Лæгæн йæ цард азтæй баргæ нæ вæййы, фæлæ адæмы æхсæн цы ном ныууадзы, уымæй. Зад уыгæрдæн йæ алыхуызон дидинджытæй куыд рæсугъд у, раст афтæ ирон аивады хæзнадон зарæгæй, кафтæй æмæ фæндырдзагъдæй зæрдæагайгæ у. Куы ахъуыды кæнæм,уæд аивады фарныл чи ауды, уыцы арфæйаг адæймæгтæй йæ курдиатмæ гæсгæ иу иннæйы хуызæн кæй нæу, уымæй тынгдæр æлвасы йæхимæ æмæ агайы адæмы зæрдæтæ.

Æцæг курдиатджын адæймаг уæзданæй æмæ кæмдæр нымдæйдæр фæдары йæхи. Раст ахæм чызджытæ  сты дыууæ хо, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ – Гæбæраты Аринæ æмæ Индирæ.

Хотæ сты курдиатæй æмæ уæздандзинадæй æххæст. Аивады сын ис сæхи æрмдзæф æмæ къухайст. Фыдæлтæй нæм цы зарджытæ, мелодитæ æрхæццæ сты, уыдон рæсугъдæй хæссынц адæмы рæгъмæ. Цавæрдæр хъармдзинад бауадзынц адæймаджы зæрдæйы.

Афтæ мæм фæкæсы, цыма аивадимæ баст адæм бынтон æндæр сты сæ удыхъæдæй æмæ сæ уагæй дæр. Аивадимæ баст адæймагæн йæ хъуыдытæ æвзæр никуы уыдзысты. Аивад куыд рæсугъд у, афтæ рæсугъд вæййынц сæ удтæ, зæрдæтæ.

Ацы чызджыты зарджытæ сты æндæр æмæ æндæр темæтыл – бирæвæрсыг, эмоционалон, цардмæ разæнгардгæнæг, зæрдæскъæф сты сæ хъæздыг нывтæй, сæ ирд сурæттæй, цы-быр сюжеттæй æмæ мелодийы æххæстдзинадæй. Æрыгон уæвгæйæ, Ирысто-нæн сæхи бауарзын кодтой сæ хъæлдзæг зарджытæй.

Аивад бæрзонд æмæ тыхджын у, йæ тæгтæ зæрдæйы тæгтау сты, уарзын æмæ æнгом кæнынц адæмты. Аивады арф æвæрд ис адæмы зæрдæ, сæ цин, сæ хъыг, сæ истори, сæ æрвылбоны цардуаг. Æппынфæстаг, аивад адæймаджы кæны удæй хъæздыг, хъомысджындæр, хатт адæймагыл базыртæ базайы æмæ йæ фæфæнды æрмæстдæр хорздзинад тауын.

Хорз зарæг нæ зæронд кæны, æнусты цæры. Махмæ, сыхаг республикæты, кавказæгтæ æмхуызон цы-рен зард кæнынц сæ ритмикæмæ гæсгæ. Фæлæ ирон музыкæ, ирон мелоди æн-дæр у, хицæн. Ирон зарæгæн ис йæхи æнцой, йæхи зæлæвæрд, йæхи хицæндзинад. Иннæ адæмыхæттытæм куы акæсæм, уæд сæ мелодитæ сты иухуызон тагъд, схъиуд, гæпдугъ. Ирон зарджытæй алчидæр йæхи исы уæзбынæй, æнцæйтты бæрзонддзинадмæ. Аринæ æмæ Индирæ уый се взонг удтæй æнкъарынц æмæ архайынц сæ зарæджы сæ уд бавæрыныл, цæмæй райхæла дидинæгау, адæмы зæрдæмæ бахъара, исты фæд ныууадза хъуы-дыйæ, æвæрд мелодийы зæлæй. Хъуамæ иу бонон, чъиуы æууылдау, ма уа. Сæ зарджыты ис цавæрдæр тых, цыма адæймаджы сæ базыртыл сисынц, афтæ… Асыгъдæг кæнынц удрæбын къуымтæ рыст æмæ мастæй, адæймаджы зæрдæмæ хур ныккæсы, æмæ адæймагмæ цæрын æрцæуы.

Нæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй æнтысгæйæ цæуой стыр аивады зын фæндæгтыл, уа сын ноджы фылдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.