæн. Фадыгон инспектор йæ административон территорийыл раст куы куса, уæд уым фыдракæнд æрцæуыны риск у минималон. Куы æрцæуа, уæд та оперативонæй раргом уыдзæнис», – загъы Пухаты Мераб.

Милицийы кусджытæ ма регуляронæй рацæуынц басгæрстытæ наркотикон буарадтæй спайда кæнын тыххæй. Фыццаг хатт æмткæй ахæм басгæрст рацыдысты 2017 азы. Уый фæстæ 2021 азы райдианы бæстæйы президент Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй та ногæй саразой ахæм процедурæ. Пухаты Мераб куыд фехъусын кодта, афтæмæй наркологон басгæрсты рæстæджы бæлвырд æрцыдысты цыппар адæймаджы, кæцытæ спайда кодтой наркотиктæй, æмæ æрвыст æрцыдысты милицийы кусджыты рæнхъытæй. Уымæй уæлдай ма цалдæр адæймаджы та æрвыст æрцыдысты  куыстæй æндæр фæткхалæн цауты тыххæй. Пухаты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, милицийы кусæджы ном чи чъизи кæны, ахæмæн бынат нæй Мидхъуыддæгты министрады.

«Фæткхалджытæ æмæ фыдгæнджытæ цы митæ кæнынц, уыдон милицийы кусæг дæр куы араза, уæд сæ цы уæлдай ис? Ахæм кусæг хорзæн никæцы куыстуаты уыдзæн. Ахæмтæ худинаг кæнынц милицийы æмæ ма нын къаддæр кæнынц цæрджытимæ æууæнкджын ахаст. Дарддæр дæр ведомствойы мидæг карзæй æфхæрдзысты, дисциплинæ чи халы, уыдоны», – загъта кæронбæттæны Пухаты Мераб.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.