Ныр дыууæ азы бæрц æппæт дунейы æхсæнады минæвæрттæ райдыдтой пайда кæнын, раздæр  цы ныхæстæй нæ пайда кодтой, уыдонæй – пандеми, коронавирус, социалон дистанци æмæ афтæ дарддæр. Æппæт ацы ног ивындзинæдтæ бандæвтой канд медицинæйы уагдæтты кусджытыл нæ, фæлæ æмткæй æхсæнады цардыл. Алы бæстæты сæргълæуджытæ дæр алыгъуызон фæрæзтæ агурынц, исынц цахæмдæр карз мадзæлттæ, цæмæй цæрджыты бахъахъхъæной ног коронавирусон инфекцийæ, кæцытæ комкоммæдæр баст сты адæймаджы карз низæй бахизынимæ. Уæдæ куыд иннæ бæстæты, афтæ ныр фæстаг дыууæ азы бæрц нæ республикæйы къухдариуæгад дæр Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадимæ иумæ æппæтдæр аразынц, цæмæй не ‘мбæстæгты бахизой карз низæй. Хъыгагæн, вæййы афтæ дæр, æмæ медицинæйæн йæ бон нæ вæййы рынчынæн баххуыс кæнын. Ахæм цаутæн фенæн ис ацы карз низы ныхмæ тохгæнгæйæ. Æрвылбон дæр нæ республикæйы ацы низы фæстиуæг рабæрæг кæныны фæдыл уагъд цæуынц иртасæнтæ. Ахæм иртасæнтæ канд нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центры нæ цæуынц уагъд, фæлæ ма нæ районты медицинон уагдæтты дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, районты медицинон уагдæттæ горæтæй дард сты, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр районты сæйраг дохтыртæ сæ медицинон кусджытимæ иумæ ацы низы ныхмæ хъазуатон тох кæнынц æмæ, æппæт уавæртæй дæр пайда кæнгæйæ, архайынц, цæмæй низæй бахизой районты цæрджыты.

КЪУЫДАРГОМ ДÆР ТОХ КÆНЫ СОVID-19 НЫХМÆ

Ныр дыууæ мæйы дæргъы горæт Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульянæ йæ коллегæтимæ æмæ æппæт рынчындоны медицинон кусджытимæ тох кæны карз низы ныхмæ.  Уый нын куыд загъта, афтæмæй Къуыдаргомы ныртæккæ эпидемиологон уавæр стабилон нæу. Фаронимæ абаргæйæ, рынчынты фылдæр хай кæд уыдысты, горæты чи цæры, уыдон, уæд ныртæккæ та сты хъæуты цæрджытæ. «Куыд аивгъуыйгæ азы, афтæ та нæ ныр дæр бахъуыд, коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны сæр. Куыд æндæр рæтты, афтæ махмæ дæр эпидемиологон уавæр у вазыгджын. Ныртæккæ нæм коронавирусон инфекци кæмæн рабæрæг ис, уыдоны нымæц у 47 адæймаджы, уыдоны æдтейæ ма мах Цхинвалмæ цы тесттæ арвыстам, уыдоны ‘хсæн дæр, æвæццæгæн, рабæрæг уыдзæн ацы вирусæй рынчынтæ. Нæ рынчындоны бакодтам сырх зонæ сентябры мæйы, уæд нæм фæзындысты рынчынтæ, куыд зонут, афтæмæй махмæ фарон дæр баконд æрцыд сырх зонæ. Ныртæккæ  уым се ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæныны фæдыл хос кæнынц 17 рынчыны, уыдонæй фондз рынчыны улæфынц туаггуырæй æмæ сæ уавæр домы, цæмæй æппынæдзух уой хъусдарды бын. Сырх зонæйы æвæллайгæйæ кусынц нæ рынчындоны медицинон кусджытæ, сырх зонæ цы уавæртæ домы, уыдонмæ гæсгæ. Уыцы уавæрты уыдон фыццаг хатт нæ кусынц, сæ куысты егъау профессионализм равдыстой, карз низ фыццаг хатт куы фæзынд æмæ йæ куынæ ма зыдтой низы ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы, уæд. Егъау æххуыс ма нын бакæнынц нæ тагъд æххуысы машинæты шофыртæ, уыдон нын фæхæссынц нæ туаггуыры баллонтæ. Туаггуырæй стæм ифтонг, фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центры къухдариуæгадæн, кæцытæ нын стыр æххуыс бакæнынц, куы сæм бахатæм, уæд. Нæ туаггуыры баллонтæ дæр уырдæм аласæм, цæмæй сæ байдзаг кæнæм. Уымæ гæсгæ цухдзинад не ‘ййафæм ацы хъуыддаджы. Тесттæй дæр стæм ифтонг, æрвылбон дæр сæ аразæм æмæ сæ æрвитæм нæ республикæйы санитарон эпидемиологон станцмæ, кæцытæ сæ афойнадыл раиртасынц æмæ нын фæзæгъынц тестты фæстиуджыты тыххæй. Уымæ гæсгæ мæ фæнды раарфæ кæнын нæ республикæйы санитарон эпидемиологон станцы кусджытæн, сæ къухдариуæггæнæг Коцты Маринæйы сæргълæудæй, сæ иузæрдион ахаст æмæ егъау æххуысы тыххæй», – загъта Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтыр.

Уæдæ ацы уæззау уавæрты кусгæйæ, Къуайсайы рынчындоны медицинон пер-сонал æцæгæйдæр, сæ уавæртæ куыд домынц, афтæ, сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, лæггад кæнынц Къуыдаргомы æмбæстæгтæн, уый бæрæг вæййы рынчынты хорз ахаст æмæ хъарм ныхæстæй медицинон кусджыты адресыл.

Цхуырбаты Ульянæ ма нын куыд загъта, афтæмæй ацы вирусæй уæззаудæр рынчынты æрласынц нæ Республикæйы бирæпрофилон медицинон центрмæ, цыран уыдон вæййынц æмбæлон медицинон хъусдарды бын. Уый ма нын загъта, медицинон препараттæй цухдзинад кæй не ‘ййафынц.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.