Цхинвалы хæрзаивдзинадæй фæстаг рæстæджы адæймаджы зæрдæ кæй рухс кæны, бонæй бон-мæ хуыздæрырдæм кæй ивы, уый бирæ кæнгæ у, æппынæдзух йæ сыгъдæгдзинадыл сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм чи фыдæбон кæны, уыцы намысджын кусджыты аудындзинады фæрцы. Ахæм æвæрццаг ивындзинæдтæй разы сты нæ горæты æмбæстæгтæ æмæ сæ уый тыххæй сты райгонд. Горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæры хæдивæг Джиоты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй хæрзарæзтадон   куыстытæм бавнæлдтой азы райдианы æмæ сын бантыст дзæвгар куыстытæ сæххæст кæнын. «Водоканал»-ы куыстуаты кусджытæ æрæвнæлдтой Сталины, Хъайтарты, Тæболы фырты уынгты хицæн хæдзæрттæм доны хæтæлтæ уадзынмæ æмæ сын бантыст дзæвгар куыстытæ ахицæн кæнын, дарддæр ма сын цы куыстытæ ис бакæнинаг, уыдон та сæххæст кæндзысты ацы æввахс бонты. Светофорты æнæаипп куыстæн ис стыр нысаниуæг, уыдоны фæрцы къаддæр вæййынц  фæткхалыны цаутæ шофырты ‘рдыгæй, хъахъхъæд цæуынц æдасдзинады фæткойтæ æмæ фистæгæй цæуджытæ дæр сæрибарæй ахизынц уынджы иу кæронæй иннæмæ. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, хæдзарады кусджытæ цалцæг кæндзысты светофорты. Æнæмæнгхъæуæг сты уынгты рухсытæ фæхуыздæр кæнын. Хицæн бынæтты æхсæвы уыдон бынтондæр нал фæсудзынц, æндæр рæтты та сæ кæмдæрты хъæуы цалцæг кæнын. Сæ хъусдард здахдзысты æмæ фæткмæ кæндзысты горæты уынгты хицæн бынæттæ, ома, асфальт кæм скалд, уыцы дзыхъхъытæ ногæй кæндзысты хæрзарæзт, афтæ ма бордюртæй, стæй тротуарон плиткæтæй ивинаг чи уа, уыдон дæр ногтæй раивдзысты. А-уалдзæджы хорз бацархайдтой бæлæстæ æхсæдыны куысты дæр, ралыг сын кодтой сæ хус æмæ уæлдай къалиутæ. Иудзырдæй, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты раз бирæ ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыстытæ ис æмæ архайдзысты сæ сæххæст кæныныл.

                                               Хуыбиатыыы Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.